Ныр дыккаг хатт райстон мæ къухмæ Хъæцмæзты Азæйы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Фыды фарн». Дыккаг хатт уымæн, æмæ йæ фыццаг хатт куы райдыдтон кæсын, уæд мæ зæрдæ не сфæрæзта уыйæппæт æнкъарæнтæ, æмæ уал æй иуварс фæуагътон.

Кæсын æй ныр дæр, æмæ та зæрдæйы уидæгтæм нывналынц, ирон сылгоймаджы æнкъараг зæрдæйы æрæджиау чи райгуырд, ахæм диссаджы тæмæнтæ. Æрæджиау уымæн, æмæ Хъæцмæзты Азæ астæуккаг кардзыдæй æрæвнæлдта æмдзæвгæтæ фыссынмæ. Адæм та ахæм хъуыдыйыл хæст сты, ома, поэт æвзонгæй вæййы ирд æмæ æнкъарæнтæй дзаг, стæй æрнымæг вæййы йæ курдиаты цæхæр. Фæлæ адæм цы зæгъынц æмæ куыд хъуыды кæнынц, уый фылдæр хатт Хуыцау æнауæрдонæй апырх кæны. Уымæн æвдисæн у, Хъæцмæзты Азæ цы диссаджы арф хъуыды æмæ ирд æнкъарæнты хицау у, уый.

Кæсын ын йе ‘мдзæвгæ «Лæгбарæн»-ы:

…Скæн-иу ызнагæн дæр раст тæрхон.

Де ‘гъдау, дæ ахаст мæсыгамад. –

Афтæ, дæ рынтæ дын бахæрон.

Райдианæй дæр æмдзæвгæ йемыдзаг у алыгъуызон хорз зондамындтæ æмæ фæдзæхс-тытæй. Адæймаг æвиппайды банкъары, ацы сылгоймагæн йæ зæрдæйы рæбынæй ратæдзгæ ныхасы æцæг фыдæлты фарн кæй æрцарди. Æрмæстдæр куырыхон æмæ фенæг адæймаг рæхсы йæ кæстæрæн афтæ фæлмæн æмæ уарзæгойæ зонд бацамонынмæ.

Дарддæр кæсын:

Рохæй зайдзæн, ме ‘фсымæр, дæ зарæг.

Басадз-ма дæ саулохæн цæфхæдтæ.

Хохæй мæм куынал цæуай ды уазæг,

Уæд ды зон, мæ царды æз æфхæрд дæн…

Лирикон хъайтар хъыг кæны йе ‘фсымæры сæфтыл. Нал ын ис ныфс уый фæстæ. Æрмæст ма йæ зæрдæ цæмæй истæуыл фæхæца, уый тыххæй фæстагмæ зæгъы:

Уæлхъæу судздзæн бурбазыр сæуæхсид,

Хъугомы та ног талатæ сзайдзæн.

Искуы мæн дæ кæстæр кæд æрфæрсид, –

Хохæй мæм дæ бæсты уый æруайдзæн…

Царды фæлгъуызтæ æцæг чи басгæрста, уый йын зоны æрмæст, йæ хуызивæнтæ, æмæ æрмæст уымæн вæййынц фатау раст йæ фиппаинæгтæ: «Хъугомы та ног талатæ сзайдзæн», зæгъгæ, цæмæй зæгъай, уый тыххæй хъуамæ бафиппайай, афæдзæй афæдзмæ æрдз куыд тынг фæивы, хуымты ног талатæ куыд æнæнхъæлæджы бахъомыл вæййынц. Уый у, æрдз чи уарзы, ахæм зæрдæйы миниуæг, æндæр иубонон цард чи кæны, уымæн уыцы диссæгтæ ницы хъауджыдæр сты.

Рохуаты нæ баззадысты Хъæцмæзты Азæйæ Ирыстоны, нæ Фыдыбæстæйы хæсты хъизæмæрттæ дæр. Уымæн йæ удыл афтæ стыр тæлм ныууагътой, æмæ зæгъы: «Хæст мын аивта м’ ахуыр, мæ ахаст…». Зæрдæ дзы фæрыст, фæхъæстæ. Лирикон хъайтар æргомзæрдæ у, æмæ сæтты йæ уды хъуагдзинадыл: «Æз хъысмæтæн йæ фыдгæнд нæ барын: Дзурын, курын, мæ кувинаг хъарын». Уымæ ис, нæ уды фарнæн ахсджиагдæр цы у, уый тыххæй куырдиат: «… ногæй мын бацамон уарзын…».

Чиныджы автор, мæнмæ гæсгæ, æгæр тынг хъыг кæны йæ уарзты сæфтыл, уымæн æмæ йæ райгуырæн бæстæмæ, йæ адæммæ, йе ‘ввахс адæймæгтæм цы хъарм зæрдæ дары, уый йе ‘мдзæвгæты хурæнбæрæг фæвæййы. Уыдон бакæсгæйæ адæймаджы зæрдæ царвау атайы, атæфсы. Куыннæ хъуамæ æркæла цæссыг мæнæ ахæм рæнхъытæ бакæсгæйæ:

… Мæнæ рæхджы кæд нæ дихтæ Ир баиу уа,

Ногæй нæ паддзахад сæндидза кæд.

