Къоста! Дæу нын Хуыцау кæй радта,

Уый уыд рæсты-бæсты хæрзæг:

Дæ фæзынд рох Иры æрцардта, –

Ысдæ йын номгæнæг-фæтæг!..

 

Дæуæй дæ уды цардамалмæ

Æркæсын уымæн фæци рох,

Кæй уыд дæ ралæгæй адзалмæ

Æхсæндзарды срастыл дæ тох.

 

Дæ бæллиц  ахæм: царды ма уа

Иу барджын, иннæ та ыссæст, –

Тæрхоны лæгты-иу æндава

Сæ дарæг дзыллæты хъысмæт…

 

Кæны дæ фарны хъæр уæрæхдæр,

Дæ тох куы банымæг, уæдæй, –

Зæрдæйау баризы къæдзæх дæр

Дæ зарæг-хъарæджы зæлтæй.

 

Ды та æнхъæл уыдтæ: дæ фæстæ

Уыдзысты рох дæ цырт, дæ дзырд…

Цæй рох? Дæ цырт – нæ разы уæртæ,

Дæ дзырд та зæххалварс æрзылд!..

 

Къоста! Дæ радтæг ам дæ хуызæн

Дыккаг нæма радта, уый зон.

Мах уарзæм дæу æгæрон уымæн,

Кæй нын дæ Дунеон Ирон!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.