Стыр гоймаджы алы фезмӕлд ӕмӕ архайд дӕр йӕ радтӕг адӕмӕн ахсджиаг вӕййы, кӕддӕриддӕр ыл сӕмбӕлынц хъарм зӕрдӕйы ахастимӕ. Афтӕ у ирон адӕмӕн Хетӕгкаты Леуаны фырт Къоста дӕр, ӕдзухдӕр ын йӕ уацмыстӕ куы кӕсиккам, уый нӕ фӕфӕнды, уымӕн ӕмӕ та дзы цыдӕр ногдзинадыл фӕхӕст вӕййӕм. Цы рӕстӕджы цард, ууыл ӕдзухдӕр рыстзӕрдӕйӕ дзырдта ӕмӕ уӕды цаутӕй чысыл цау базонынмӕ дӕр цымыдис фӕкӕнӕм, уый йӕ иубӕстон адӕмӕн вӕййы стыр хӕзнайы хуызӕн. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ мын цалдӕр азы  размӕ  нӕ  горӕты  цӕрӕг,  дохтыр Джиджджойты Ленӕ радзырдта иу цымыдисон хабар Къостайы тыххӕй:

– Ме стыр мад Софья уыд цъунайраг, Хетӕгкаты Антъоны чызг. Антъон уыд Уӕрӕсейы ӕфсады афицер, хайад иста уырыссаг-туркаг хӕсты, равдыста хъайтардзинад ӕмӕ йӕ хайбавӕрд бахаста Болгари туркаг тыхӕйисджытӕй ссӕрибар кӕныны тохы. Ме стыр мады ныхӕстӕй куыд ӕрыхъуыстон, афтӕмӕй Антъон йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй хӕрзӕхджын ӕрцыд Георгийы ӕртӕ дзуарӕй. Софьяйӕн йӕ сӕрыхицау та уыд дохтыр, стӕй ног цардарӕзтады сӕрыл активон тохгӕнӕг, ӕмӕ иу ахӕм тохы фӕмард знӕгты къухӕй. Афтӕмӕй Софья 27-аздзыдӕй баззад идӕдзӕй фондз сывӕллонимӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕды мӕгуыр дуджы уал сывӕллоны хъомыл кӕнын ӕнцон нӕ уыд ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрцыд йӕ цӕгат – Цъунармӕ. Ме стыр мады ныхӕстӕй куыд ӕрыхъуыстон, афтӕмӕй йӕ хистӕр ӕфсымӕр куыста сауджынӕй Нары, куыд ӕй бахъуыды кодтон, уымӕ гӕсгӕ йӕ ном та хуынд Иуане. Иуане ӕмӕ Къоста ӕрвадӕлтӕ уыдысты ӕмӕ цардысты хӕларӕй.

Иурӕстӕджы Иуане Къостайы фӕхуыдта Цъунары хъӕумӕ ӕмӕ уыцы фӕндоныл сразы иттӕг зӕрдийӕ. Уырдӕм ацӕугӕйӕ фендзӕн, йӕ рай-гуырӕн къуым кӕй ном хӕссы, уыцы хъӕу, стӕй ма йе ‘рвадӕлты дӕр. Уайтагъд хъӕубӕстыл ай-ъуыст Къостайы ӕрцыды хабар ӕмӕ йӕ размӕ, ӕзфӕраздӕронӕй лыгъдысты, ӕмбӕлдысты йыл цины ӕнкъарӕнтимӕ. Уӕд Софья хӕрз къаннӕг сывӕллон уыд, фӕлӕ ацы ӕрцыды цау тынг бадардта йӕ зӕрдыл. Къоста уыд мӕллӕг, тӕнтъихӕг лӕг, чысыл цыд къуылых. Уыцы рӕстӕджы Софьяйы мад та торнейы кӕрдзынтӕ кодта. Къоста тынг сцымыдис, торне куыд кӕнынц, уымӕн ӕмӕ йӕ никуы федта ӕмӕ йӕ хонгӕ та кодта “турне”. Къоста ӕмӕ Иуане Цъунары фесты цалдӕр боны, стӕй райгондӕй аздӕхтысты фӕстӕмӕ.

Ацы ӕрцыды тыххӕй бирӕ фӕрабар-бабар кодтон ӕмӕ фӕстагмӕ ӕрлӕууыдтӕн ахӕм хъуыдыйыл, цӕмӕй ацы цауы тыххӕй ныффыссон. Рацӕудзӕн рӕстӕг ӕмӕ уӕд, чизоны, сбӕлвырд уа, Къостайы ӕрцыд Цъунармӕ ӕцӕг кӕй уыд, уый.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.