ЗÆРДÆМÆ  РУДЗЫНГ – ЦÆСТЫТÆ

Зæрдæйы равг зæрдæйæн йæхицæй кæнгæ нæу. Адæймаг цы фондз æнкъарæнæй хайджын у, уæлдайдæр та уынын æмæ хъусынæй, уыдонæй кæнгæ у. Фæлæ дзы уæддæр зæрдæ æмæ цæстытæн цы бастдзинæдтæ ис, уымæн æмбал нæй. Цæстытæ нын уынын кæнынц, нæ алварс цы ис æмæ цытæ цæуы, уыдоны. Цæстытæ сыл сахуыр сты æмæ сæм æдыхстæй кæсынц, æдыхст вæййы зæрдæ дæр. Гъе, фæлæ нæ алфæмблаймæ, нæ цардмæ, нæ кæрæдзиимæ ахастытæм алыхатт æдыхстæй кæсæн нæ вæййы. Цæвиттон, цæстытæ нын фенын кæнынц цины хъуыддæгтæ æмæ зæрдæ цинæй байдзаг вæййы. Уыцы æнкъарæнтæ зæрдæйыл фæстæмæ цæстытæм раздæхынц æмæ цины æрттывд фæкæнынц, алкæмæ, алцæмæ дæр райгæйæ фæкæсынц æмæ, æгæрыстæмæй, цины цæссыгтæ дæр сæ рæбынтæй уадултыл æрхъуызынц.

Уæдæ нæ царды куыннæ бавзарæм хъыгтæ дæр. Бавзарæм чысыл маст, бавзарæм стыр маст дæр. Æмæ уæд зæрдæ йæхицæн бынат нал фæары, йæхи къултыл фæхойы, фæриссы. Уыцы рыст радæтты цæстытæм дæр æмæ йæ мастыл фæкæуынц судзгæ цæссыгтæ калгæйæ.

Адæймагæн алы хатт йæ хъуыдытæ йæхи фæндиаг нæ фæцæуынц, йæ алварс цытæ цæуы, уыдонæй цæмæйдæрты райгонд нæ вæййы – йæ бон сæ рараст кæнын нæ цæуы. Æмæ уæд бакæс ахæмæн йæ цæстытæм. Бакæсдзынæ сыл æнкъард, сагъæсы æнкъарæнтæ æмæ ма дын дæхи дæр ахæм уагмæ æркæндзысты, æнкъард хъуыдытыл дæ бафтаудзысты. Зæгъгæ, зæрдæйы кæмæдæр æнæуынон æнкъарæнтæ æрбынат кодтой æмæ ахæм адæймагыл цæстытæ схæцыдысты, уæд бакæс ды уыдонмæ – фыдæхы цæхæртæ акалынц æмæ æндæр цæмæдæр сæхи кæсæг скæнынц.

Афтæ бирæ æндæр æнкъарæнтæ дæр.

Фæлæ адæймаг алыхатт ахæм æнкъарæнты уацары нæ бахауы. Вæййы афтæ дæр æмæ нæ фондз æнкъарæнæй иу дæр зæрдæйы куы нæ фæтыхсын кæны. Æмæ уæд æдыхстæй йæ æнæрынцой куыст дарддæр фæкæны. Ахæм рæстæджы цæстытæ дæр æрсабыр вæййынц æмæ æдыхстæй фæкæсынц нæ алыварс дунемæ. Сæ иугъæдон касты ницы æнкъарæнтæ рахатдзынæ.

Зæрдæ риуы арф æвæрд у. Фæрсджытæй кауæхгæды мидæг ис рæуджытимæ. Нæ буары хæйттæй сæйраг уый у æмæ æдас ран хъуамæ уа. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ йæхицæн йæ бон нæу, кæй бавзары, уыцы æнкъарæнты æддæмæ равдисын æмæ сæ базонын кæнын. Уыцы хæс сæхимæ райстой цæстытæ æмæ йæ æххæст кæнынц…

АСТÆУККАГ   ФÆЛТÆР

Астæуккаг кар! Бæллиццаджы кар! Дæ размæ акастæ – цæст схæцдзæнис хистæр фæлтæры иу-дыууæ фæлтæрыл уæддæр. Фæстæмæ акастæ – уым та кæстæр кары иу-дыууæ фæлтæрыл.

