Ацы аз Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ Стыр Уæлахизыл 75 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон парадмæ кастысты сæ цæрæн хæдзæртты раз. Ахæм уынаффæ райста бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ уыцы кадджын хъуыддаг бахæс æрцыд Хъахъхъæнынады министрадæн, цæмæй алкæцы ветераны номыл дæр чысыл парадтæ Уæлахизы бонмæ уагъд æрцæуой, сæрмагондæй, сæ цæрæн хæдзæртты раз.

Чысыл парадты хайад райстой Хъахъхъæнынады министрады æмæ сæрмагонд нысаниуæджы батальоны тырысахæссæг къордтæ, цытджын караулы ротæйы, сæрмагонд нысаниуæджы батальоны, ахуыргæнæн ротæ æмæ æхсæг бригадæйы парадон дæлхæйттæ. Цытджын мадзæлтты ма хайад истой æфсæддон техникæ æмæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æмæ 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы баиугонд æфсæддон оркестртæ.

 Нысаниуæгджын мадзалы хайад райстой республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Ветеранты советы минæвæрттæ.

Традицимæ гæсгæ, Стыр Уæлахизы цытæн æфсæддон парад бæстæйы сæргълæууæг райсы. Фæлæ ацы хатт афтæ нæ уыд – парад истой  Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ сæхæдæг. Уыцы ветерантæй сæ иу – Цоциты Амиран цæры нæ горæты Октябры номыл уынджы. Ветераны кадæн чысыл æфсæддон парад уагъд æрцыд йæ хæдзары раз. Уый стыр æхсызгонæй каст æфсæддон парадмæ, дзырдта, зæгъгæ,  уый у диссаджы хъуыддаг, æмæ ацы кадджын мадзал баззайдзæн Ирыстоны азфысты. Бузныг загъта, чи йæ сорганизаци кодта, уыдонæн, республикæйы къухдариуæгадæн, се стыр хъусдард æмæ æхсызгон лæвары тыххæй.

Уымæй дарддæр ма уыцы бон сæрмагондæй, Кокойты Григори æмæ Къусраты Ильяйы номыл уагъд æрцыд чысыл æфсæддон парадтæ нæ горæты Мамсырайы фырты уынджы.

Къусраты Илья парад иста бæстæйы сæргълæууæг æмæ иннæ официалон хайадисджыты фарсмæ лæугæйæ. Фæлæ иннæ ветеран Кокойты Григорийæн йе ‘нæниздзинадмæ  гæсгæ фадат нæ фæцис парад райсын. Хæдзармæ йæм Стыр Уæлахизы боны цытæн арфæ кæнынмæ бацыд бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

Уыцы бон ма æфсæддон парад уагъд æрцыд нæ горæты Æфсæнвæндаджы уынгыл ветеран Æлборты Евгенияйы номыл.

Дыккаг бон дæр ахæм парадтæ уагъд æрцыд Гаглойты Рутены уынгыл Къудухты Ефросиняйы номыл, Калинины уынгыл Магкоты Соняйы номыл æмæ Дмитровы уынгыл та Тедеты Никъалайы номыл.

Ветеранты номыл хæстон темæйыл фыст зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ кастысты скъоладзаутæ. Саппиты Залинæ, Джиоты Сослан та сæххæст кодтой цалдæр хæстон зарæджы.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæй алкæмæдæр Президент Бибылты Анатоли арфæ кæнынмæ афтид армæй нæ бацыд. 1941-45 азты хæсты уæлахизыл цал азы сæххæст, уал мин сомы бæрц финансон фæрæзтæ æмæ сæрмагонд лæвæрттимæ зæрдиаг арфæ кодта, 75 азы размæйы алы уæлахизхæссæгæн дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы парадмæ сæхи иттæг хорз цæттæ кодтой Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйттæ. Уыдон цæттæдзинадмæ йæ хъус дардта министр Гассеты Ибрагим.

Уæдæ кæд нæ республикæйы территорийыл дæр пандеми йæ дæрзæг арм æрæвæрдта, уæд-дæр бæстæйы къухдариуæгад æмбæлон кад æмæ аргъ скодта, йæ рæстæджы адæймагады историйы иууыл тугуарæн æмæ æгъатыр дæр хæсты быдыры æгæрон хъайтардзинад, хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады цæвиттон цы ирон лæппутæ æвдыстой, нæ абоны уыцы кадджын ветерантæн.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.