Къоста… æрмæст йæ ном зæгъгæйæ дæр адæймаджы зæрдæ сæрыстырдзинады æнкъарæнтæй айдзаг вæййы, зæрдæ хурварс абады. Ирон адæмæй алкæмæндæр Къоста йæ зæрдæмæ у тынг æввахс. Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ уый тынг бирæ сарæзта йæ радтæг ирон адæмæн. Æрмæст йæ «Ирон фæндыр» хуыцауы лæвары хуызæн уыд ирон адæмæн уæды рæстæджы уæззау дуджы.

Ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, поэт, прозаик, драматург, публицист, нывгæнæг, тæлмацгæнæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырдыл ацы аз 15 октябры сæххæст 157 азы. Кæд хæрзцъус йедтæмæ нæ рацард, уæддæр йе сфæлдыстад æмæ йе ‘хсæнадон архайдæй Къоста ирон адæмæн бирæ балæггад кодта, кады ном скодта йæхицæн дæр æмæ йæ радтæг Ирыстонæн дæр. Æрвылаз дæр генийы райгуырæн бон Ирыстоны адæм банысан кæнынц стыр кадимæ, ауагъд æрцæуынц алыгъуызон мадзæлттæ. 14-æм октябры иу ахæм цымыдисон мадзал уагъд æрцыд нæ горæты æртыккæгæм астæуккаг скъолайы. Бацæттæ йæ кодтой 6-11-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ ацы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Хъуылымбегты Раисæйы сæргъ-лæудæй. Мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы ахуырады министрады ахуыргæнджыты квалификаци бæрзонддæргæнæн институты директор Гæззаты Лианæ, ацы институты методист Мамиты Лали, горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайы методкабинеты сæргълæууæг Гæбæраты Жаннæ, скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæни-нæгтæ.

Къостайы цытæн бæрæгбонон мадзал уагъд æрцыд скъолайы актон залы. Зал уыд бæрæгбонвæлыст, къулыл конд уыдысты ахуыргæнинæгтæн сæхи къухтæй конд нывтæ, афтæ ма баннерыл æвдыст цыдысты Къостайы къамтæ, поэтыл фыст цитатæтæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Бæрæгбонон мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Хъуылымбегты Раисæ.

Мадзаламонджытæ Бекъойты Янæ æмæ Беридзе Сюзаннæ радзырдтой Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Алы адæмæн дæр ис, сæрыстыр æмæ буц кæмæй сты, ахæм разагътайы лæгтæ, ома хæстон хъæбатыртæ, аивады дæснытæ, уыдонæй адæмæн æппæты зынаргъдæр свæййы иу ном. Æмæ ирон адæмæн та ахæм ном ссис, Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. Къоста махæн у нæ Бонвæрнон стъалы, нæ цæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг, хæссы нын царды æмæ боны фарн. Уый нын фæ-дзæхсы, цæмæй царды фæндагыл æнгом æмæ кæрæдзи уарзгæйæ цæуæм рухс фидæнмæ. Къостайæн мæлæт нæй. Уый цæры йæ зарджыты, зарæг та æнустæм зæлы адæмы зæрдæты. Адæм дзурынц: «Хур æмæ мад нæ зæронд кæнынц». Зæронд нæ кæны Къостайы поэзи дæр, уый æвидигæ у алæмæты суадонау æмæ ирон адæмæн хæссы царды хос. Уый фæстæ залы айхъуыстысты зарæг Къостайы «Балцы зарæг»-ы æхцон зæлтæ, сæххæст æй кодтой хистæркъласонтæ.