Диссаг дæ, цард! Адæймаг куы райгуыры, уæд йæ чысыл цæстытæ æппæт фæлтæртыл дæр схæцынц разæй. Куы рахъомыл вæййы æмæ царды йæхи ахстон куы сбийы, кæстæртæ дзы куы фæзыны, уæд фæкæс æмæ йын йæ раздæры бынат бацахсынц, йæхи та йын йæ фæлтæримæ уæлдæр кармæ ассонынц. Рæстæг йæ цыды хай кæны æмæ йын йæ сабибонты бынат чи бацахстой, уыдон дæр рæз схастой æмæ сæхицæн бинонтæ аразыныл сбукъ сты.  Æмæ та сын цы сывæллæттæ фæзынд, уыдон æй ноджы уæлдæр фæлтæры кармæ схизын кодтой.

Ахæм, ома, астæуккаг кары уæвгæйæ, адæймаг бар-æнæбары дæр ахъуыды кæны, сæ разæй йæ кæй систой йæ кæстæрты, уыдоны кæстæрты фæлтæртæ. Фæлæ йæ разæй уымæн дæр нырма хистæр фæлтæртæ ис æмæ сæ, йæ фæстæ цæуæг кæстæр фæлтæртимæ баиу уæвгæйæ, сæ разæй скодтой, къаддæрæй къаддæр сын кæнынц сæ царды бонтæ.

О, хорз у астæуккаг кары уæвын. Дæхи дын размæ сурынц, фæлæ дæхæдæг дæр кæйдæрты дæ разæй сурыс. Æмæ, уадз, æвзонгады куыд уыд, афтæ сыл тынг ма тагъд кæнæд адæймаг – уæддæр сыл йæ бар цæуы. Фæлæ кæддæр æрбалæудзæн рæстæг æмæ йæ разæй кæуыл стагъд кæна, уыдонæй иу дæр нал аззайдзæн. Уый хыгъд йæ фæстæ иууылдæр йæ сурджытæ суыдзысты…

БЫНДУРЗЫЛД   СЫЛГОЙМАДЖЫ  ÆРВЫСТÆГ

Æз æнхъæлмæ кæсын сымахмæ, мæ цардæмбал æмæ мæ хъæбул. О, о, сымах уым ма æнхъæлмæ кæсут мæ ныццыдмæ, æз уæм ам, уæлæуыл æнхъæлмæ кæсдзынæн. О, уый та куыннæ зонын æмæ æз, ам цæргæйæ, мæ къæсæрыл кæй нал æрбалæудзыстут. Фæлæ мæн уырны, æууæндын æмæ цæрын ам, уæлæуыл ахæм ныфсимæ, цæмæй уыл кæмдæр мæ царды кæрон, сымах æмæ ме ‘хсæн арæныл сæмбæлон.

Æз цæуын, тындзын уыцы арæнмæ, æз цæуын уæ размæ…

Кæд мæм, мыййаг, хæцут, мæ зынæргътæ, цæуылнæ, зæгъгæ, фæцыбырдæр кæныс уыцы фембæлдмæ дæрддзæг, фæлæ цы бакæнон, Хуыцау æвдисæн, куыд цыбыр кæнын мæ царды бонтæ, нæ фембæлдмæ фæндаг. Цардыл къух сисын æмæ афтæмæй уæ разы балæууын та а-уæлион царды фæткæн нæ райстой æмæ кæд, мыййаг, уым дæр адæймагæн йæ хорзы гаккыл нымад нæ цæуы, уæд уын уæ хорз нæмттыл къæм куыд абадын кæнон? Æз нæ зонын, цахæм у уым царды фæтк, сымах та мын дзургæ ницы кæнут, æгæрыстæмæй, фынты куы сæмбæлæм æмæ уæ куы фæфæрсын мæ сыгдзыд фæллад цæстытытимæ, уæд дæр.

Нæй æнæ бонæмгъуыд мæлæт. Афтæ дзурынц адæм. Сымахæн, мæ зынæргътæ, уыцы æмгъуыдбонтæ тагъд, тынг тагъд æрбалæууыдысты. Мах хъуамæ иумæ цардаиккам æмæ цардаиккам, фæлæ сымах фæцæуæг стут уырдæм, æз та ам иунæгæй баззадтæн æмæ æнхъæлмæ кæсын ме ‘мгъуыды бонмæ…

