Шофыр-механикы квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй, Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды рæстæгæй-рæстæгмæ саразынц автоалыгъд згъæрварс техникæйæн. Ахæм рæстæджы бакæсынц шофырты арæхстдзинадмæ хæххон фæндæгтыл, талынджы æмæ цæст æвзæр кæм уына, ахæм бынæтты скъæргæйæ. Уымæй уæлдай ма фенынц, згъæрварс транспорты техникон уавæр дæр. ОМОН-ы ахæм сæрмагонд транспортыл нымад у «БТР-80» æмæ та æрæджы, 10 иуæджы араст сты Цхинвал-Дзау-Къуайса маршрутыл.

Фæндагыл цæугæйæ шофыр-механиктæн сæ хистæртæ лæвæрдтой хæслæвæрдтæ æмæ уыдон та, сæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинадæй пайда кæнгæйæ, æххæст кодтой сæ разылæууæг хæстæ экстремалон уавæрты. Бафæлвæрдтой сæ техникæ къуылдымты æмæ адгуыты скъæргæйæ, уынгæг бынæтты бацæуæнты, буксирæй раст куыд пайда кæнын хъæуы, æмæ ма æндæр ахæм маневрты рæстæджы равдыстой сæ дæсныдзинад. Уымæй уæлдай ма, сæ арæхстдзинад  равдыстой колоннæйы цæугæйæ, машинæты ‘хсæн дистанци хъахъхъæдтой, сæ кæрæдзиимæ рацийæ куыд æмбæлы, афтæ ныхас кодтой. Стæй ма цæрæнуæтты ‘хсæн скъæргæйæ ис æмбæлон домæнтæ – хъæуы тагъдад æрныллæг кæнын, цырд маневртæ нал ис гæнæн аразын, – æмæ уыдон дæр æнæмæнг æххæст кæнын хъæуы. Ацы ахуыртæ фылдæр нысанмæздæхт сты æрыгон, æвæлтæрд кусджытæм, цæмæй базонгæ уой реалон уавæртимæ æмæ сæр куы бахъæуа, уæд ма фæтыхсой.

Автоалыгъды рæстæджы ма семæ уыдысты медицинон хайы кусджытæ дæр. Ахæм мадзæлттæ ОМОН-ы уагъд фæцæуынц аз дыууæ кæнæ фылдæр хатты.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.