“Растдзинад уарзгæйæ

Скæнæм нæ фæндаг!”

Нæ царды цæмæфæнды дæр куы бавналай, æнæмæнг дзы разыны Къостайы комулæфт, йæ хъуыдыты тых, йæ бæллицты хъуырдухæнтæ.

Кæд нæ профессионалон театрты фæзынд рагон нæу, уæддæр Иратаманы историйы бæлвырдæй зыны театралон аивады æнкъарæнтæ,  адæмы туджы, сæ удысконды рагæй кæй сты.

Ирон вазыгджын æгъдæуттæ сæ рагон фæндæгтæй Къостайы  онг стыр театралон сценæйы уыдысты. Къостайы Хъуыбады, Наиб, Эски-абырæг; Секъайы Тохти æмæ Мистъала, Къубалты Алыксандр, Зыгъуыттаты Бибо, Санаты Сем æмæ æндæртæ уыдысты фидæны театралон аивады дæснытæ.

Уæдмæ фæзынд нæрæмон Къоста, ныннæрыд «Ирон фæндыр» Ирыстоны талынг хæхты хъæбысы. Чиныг цыд дзыхæй-дзыхмæ. Лæгдæр уый уыд, фылдæр чи зыдта Къостайы хæзнатæй.

Алыварсон курдиаты хицау уыд Къоста, цынæ уарзта, йæ къух цæмæ нæ фæкодта – йæ кафт, йæ зард, фæндырыл (пианинойыл) цæгъдын, театры сценæйыл архайын, фарны фынгты фарсмæ бадын, раст лæджы сæрыл рахæцын.

Куыд нывгæнæг, афтæ æнгом баст уыд сценæимæ, декорацитæ аразынмæ. Кæуылты уыдысты йæ куыстытæ – Дзæуджыхъæуы театрæн сарæзта декораци, сарæзта «Дети капитана Гранта» æмæ «Хаджи Мурат»-æн, абон дæр фенддаг сты Алагиры аргъуаны къултæ.

Хъуамæ нæ рох ма уа уый дæр, – Къоста уыдис драматург, актер æмæ режиссер дæр. Ставрополь, Петербург, Пятигорскы йæхи кæддæриддæр æппæрста сценæтæм.

1894 азы Островскийы пьесæ «Бедность не порок»-ы фæзындыл æххæст кодта 40 азы. Сценæйыл æй сæвæрыны хъуыддаджы стыр куыст бакодта Къоста. Сныв ын кодта йæ сурæт, спектаклы размæ бакаст йе ‘мдзæвгæ «А.Н.Островскийы мысгæйæ».

Къоста стыр драматург æмæ сценæйы арæхстджын архайæг кæй уыд, уый бынтон æргомæй разынд йæ комеди «Дуня»-йы.

Сылгоймаджы удыгъæды миниуджытыл, йе ‘рдзон сконд æмæ йæм цардæй, æхсæнадæй цы хай æрхауд, ууыл тынг ныхъхъуыды кодта Къоста æмæ йыл фыста иронау дæр æмæ уырыссагау дæр.

Адæймаджы царды хъæуы бартæ, бартимæ куыст, фæллойы хъуамæ уына йæ амонд, афтæ йæ зæгъы Фатимæ Наибæн, ахæм фæндагыл лæуд уыд Дуня дæр.

Дуняйæн йæ фыды хæдзары алцы дæр уыд, цардаид, иу къах иннæйыл сæвæргæйæ, фæлæ ууыл не сразы, нæ цыд йæ зæрдæмæ дыккаг мад Марья Павловна æмæ йе ‘мбал чызг Надя Ворбеевайы царды уаг. Йæ фыды хæдзарыл та йæ къух систа æгуыст лæппу Лаптевы ныхæсты фæстæ. Уый ныхас та уыд Дуняйæн: «Цæйнæфæлтау ацы хæдзары æмбыд уæлдæфы фæхуыдыг уай, фæлтау æххуырст дæр у, гæрзтæхсæг дæр у». Фæцыд царды фæндагыл, афтыд Петербургмæ, бахауд æхсæнадмæ, ныххæцыд ахуыры хъуыддагыл æмæ йæ амонд дæр ссардта.

Комеди «Дуня» бирæ хæттыты  сценæтыл æрцыд æвæрд Къостайæн йæхи рæстæджы, фæлæ дзы иууыл зæрдылдаринагдæр у, Пятигорскы æвæрд куы æрцыд, уыцы хъуыддаг.

Зынгæ журналист, Уæрæсейы Федерацийы зонæдты сгуыхт архайæг, Композиторты  цæдисы уæнг, фыссæг, Кавказы Минералон Дæтты музыкалон-театралон хъуыддæгты бындурæвæрæг Розенфельд Борис Матвейы фырт стыр куыст бакодта æмæ кæны Цæгат Кавказы горæтты истори иртасыныл, йæ тых сæйраджыдæр радта уымæ, дунейыл сæ ном хъуыстгонд кæмæн у, ахæм адæймæгтæй чи уыд ацы диссаджы сахарты, цæмæн æрæфтыдысты æмæ цы фæд ныууагътой.

Розенфельды фæстаг куыстытæй иу у йæ чиныг «Малознакомый Кисловодск». Мыхуыры рацыд Пятигорскы 2016 азы.

Бирæ зынгæ адæймæгтыл цæуы ныхас ацы чиныджы. Уыдоны нымæцы А.С.Пушкин, М.Ю.Лермонтов, Л.Н.Толстой, Шаляпин, Д.Н.Мамин-Сибиряк, К.С.Станиславский, В.Я.Киршон, В.В.Хлебников, А.И.Солженицын æмæ æндæртыл.