Ирон адæмы цард иууыл растдæрæй равдыста Къоста йæ æмдзæвгæ «Сидзæргæс»-ы. 10-æм къласы ахуыргæнинæгтæ Бекъойты Янæ æмæ Беридзе Сюзаннæ ацы уацмысæй равдыстой скъуыддзаг. Сидзæргæсы роль сæххæст кодта Сюзаннæ, уый ирдæй равдыста раздæры адæм æххормагдзинад æмæ мæгуырдзинад кæй æййæфтой, уый. Сидзæргæс мад, цæмæй йæ хъæбултæн се ‘ххормагдзинад айрох кодтаид, уый тыххæй сын цуайнаджы фыхта «хъæдуртæ». 8-æм къласы ахуыргæнинæгтæ мадзал адарддæр кодтой зарæг «Зонын»-æй. Поэмæ «Фатимæ»-йæ скъуыддзаг равдыстой Пæррæстаты Георги æмæ Беридзе Сюзаннæ. Скъуыддзаг рауад тынг цымыдисон, иттæг хорз сæххæст кодтой сæ ролтæ ахуыргæнинæгтæ. Дарддæр ахуыргæнинæгтæ дзырдтой Къостайы «Ирон фæндыр»-ы ахадындзинадыл, уый сын сæ хъуыдытæ кæны хъæздыгдæр æмæ рæсугъддæр.

Фыццаг хатт Хетæгкаты Къоста ныффыста ирон баснитæ. Пæррæстаты Георги, Цъæхилты Викæ, Джиоты Дианæ, Одтаты Алик, Æрсойты Иринæ сæххæст кодтой инсценировкæтæ баснитæ «Халон æмæ рувас», «Бирæгъ æмæ хърихъупп», «Марходарæг»,  «Хъазтæ», «Дыууæ халоны», «Булкъ æмæ мыд»-æй.

Мадзалы Беридзе Сюзаннæ тынг аивæй сæххæст кодта Къостайы фыст зарæг «А-ло-лай». Кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ азарыдысты генийы фыст уацмыстыл зарджытæ «Зонын», «Кæмæн цы?», «Усгур лæппуйы мæт», «Цъиу æмæ сывæллæттæ» æмæ бирæ æндæртæ.

Ахуыргæнинæгтæ хорз сæххæст кодтой ирон кæфтытæ «Хонгæ кафт» æмæ «Хæх-хон кафт». Къостайы райгуырды цытæн ма ахуыргæнинæгтæ æнæкæсгæйæ дзырдтой Ирыстоны фысджытæ Хетæгкаты Къостайы тыххæй цы номарæн æмдзæвгæтæ ныффыстой, уыдон. Куыд зæгъæм: Плиты Ильяйы «Къостамæ», Джиоты Владимиры «Къоста», Хъазиты Мелитоны «Къостайы сагъæс» æмæ æндæртæ. Афтæ ма Къостайыл уы-рыссагау цы æмдзæвгæтæ ис фыст, уыдон бакастысты хистæр кълæсты ахуыргæни-нæгтæ.  Кæронбæттæны  11-æм  къласы  ахуыргæнинаг Кумситы Саманта поэты номыл бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ.

Мадзалы кæрон Хъуылымбегты Раисæйæн бузныджы ныхæстæ загъта нæ горæты администрацийы ахуыры хайы методкабинеты сæргълæууæг Гæбæраты Жаннæ: «Стыр бузныг, сывæллæттимæ афтæ зæрдæбын куыст кæй бакодтай, æмæ сын ирон генийы  сфæлдыстад тынгдæр кæй бауарзын кодтай, уый тыххæй. Абон æз уæлдай хатт æвдисæн дæн ахæм курдиатджын æмæ зондджын сывæллæттæ нæм кæй ис, уымæн. Ахуыргæнинæгтимæ бæрзонд квалификациджын ахуыргæнджытæ кæй кусынц, уый бæрæг у абоны бацæттæгонд мадзалæй дæр. Мæ зæрдæмæ ма тынг фæцыд, хайад дзы кæй райстой 6-11-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ».

Мадзалы кæрон ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Хъуылымбегты Раисæ йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Ахуыргæнæджы боны цытæн 3-æм скъолайы ахуыр-гæнджытæй цалдæр хорзæхджын кæй æрцыдысты Паддзахадон хорзæхтæй.

 

Чертхъоты Ж.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.