Республикæ расидыны боныл 31 азы сæххæсты цытæн 20 сентябры нæ горæты Театралон фæзуаты уагъд æрцыд бæрæгбонон парад. 

Парады хайад райстой Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ Бекъойты Геннади æмæ Тадтаты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæcейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов. Цытджын трибунæйæ ма бæрæгбонон парадмæ сæ хъус дардтой, уыцы бон нæ сæйраг бæрæгбон немæ чи адих кодта, уыцы цытджын делегациты минæвæрттæ Уæрæсе, Сири, Абхаз, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæй, æфсымæрон Цæгат Ирыстонæй.

 Бæрæгбонон парад райдыдта Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса æмæ бæстæйы Гарзджын тыхты тырысайы фæзуатмæ æрбахæссынæй. Æфсæддон парад иста хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим. Уый Республикæйы Гарзджын тыхтыл Сæйрагкомандæгæнæг Бибылты Анатолийæн фехъусын кодта, æфсæддон дæлхæйттæ бæрæгбонон парады рацæуынмæ цæттæ кæй сты, уый тыххæй.

ИСТОРИОН, НАЦИОН  ИУДЗИНАДЫ СТЫРДÆР БÆРÆГБОН

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмбæстæгтæн арфæ ракодта паддзахадон бæрæгбоны цытæн æмæ банысан кодта, 1990 азы 20-æм сентябры Хуссар Ирыстоны адæмон депутаттæ цы Деклараци райстой, уый кæй уыд хъысмæтскъуыддзаггæнæн нæ адæмы историйы.

Хисæрмагонд паддзахаддзинад саразын уыд иунæг фæ-рæз, цæмæй бахъахъхъæдтаиккам Хусар Ирыстоны æмæ йæ адæмы Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй. 1920 азы Гуырдзыстон цы геноцид сарæзта ирон адæмы ныхмæ, уый сфæлхатт кодта 20-æм æнусы дæр. Æмæ арæзта æппæт дæр, цæмæй нæ адæмы фæиппæрд кæна нæ Фыдыбæстæйæ, националон исадæй æмæ фидæнæй, Хуссар Ирыстоны схафа зæххы уæлцъарæй.

Уый ма банысан кодта, националон хæдуагæвæрд дзуапп кæй дæтта Хуссар Ирыстоны адæмы тырнындзинад æмæ домæнтæн, кæй ссис йæ фæндондзинад, националон иудзинады æмæ уæлахизы нысан.

Уымæн дзуаппæн Гуырдзыстон сарæзта гарзджын агресси. Æмæ нæ адæм растадысты нæ бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Хæстон архайдтытæ, блокадæ, уды зиæнттæ æмæ уæззау цард. Æппæт уыдæттæ бавзæрстой нæ адæм, фæлæ æвдыстой хъæбатырдзинад, фидардзинад, сæрибармæ тырнындзинад, æнгомдзинад æмæ иудзинад.

Уыцы уæззау бонты нæ фарсмæ кæддæриддæр уыд Уæрæсе, уыимæ баст стæм историон хъысмæты иудзинадæй, уыимæ стæм кæддæриддæр  иумæ сабыр царды дæр æмæ хæстон дуджы дæр, хъæлдзæгдзинады æмæ зын рæстæджы.

Æнæивгæ бæлвырд æмцæдисон æмæ мæлæтхæссæг тæссагдзинады рæстæджы æрмæстдæр Уæрæсейы æххуысы руаджы нæ адæм æрцыдысты уæлахизмæ, кæцыйы райдиан ссис 2008 азы 26 август – Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ суверенитет куы банымадта, уæд. Алы уавæрты дæр Уæрæсе бахъахъхъæдта дунеон барады æмæ йæхимæ райсгæ сабырады гаранты принциптæ.

Мах æууæндæм Уæрæсейыл æмæ хъахъхъæндзыстæм нæ цæдис, рæзын кæндзыстæм нæ интеграци æмæ фидар кæндзыстæм нæ хæстон æмхæларад. Цыфæнды уавæрты дæр араздзыстæм нæ ахастытæ, нæ адæмты интерестæ хынцгæйæ.

Сæрибардзинады змæлды ветерантæм ахасты Бибылты Анатоли банысан кодта, нæ адæм бузныг кæй сты сæ хъæбатырдзинадæй, Фыдыбæстæйыл иузæрдиондзинадæй, кæй æууæндыдысты, уæлахиз дард кæй нал у, сæ удуæлдай куыст æмæ сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Уый бахатыд, цæмæй, иу минут æмырæй алæугæйæ, ссарой, ацы бæрæгбон немæ чи хъуамæ дих кодтаид, фæлæ йæ цард бæстæйы сæрыл чи радта, уыдоны рухс нæмттæ.

«31 азы размæ йæ хъысмæт йæ къухтæм цы Хуссар Ирыстон райста, уый хæсджын у, цæмæй сæрыстыр уа йæ æнтыстытæй. Кады аккаг сты не ‘мбæстæгтæ се ‘ппæт дæр æндидзæн æмæ фæллойадон сгуыхтдзинæдтæй, зындзинæдтæ æмæ цæлхдуртæм æнæкæсгæйæ, æппæт дæр кæй арæзтой æмæ хъахъхъæдтой. Сæ царды дæнцæг æмæ Фы-дыбæстæйыл иузæрдиондзинадæй мах стæм сæрыстыр, тырнæм уыдон хъайтарон хъысмæты аккаг уæвынмæ æмæ нын цы æргъадтæ бафæдзæхстой, уыдон фидар кæнæм. Мах хъахъхъæндзыстæм, нæ адæм цы Республикæ расидтысты, сарæзтой, уый. Æвæллайгæйæ фæллой кæндзыстæм йæ размæдзыд æмæ ирд фидæны сæрвæлтау.

Уадз, азæй-азмæ дидин æфтауæд нæ бæстæ, уадз, амондджынæй амондджындæр кæнæд нæ адæмы цард!

Уæлахиз уæд Стыр Уæрæсеимæ нæ æнæфехæлгæ цæдис!

Уæлахиз уæд Республикæ Хуссар Ирыстон!», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президенты арфæйы фæстæ Театралон фæзуаты цытджын маршæй рацыдысты Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты, Уæлвæткон уавæрты министрадты, Паддзахадон Æдасдзинады комитеты Арæнхъахъхъæнæг службæйы, Юстицийы министрады æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æдасдзинады служ-бæйы Арæнхъахъхъæнæг управленийы 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ.

Театралон фæзуаты ма æфсæддон парады хайад райстой æрæджы Мæскуыйы бын Алабинойы «танкты биатлоны» хайадисæг Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæ.

Бæрæгбонон парад адарддæр кодтой Хъахъхъæнынады министрады æмæ 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы æфсæддон техникæ.

Бæрæгбонон парады кæрон Хъахъхъæнынады министрады цытджын караул æвдыстой сæ арæхстдзинад, æфсæддон базæйы оркестр равдыстой чысыл концерт æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæ Гатыгкоты Нинæ азарыд символикон зарæг Хуссар Ирыстоны тыххæй.

Уыцы бон изæры горæты сæрмæ егъау салюттæй ныррухс  бæстæ. Уый уыд бæрæгбоны кæройнаг мадзал.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.