Знон, 3-æм августы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны фысджыты цæдисы рабадт, сфæлдыстадон баиугæнды сæргълæууæг Хъазиты Мелитоны сæрдариуæгадæй. Фысджыты цæдисы уæнгтæ æрæмбырд сты литературон журнал «Фидиуæг»-ы ног сæйраг редактор сæвзарыны тыххæй.

Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг рæстæджы цардæй ахицæн сты хуссарирыстойнаг культурæ æмæ зонады зынгæ архайджытæй цалдæр — Ходы Камал, Хъодзаты Æхсар, Соттиты Риммæ, афтæ ма ацы аз майы мæйы цардæй ахицæн зынгæ фыссæг, «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор Хъодалаты Герсан. Хъазийы фырт бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссарой сæ раздæры коллегæты рухс нæмттæ. Уый фæстæ загъта: «Махмæ ис бирæ курдиатджын фысджытæ, кæцытæ сты ацы бынат бацахсыны аккаг. Мæн фæнды, цæмæй лæмбынæг ахъуыды кæнат æмæ равзарат уыцы адæймаджы, кæцыйæн йæ бон суыдзæн ирон журналы хæрзиуæгæн бакусын».

Журналы сæйраг редакторы бынатмæ бавдыст æрцыдысты æртæ кандидатурæйы — Гæбæраты Юри, Остъаты Алан æмæ Годжыцаты Нелли. Сусæг хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн иууыл фылдæр хъæлæстæ æрæмбырд кодта Годжыцаты Нелли, кæцыйы тыххæй схъæлæс кодтой цæдисы дæс уæнджы, Гæбæраты Юрийы кандидатурæйы тыххæй — 4 адæймаджы æмæ Остъаты Аланы тыххæй та — 2 адæймаджы.

Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон кæройнаг хатдзæгтæ нæ сарæзта хъæлæсæппæрстæн, кæцыйы фæстæ æмбырд фæцис æнæофициалон хатдзæгтæй.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.