Къоста йæ цард æмæ йе стыр курдиат снывонд кодта ирон адæмы социалон, экономикон æмæ духовон сæрибардзинадæн. Фыццаджыдæр уыд ирон фæллойгæнæг адæмы хъæбул. Къостайæн зæрондгæнæн нæй. Алы фæлтæрæн дæр Къостайы сфæлдыстад равдисы ног хуызтæй. Алы фæлтæр дæр æй бакæсы йæхирдыгонау, раздæры фæлтæрты хъауджыдæр дзы фены æмæ байгом кæны хæрзæгъдауон хъæздыгдзинæдтæ. Рæстæг размæ цæуы æмæ рæстæджы цыдимæ, иудадзыг йæхимидæг ногкæнгæйæ, размæ цæуы Къостайы сфæлдыстад дæр, алы ног дугæн дæр райгуыры ногæй. Сомбоны дугтæй дæр дзы алкæцы дæр æнæмæнг райсдзæн йæхи хæзнатæ, йæхи тыллæг. Къостайы сфæлдыстад алырдыгæй дæр у æвидигæ. Ивгъуыдæй æрцыд абонмæ, абонæй цæуы фидæнмæ. Ис ын райдиан, фæлæ йын нæй кæрон.

“Поэтæн йæ царды ис æрмæстдæр райгуырæн бон, нæй йын мæлæты бон”, –  куыд раст сæ загъта, ацы ныхæстæ чи ныффыста, уый.  Ӕцæгæй дæр йæ адæмы рисыл, йæхи рисау чи рисса, сæ хъысмæт сын йæ зæрдæмæ арф чи айса æмæ сын цырагъдарæн йæ уд чи снывонд кæна, уыцы адæймагæй куыд зæгъæн ис – амард, зæгъгæ. Афтæ уыд Иры цырагъдар, сæрибаруарзаг –   Къоста.

Ирон адæмы намысджын фырт, стыр поэт æмæ революционер Хетæгкаты Къоста йе сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон куысты сæйраг нысаныл нымадта адæмы сæрибардзинадыл тох. Æфхæрд æмæ барцух адæмы сæрыл хæцыд, уый йæ зæрдæмæ райста йæ раттæг адæмы талынг æмæ фæстæзадыл сагъæс, æмæ цы фæцард, уымæй тох кодта Ирыстоны дзыллæты ′хсæн рухсад тауыныл. Уый ацы дунемæ æрцыд, цæмæй мæгуыр талынг æмæ æрхæндæг зæрдæты цины рухс ссудза. Йæ алы ног зарæг дæр сын хаста ныфс, æууæндын сæ кодта хорз цард, хорз фидæн сын кæй уыдзæн, ууыл.

1898  азы Къостайæн рацыд, йæ зæрдæйы тугæй кæй сфæлдыста, уыцы уацмысты æмбырдгонд  “Ирон фæндыр”.

Къостайы “Ирон фæндыр” бирæты ракæсын кодта сæ цæстытæй. Хæххон мæгуыр лæг дзы федта йæхи, йæ бинонты,  йе ‘фхæрджыты, йæ уæззау цард. Йæ зæрдæмæ йын бакæсын кодта хуры цъыртт, баууæндын æй кодта йæ сомбоны  хорз цардыл.

Ирон  адæмы  бæллицтæ æмæ хъуыддæгтыл æнувыд уæвгæйæ Къоста иудадзыг архайдта Ирыстоны скъолатæ æмæ культурæйы артдзæстытæ байгом кæныныл.

Ахуыр-хъомыладон æмæ рухсады фарстытæм алыхатт дæр дардта стыр хъусдард. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ахуыргæнæг хъуамæ уа сæрибардзинадыл тохгæнæг, кæронмæ æну-выд уа йæ бæстæ æмæ йæ адæмыл, уа намысджын, стыр культурæйы хицау.

Хетæгкаты Къоста йæ æнæмæлгæ сфæлдыстадæй стыр лæггад бакодта канд ирон адæмæн нæ, фæлæ Кавказы æппæт адæмæн дæр. Йæ ном цæры йæ адæмы зæрдæты, йæ адæмы хъуыддæгты.

… Къоста канд поэт нæу. Ирон адæмы зондахасты уый у цавæрдæр тыхджын, цавæрдæр домбай аргъæутты хъæбатыр. Ǽмæ йæ ахæмæй æвдисынц адæмон зарджыты æмæ таурæгъты. Уый у, йæ алæмæттаг уадындзы цагъдмæ-иу адæм дæр æмæ сырдтæ дæр, мæргътæ дæр æмæ кæсæгтæ дæр, хæхтæ дæр æмæ хъæдтæ дæр, дæттæ дæр æмæ мигътæ дæр цымыдисæй кæмæ æрæхъуыстой, уыцы æрдхæрæны зарæггæнæг Ацæмæз, ирон адæмы Нарты таурæгътæй. Уый у мæгуырты, сидзæргæсты æмæ сидзæрты хорз хæлар, талынг, ссæст адæмы æвæллайгæ фарсхæцæг æмæ сæ сæрыл æгъатыр тохгæнæг.

Къоста цæры йæ адæмы зæрдæты, йæ адæмы хъуыддæгты. Уый у не ‘мдугон. Цæудзысты азтæ, æмæ Къостайы ном кæндзæн бæрзондæй-бæрзонддæр, кадджынæй кадджындæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.