Иры мæлгъæвзаг та дунейыл айзæла,

Рагбонты арæнтыл ‘рттива йæ фæд.

 

Искуы кæд ног хабар ‘хсызгонæй хъусгæйæ,

Сау мигъы тарæй дæ сау фæсмон гуырд –

‘Рыздæх-иу ‘нæмæнг дæ Ирмæ æдæрсгæйæ –

Ир та йæ сæфтæн ыскæндзæни куывд.

Автор сиды фæсарæны цæрæг ирон адæймагмæ. Уый йын фæлмас уайдзæфы хуызы зæгъы, «Чизоны искуы фæсарæн цæргæйæ Калай æцæгæлон ‘взагыл дæ хид…». Ома, «æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ æхсныфæй ныуазынц мæ туг» – афтæ райхъуысы адæймагмæ ацы рæнхъытæй, æцæгæлон зæххыл йæ бæстæ уарзгæйæ рагæй фæстæмæ чи хъæрзыдта æмæ абон дæр чи хъæрзы, уыдон иумæйаг йеусар Къостайы пехуымпар рæнхъыты хуызы.

Йæ бирæ сагъæстæ æмæ æнкъараг зæрдæйы хъизæмæрттæй йæ хатт йæхимæ дæр равдæлы, æмæ уæд фæзæгъы:

Мæ цард фæхæцы хатт æрдуйыл,

Мæ зæрдæ – бамынæгæввонг.

Зынг дæр ма бафтауы мæ удыл.

Хуыцау фæлвары мæн ныронг…

Автор, бæлвырд не ‘мбары, Хуыцау æй æнæхъуаджы кæй нæ фæлвары, уымæн æмæ йæ куы зонид, уæд йæ артуадзгæ рæнхъытæ кæцæй цæуынц, уый дæр ын æнæзынд нæ уаид. Хъæцмæзты Азæйы курдиат ирд æмæ хæдбындур кæй у, ууыл нæма æууæнды. Æмæ уый иттæг хорз у. Уадз æмæ æдзухдæр уа йе сфæлдыстады агурæнты фæндагыл, æцæг аивад та сфæлдыстадон хъуырдухæнты райгуыры. Адæймаг йæхи куы фены сæрбæрзонды айдæны, уæд йæ курдиат дæр фæкъуыхцы вæййы. Æцæг курдиатджын адæймаг та хъуамæ ма баууæнда адæмы æппæлæн ныхæстыл. Пушкин кæддæр афтæ фыста: «Поэт, не дорожи любовию народной. Восторженных похвал пройдет минутный шум. Услышишь суд глупца, и смех толпы холодной, А ты останься тверд, спокоен и угрюм».

Дарддæр йе ‘нæхин зæрдæйæ автор дарддæр фыссы:

…О цард, æгъгъæд мын уæд дæ митæ.

Æнцой мын бауарзæд дæ цæст.

Мæ уды пырх æмæ хъæдхъиутæй

Дæ уд нæ уыдзæни ыссæст?

Бæрæг нæу, автор «цард» кæй хоны. Чизоны, йæ раттæг Хуыцаумæ сиды, уымæн æмæ йæ хъуыды тынг бæлвырд у, ома, æз æмæ ды æмбаст стæм, нæ удтæ æттæгмидæг ауадысты, дæуæй раскъуыйгæ уд дæн, зæгъгæ. Боныфæстагмæ, уый авторæн йæхи бар у, йæ сусæг фæлгондзтæм ын нæ ныхилдзыстæм, фæлæ диссаг у æндæр хабар: кæцæй æвгæны автор уыйбæрц арф хъуыдытæ, æнкъарæнтæ æмæ фæлгæндзтæ? Йæ дзырдты къæбиц дзаг у, рæнхъыты йын цыма фаг бынат дæр нæ вæййы, афтæ кæсы адæймагмæ.

Æвæццæгæн, ацы поэты сфæлдыстады тыххæй бирæ зæгъинæгтæ уыдзæн нырæй фæстæмæ дæр, фæлæ ма мæн фæнды ахæм хъуыды зæгъын, ома, Хъæцмæзты Азæ у ахæм поэт, кæцы дзуры ирон куырыхон сылгоймæгты зæрдæты рæбынæй, хъарæджы хуызы, æви зарæджы, уæддæр йæ дзырдыгъæд вæййы адæмон удыхъæды тæвагæй хайджын.

Раст зæгъгæйæ, поэтæй хорз зæгъай, уый æнцон хъуыддаг нæу. Фæлæ зæрдæ зондмæ куынал байхъуса, уæд та йын æнæзæгъгæ нал вæййы. Уыйадыл мах нæ хистæр æмсис хойæн зæгъæм: Рæствæндаг у! Пушкины фæдзæхст дæ рох макуы уæд!..

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.