О, цы зын уыд уæ фесафын мæнæн! Уыцы рыст бамбардзæн, æрмæстдæр, ме ‘мбисонд кæуыл акодта, уый. Фæлæ мын ноджы зындæр та у нæ фембæлды уысммæ фæндагыл цæуын. Уæддæр ыл цæуын, цæуын… цæмæй не ‘хсæн фæндаг цыбырæй-цыбырдæр кæна æмæ искуы æрцæуа уыцы æнахъæддаджы цины хабар. О, фæлæ… стыр,  æгæрон стыр цины хабар дæр алы хатт  адæймаг не сфæразы, уæлдайдæр та, æвиппайды хабар куы уа, уæд. Мæлынæн цы хъæуы! Уд систай æмæ фæци! Æмæ уысмæн уыцы æгæрон цины аныгъуылын сфæразæн уыдзæн? Мыййаг, уым дæр куы амæлон аргъауы хъайтарау фырцинæй? Фæлæ уым дæр амæлæн ис? Нæ зонын… Куыдфæнды ма уа, æз бафсæддзынæн сымахæн батæ, хъæбыстæ кæнынæй æмæ ме ‘фхæрд уд æнцойад ссардзæн, рæстæгмæ уа, æви тъымы-тъыматæм, уæддæр.

Сымах та, мæ зæрдиæгтæ, цæут мæ размæ. Цæуын, тагъд кæнын уæ размæ æз дæр æмæ хъуамæ сæмбæлæм уым, уæлион цард æмæ мæлæты ‘хсæн арæныл. Дзурынц, удты фембæлд, дам, уæлæрвты ис, бахауынц дзæнæтмæ, гъе та – зындонмæ. Уæ æнаххос удтæ зындонæй хызт уæд, фæлæ куыдфæнды ма уа – æз уыдзынæн уемæ!

НÆЙ РАЗДАХÆН,   РАЗДÆХÆН  РÆСТÆГÆН

Фæзæгъынц, зæгъгæ, алцæмæн дæр райдайæн æмæ кæрон ис. Фæлæ дын ничи зæгъдзæн, рæстæг йæ мидбынаты кæд райдыдта змæлын æмæ дугъон бæхау размæ кæд феггуырст, гъе та йе ‘рлæууæн бынат кæм æмæ кæд уыдзæн. Æмæ нæ тыгъдады йемæ скъæфы, скъæфы размæ.

Рæстæг, нæ æмбарынадмæ гæсгæ, у æнусон. Кæд æцæгæй афтæ нæу, уæддæр æй ахæмыл нымайæм. Нæ цыбыр царды нæ бæрцыл зондæй махæн акæсæн нæй  нæдæр нæ райдианмæ æмæ нæдæр нæ кæронмæ.

Рæстæг алкæмæ дæр, алцæмæ дæр æххæссы æмæ йыл æндавы, æгæрыстæмæй, æгас дунескондыл дæр. Æмæ кæд алцы дæр дунескæнæг сфæлдыста, уæддæр сæ рæстæгæн та йæ бар бакодта æмæ сæ йемæ скъæфы размæ, алцæмæ дæр æдзух ивындзинæдтæ хæсгæйæ. Стъалытæй нæм чи зынынц, уыдон сæ æдзухон змæлды  ивынц æмæ абон сты, цавæр сты, ахæм. Иутæ дзы бынтондæр фесæфынц, æндæртæ сæвзæрынц, уæдæ дзæгъæл кометæтæ, метеориттæ дæр куыннæ сæмбæлынц Зæххыл.

Рæстæг ивы махæн нæхи дæр. Æгæрыстæмæй, æрдæбон, чысыл раздæр, цахæм уыдыстæм, ахæм нал стæм ныртæккæ. Рæзинаг чи у, уымæн йæ буары чырæгтæ фæфылдæр вæййынц, йæ ас кæд сантиметртæ, миллиметртæ нæ фæфылдæр вæййы, уæддæр миллиметры кæцыдæр хай, уадз йæ мин, милуанæм хай дæр уæд, уæддæр фæфылдæр вæййы. Афтæ – уæз дæр. Йæ царды хурхæтæны чи вæййы, уымæн дæр йæ цардуагмæ гæсгæ, ивы алцы дæр – кæмæн фылдæрбæрцæй, кæмæн – къаддæрбæрцæй. Ивынц сæрыхъуынтæ сæ хуыз, ивынц хæцъæфтæ, уæнгтæ сæ бакаст. Иутæн хæцъæфтæ фидардæр кæнынц, кæмæндæр та сæ гуыбынтæ стыр кæнын райдайынц. Афтæ у, царды худæн ницæуыл ис…

Цы загъдæуа, царды хур ныгуылæны ‘рдæм кæмæн æввахс кæны, уыдонæй та? Уыдон дæр ивынц, уæдæ, цы! Буары чырæгтæ къаддæрæй-къаддæр кæнынц, фыдтæ тайынц. Цæмæдæр гæсгæ, нæ къаддæр кæны æрмæстдæр цармы фæзуат æмæ сыхуылтæй буарыл æрзæбултæ вæййы. Æниу, цæмæдæр гæсгæ цæмæн? Царм у нæ буары нын æддаг дунейы алыгъуызон фыдбылызтæй  бахизыны уарт. Алы цæф дæр уый райсы йæхимæ, цæмæй нын, кæй æмбæрзы æмæ кæй хъахъхъæны, нæ уыцы буары мидæггаг хæйтты цъиуджын каркау хъахъхъæна.  Æгæрыстæмæй, йæхæдæг дæр куы базæронд, куы сдæрзæг вæййы æмæ куы æрзæбултæ вæййы нæ уæлæ, уæд дæр.

