Хуссарирыстойнаг самбист Хъуылымбегты Феликс ссис хæстон аивæдты æппæтуæрæсейон фестиваль «Мирный Кавказ»-ы уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Анапайы. Тренертæ Хъотайты Дмитри æмæ Касаты Ацæмæзы хъомылгæнинаг архайдта 79 кг уæзы категорийы. Уый нырма фæуæлахиз Мордовийы минæварыл, æрдæгфиналы æмæ финалы та рамбылдта Краснодары минæвæртты.

«Тынг райгонд стæм Феликсы архайдæй. Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ æрдæгфиналы кæимæ хæцыд, уымæн августы мæйы Налцыччы К. Бабаевы номарæн турниры кæй фæхæрд. Уымæ гæсгæ йæ ныр бафæндыд реванш райсын. Æмæ уыцы хæс æнтыстджынæй сæххæст кодта. Рамбылдта йæ сыгъдæгæй. Тох фæцис 9:0 хыгъдæй», – банысан кодта Хъотайты Дмитри.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.