Спорты хабæрттæ сæ табугæнджытæн чи базонгæ кæны, иу кæнæ иннæ спортсмены раппæлинаг фæстиуджытæ кæй фæрцы фехъусынц, уый фыццаджыдæр у спортивон журналисты æрвылбонон æвæллайгæ куыст æмæ æнтыст. Æцæгдæр, спорты æрцæугæ цаутæм фæхъæуы æдзухон хъусдард здахын, спортсменты размæцыды æнтыстытæ мыхуыры фæрæзтæм фæхæццæ кæнын. Уый ахсджиаг фыдæбон у, æдзухдæр къæрцхъус уæвын æмбæлы, цæмæй фæндаг ссара спортуарзджыты зæрдæмæ, баууæндой йыл æмæ йын уæд кæддæриддæр æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсдзысты йæ ног фембæлдмæ. Æмæ та радон хатт газетты фæрстыл æмæ телеуынынады экранæй спортуарзджытæ базонгæ уыдзысты  спортивон ерысты фæстиуджытимæ. Уыдæтты тыххæй йын кæддæриддæр фæкæнынц арфæтæ, баззайынц дзы бузныгæй.

Куыд æндæр регионты, афтæ нæ республикæйы фæсивæд дæр æмхиц сты спорты хицæн хуызтæм. Уыдон та сты футбол, уæгъдибар хъæбысхæст волейбол, баскетбол, уæззау æмæ рог атлетикæ, шахмæттæ, шашкитæ æмæ æндæртæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæй махмæ дæр арæх фæцæуынц чемпионаттæ, ерыстæ, турниртæ, æмбаладон фембæлдтытæ æмæ æндæр ахæмтæ. Мадзæлттæ уагъд куы фæцæуынц, уæд спортивон журналистæн æдзухдæр йæ хъусдард здæхт вæййы информаци рæстæгыл спортуарзджытæм фæхæццæ кæнын.

Махмæ раздæр азты æмæ абоны бон дæр ис, спортивон цаутæ чи æвдисы, газеткæсджытæ, радиомæхъусджытæ æмæ телеуынынады кæсджытæм сæ чи хæццæ кæны, ахæм журналисттæ. Цæвиттон, раздæр азты нæ газеткæсджытæ æмæ радиомæхъусджытæ æхсызгонæй зонгæ кодтой Бекъойты Георги æмæ Мелкоев Валодяйы æрмæджытимæ. Уыдон бирæ азты æхсызгондзинады æнкъарæнтæй сæ зæрдæтæ рухс кодтой нæ спортуарзджытæн. Уыцы хорз традици дарддæр кæнынц нæ спортивон журналисттæ Хуриты Батрадз æмæ Уалыты Гугули, фыссынц нæ республикæйы спортсментæ æмæ ма ирон сæрæнгуырдтæй æндæр бынæтты йæ спортивон æнтыстытæй цæстæвæрæн чи свæййы, уыдоныл дæр. Дыууæ фæлтæрд æмæ курдиатджын спортивон журналисты сæ уацты æрдзурынц, æндæр æмæ æндæр ерыстæ æмæ чемпионатты чи фесгуыхы, уыдон æнтыстытыл æмæ уымæй барухс кæнынц спортуарзджыты зæрдæтæ. Нæ сæ рох кæны, иу кæнæ иннæ номдзыд спортсмен йæ рæстæджы цы хорз фæд ныууагъта , канд йæ уарзон Ирыстон æмæ йæ иубæстон адæмæн кад æмæ ном чи скодта, фæлæ ма дунейыл дæр йæ ном кæмæн ныхъхъæр, ахæм спорты дæсныты цардвæндагимæ кæсджыты дæр базонгæ кæнын.

Дзæвгар сты, сомбон ныфс кæмæй ба-вæрæм, уæлахизтæ сæ къухты кæмæн æфтдзысты, се нтыстытыл цин кæмæн кæндзыстæм, ахæм спортсментæ. Æмæ та сын сæ уыцы сгуыхтдзинæдтыл разæнгардæй фысдзысты нæ спортивон журналисттæ дæр. Ноджыдæр æнтыс-тытæ  уæнт нæ спортсментæн дæр æмæ нæ спортивон афæлгæсджытæн дæр!

                                                      ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.