Рæстæг ивы алцы дæр. Бæласы дæр, сырды дæр, Зæххы уæлцъары дæр, æгæрыстæмæй, дойнаг дуры дæр…

А-зæххыл æнусон ницы ис рæстæгæй дарддæр. Йæ бар цæуылдæриддæр цæуы – иууылдæр рæстæгмæ сты. Æрмæст ивæнтæ кæнынц æмæ нæ мæлынц. Ивы, кæд тагъд нæ, уæддæр дун-дунейы сконд. Ивæм, куыд ма загътам, афтæмæй мах нæхæдæг дæр нæ Мад-Зæххимæ. Уымæн ма ирд бæлвырдгæнæн – адæймаг йæ историйы цы фæндагыл рацыд, уый. Зæгъынц, зæгъгæ, раздæр маймулитæ уыдыстæм. Стæй сæ фæхицæн стæм, сраст кодтам нæ астæутæ, слæууыдыстæм дыууæ къахыл. Æмæ сæвзæрд фарст: цы фæуой раззаг дыууæ къахы та? Æмæ уыдонæн дæр ссардтой куыст. Нæ рæзгæ зонды руаджы. Æмæ абон хорзæй дæр æмæ фыдбылызæй дæр цы аразæм, уый – нæ зонд æмæ нæ къухты руаджы. Къахæй та цæуæм иу ранæй иннæ ранмæ æмæ йын уыцы куыст дæр исынц алыгъуызон транспортон фæрæзтæ…

Мах уыцы дард дугæй абонмæ æркодта рæстæг. Æнусон рæстæг. Гъе, фæлæ диссаг. Цы уæвы а-дунейы, дунесконды, уыдон сæхæдæг æнусон не сты æмæ сæ царды кæрон, фæуæн кæмæн нæй, уыцы рæстæг цы хъуамæ фæуа? Æмæ Дунескæнæг аскъуыддзаг кодта уыцы фарст дæр. Райгуырд  кæм ис, уым мæлæт, царды кæрон дæр кæй ис,  уымæ гæсгæ иуы цард ивы æндæры, йæхи æнгæсы цардæй. Æмæ алчи дæр, алцы дæр йæхицæй гуырын кæны йæхи æнгæстæ. Алы хуыз уæвæгойæн дæр – йæхи царды æмгъуыд. Йæ фæстæ цард адарддæр кæнынц æндæртæ. Æмæ рæстæгау, адæймаджы цард, дунейы уæвынад дæр рауайы æнусон.

Адæймаг хиуарзон, эгоист у. Бафæнды йæ, цæмæй бирæ, бирæ фæцæра, уæлдайдæр та – йе ‘взонгады. Æвзонгад, кæй зæгъын æй хъæуы, райдзаст, хъæлдзæг, уæнгдых дуг у. Фæлæ куыд фæзæгъынц, адæймаг, дам, дзул æмæ мыдæй дæр фæлмæцы. Зæгъгæ, æвзонджы бонтæ аххæссыдысты зæронды кармæ, уæд адæймаг не сфæлмæцид æвзонгады хорздзинæдтæй, абухгæ цардæй, разæй дын Дунескæнæг дæ размæ уæлдай хорздзинæдтæ  куы нал хæсса, уæд? Ахъуыдыйаг фарст у.

Уæдæ хъæцын, аргъ кæнын хъæуы, рæстæг нæ йемæ цы сабидуг, æвзонгад, æмæ зæры бонтыл скъæфы, уыдонæн. Алы бон, алы сахат, алы минутæн дæр. Нæхи аххосæй сын арæх мах нæ фæаргъ кæнæм æмæ кæмдæр, нæ царды кæрон, фæдзурæм: гъехх, рæстæгæн раздахæн куы уаид, уæд мæ цард æндæр уагыл акæнин.

Фæлæ байрæджы вæййы – рæстæг æрмæстдæр размæ цæуы.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.