Аивгъуыйгæ азы РХИ-йы Парламенты бюджет æмæ хъалонты комитет цы куыст бакодта, уый тыххæй радзырдта йæ сæрдар Коцты Жаннæ. Уый куыд загъта, афтæмæй комитет йæ архайды уæлдай хъусдард здæхта бюджетон сферæйы кусджыты куыстмызд фæфылдæр кæнын æмæ социалон ахсджиаг проекттæн æхцайы фæрæзты хæрдзтæ фæфылдæр кæныны фарстатæм.

2018 азæн фæстиуджытæ аразгæйæ, уый банысан кодта, уыцы рæстæгмæ Комитет кæй ауагъта 12 рабадты, цыран æруынаффæ кодтой 18 фарстайыл, кæцытæ уый фæстæ хаст æрцыдсты РХИ-йы Парламентмæ уынаффæ кæнынмæ. Комитет ма сарæзта алыгъуызон закъоны проекттæн 15 финансон-экономикон хатдзæджы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Комитеты архайды ахсджиаг фарстатæ сты Республикæйы бюджетимæ баст фарстатæ.

«Паддзахадон бюджетмæ æркæсын æмæ йæм ивындзинæдтæ бахæссыны рæстæджы Комитеты уæнгтæ уæлдай хъусдард здахынц бюджетон сферæйы кусджытæн кустмыздтæ фæфылдæр кæныны фæдыл, ахæмтæм, кæцытæ здæхт сты социалон ахсджиаг фадыджы фарстатæм æмæ æмбæстæгты куырдиæттæ æвзарынмæ», – загъта Коцты чызг.

2018 азы комитет депутатон корпусмæ уынаффæ кæнынмæ цы закъоны проекттæ рахаста, уыдоны æхсæн Коцты чызг рахицæн кодта «РХИ-йы Хъалонты кодексы дыккаг хай архайдмæ бакæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 1 статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъон.

«Ацы закъон райсыны фæстæ, паддзахадон фиддонтæ, кæцытæ ист цæуынц æмбæстæгтæй, паддзахадон органтæм, бынæттон хæдразамынады органтæм æмæ æндæртæм бахатыны рæстæджы нæ фæфылдæр уыдзысты 2021 азмæ», – загъта уый.

Традицион культурæ æмæ адæмон æрмгуыст райрæзын кæныны ахсджиаг нысаниуæг ис æндæр закъоны проектæн  «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы 221-æм статьяйы дыккаг хаймæ ивындзинæдтæ бахсыны тыххæй».

Комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ закъоны проект здæхт у амалиуæгадон архайд чи райдыдта, уыдонæн баххуыс кæнынмæ, кæцытæ архайынц тардицион æмæ нырыккон адæмон аивадон æрмгуыст райрæзын кæнын æмæ бахъахъхъæныныл.

«Ацы закъоны райст ахъаз кæндзæн, традицон аивад чи парахат кæны, уыцы райдайгæ амалиуæггæнджытæн базары æр-бæстон уæвынæн», – загъта Коцты чызг.

Уый банысан кодта ацы закъоны проектмæ кæй æркастысты Комитеты, Парламенты Президиумы рабадты æмæ æрвыст æрцыд РХИ-йы Хицаудмæ хатдзæгтæ саразыны тыххæй.

Бюджеты æмæ хъалонты комитет кæй бацæттæ кодта, æмæ 2018 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент кæй райста, ахæм закъоны проекттæ уыдысты: «2018 азы РХИ-йы Паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъон, «2017 азы РХИ-йы Паддзахадон бюджет сæххæст кæныны тыххæй», РХИ-йы Закъон, «2019 азы Пенсион фонды бюджеты тыххæй» РХИ-йы Закъон, «2019 азы РХИ-йы Паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы Закъон æмæ бирæ æндæртæ.

Комитеты Сæрдар ма радзырдта республикæйы финансты министрадимæ парламентариты æмархайдыл.

«Банысан кæнын хъæуы, Комиеты инициативæмæ гæсгæ, финансты министардимæ иумæ кæй фæуд кæны РХИ-йы Бюджетон кодексыл куыст, кæцы бæрæг кæны РХИ-йы бюджетон закъондзинады иумæйаг принциптæ, Республикæйы бюджетон системæ æххæст кæнын æмæ организаци кæнын, бюджетон барадон ахастыты субъектты барадон уагæвæрд, бæрæг кæны бюджетон процессы бындуртæ æмæ æхсæнбюджетон ахастытæ, афтæ ма бæрндзинады хуызтæ æмæ бындуртæ бюджетон закъондзинад фехалыны тыххæй. Афтæмæй иу документмæ хаст æрцæудзысты бюджетон фадыджы закъондæттæн акттæ», – загъта комитеты сæргълæууæг.

Закъонсфæлдыстадон архайдæй дарддæр ма, Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитет иу азы дæргъы активонæй куыста æв-зарджыты фыстæджытæ æмæ куырдиæттыл, регулярон æгъдауæй истой æмбæстæгты сæхимæ.

Куыд банысан кодта, афтæмæй фыстæджытæм æркæсыны фæстæ, уыдон хъæуæг министрадтæм æмæ ведомствотæм æрвыст цыдысты æнæмæнгхъæуæг æххуыс бакæныны тыххæй.

«Уыдоны æвæрд цыдысты ахæм фарстатæ, куыд материалон æххуыс рахицæн кæнын инвалид фыдмæ кæсыны тыххæй, куыстмызды иу хай æнæзакъононæй бауромын, бангон фадыджы фарстатæ æмæ æндæртæ. Куырдиæттæн сæ иу хай ис комитеты контролы бын æмæ уыцы фарстатæ аскъуыддзаг кæнын адарддæр уыдзæнис 2019 азы», – загъта парламентари.

Коцты Жаннæ ма банысан кодта, Комитеты уæнгтæ активон хайад кæй исынц республикæйы æхсæнадон царды.

«Нæ комитет инвалидтæн бацæттæ кодта æмæ ауагъта мадзал «Жизнь без преград». Уыдонæн уагъд æрцыд концерт, кæцыйы фæстæ сын бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ», – загъта Коцты Жаннæ.

Уымæй уæлдай ма парламентон комитеты сæргълæууæг Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды хайад райста алыгъуызон æхсæ-надæмон мадзæлтты.

Сæйраджыдæр, Коцты чызг хайад райста Евразиаг сылгоймæгты дыккаг форумы, кæцы у нырыккон æхсæнады сылгоймаджы нысаниуæгыл уынаффæ кæныны стырдæр авторитетон æхсæнадæмон фæзуат.

Форумы организатортæ сты УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Совет æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæлæрады паддзахадархайджыты Æхсæнпарламентон ассамблей.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.