Ранымад адæймæгты ‘хсæн егъау бынат лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайæн дæр. Розенфельд Борис бæстон æрдзырд-та Къоста æмæ Кавказы бастдзинæдтыл, Ставрополь, Пятигорск æмæ Кисловодск Къостайы царды цы стыр бынат æрцахстой, уыдæттыл.

Се ‘ппæтыл дзурыны фадат нæй, ам сæйраг у, Къоста ацы сахарты уæвгæйæ, куыд дардта йæ хъус театртæм, сценæтæм, сæ репертуартæм, цахæм уыд йæ хайадист уыцы сценæты.

Канд А.Н.Островскийы юбилейон изæр нæ, бирæ сгуыхт адæймæгты номарæн изæртæ бацæттæ кодта Къоста.

Къостайы комеди «Дуня»-йыл сæ цæст æрæвæрдтой нырма Петербурджы, студент уæвгæйæ йыл уым райдыдта кусын. Комеди цæстæвæрæн фæцис Пятигорскы дæр. Куыд æмæ йыл чи куыста, кæй фæрцы бахауд сценæмæ, чи уыд йæ æвæрæг æмæ бæстонгæнæг, уый тыххæй æмбæлон æрмæджытæ ис М.Розенфельды чиныджы.

Нырма уал зæгъы: «Бæхджын дивизионы командир, булкъон М.А.Лыщинскийы фæндон уыд, цæмæй Пятигорскы арæзт æрцæуа фæсивæды хæдархайгæ драмкъорд, уазæгдон «Централь»-ы та æвæрд æрцæуа пьесæ «Муза», сæйраг рольты та дзы хъуамæ хъазой Цæлыккаты Аннæ æмæ Хетæгкаты Къоста».

М.Розенфельд ма зæгъы уый дæр, зæгъгæ, М.Лыщинский уыдис стыр ахуыргонд æмæ хорз музыкант, уый бафтыдта Къостайы, цæмæй ныффыстаид Ирон бæхджын дивизионы истори, уымæн  æмæ, дам, уыцы афицерты ‘хсæн бирæ уыд, Къостаимæ хæлар, хъæрмуд чи уыд, ахæмтæ.

Ракодта М.Розенфельд Лыщинская Мария Петровнайы кой дæр. Бæрæг у, аивадмæ æввахс кæй лæууыд, уый райдыдта цæуын цензурон комитетмæ, цæмæй сын бар радтой комеди «Дуня» сæвæрынæн.

Къоста йæ хъалæй нæ ахауд Пятигорскмæ, Ирыстонæй хаст уыд, йæ комеди «Дуня» æвæрынмæ куы бавнæлдтой, уæд æрвыст æрцыд Херсонмæ.

Къостайы æрыздæхтимæ Пятигорскы фæстæмæ сцырын «Дуня» сæвæрыны хъуыддаг. М.Розенфельд ракодта газет «Казбек»-ы кой дæр. Уый хъусын кодта (газет), кæй цæуы куыст «Дуня»-йыл, æвæрæг режиссер ын йæхæдæг кæй у. Спектаклы фæстæ адæмы уавæр цахæм уыд, уый æргомæй загъта газет «Казбек». «Пятигорское интеллигентное общество получило в этот день особенное эстетическое удовольствие, усилившееся тем, что ставилась пьеса близкого им человека, которого все знают и уважают».

Къостайы Пятигорск йæхимæ фылдæр кæй æлвæста, уый нын бæрæг у, Цæлыккатæ уым цардысты, Аннæ йын уым уыд.

Комеди «Дуня» сæвæрыны хъуыддаджы Цæлыккатæ дæр æнæ хайад райсгæйæ нæ баззадысты. Уый бæлвырд у Цæлыккаты Юлянæйы мысинæгтæй: «Спектакль поставить было трудно (постановка была в гостинице Шульгиной-М.Розенфельд). Специального помещения не было, пришлось привозить всю обстановку, вплоть до лампы с керосином. Наконец, долгожданный день… Я суфлировала. После первого акта вызывают автора. Я бегу – ищу его. Смотрю, Коста буквально катается по ковру от хохота. Ему самому пьеса нравилась, в ней немало комических сцен. – «Ступайте, – говорю, – вызы-вают автора».

«Дуня»-йы тыххæй уыдис ахæм сценæ дæр, Аннæ Дуняйы ролы кæм хъазыд Къоста та – Светловы. Комеди «Дуня» ирон æвзагмæ раджы æрцыд тæлмацгонд, 1914 азæй фæстæмæ (фыццаг – Тбилисы). Ирон сценæтыл арæх æвæрд цыдис ацы комеди. Къостайы юбилейон бонты «Дуня» ирон сценæтыл æвдыст цыд кæддæриддæр.

Хетæджы фырт йæ рæстæджы бæстон ныхъхъуыды кодта, йæ адæмы кæй хъæуы периодикон мыхуыр æмæ театралон сценæ – Къоста хорз æмбæрста, уыдон ирон адæмы царды айдæнтæ кæй сты.

Къоста хорз зыдта театр æмæ драматургийы домæнтæ, режиссеры куысты хиæдтæ. Уыдæттæ та æргомæй зынынц йæ гуырахстджын уацмысты – «Хетæг», «Фатимæ», «Кæуæг айнæг» æмæ æнд. Йæ фыдæ-бæттæ та бæлвырдæй зынынц йæ æнæ-фæуд уацмыстæ «Поздний рассвет» æмæ «Чердак»-ы.

Нæ театры истори æнгом баст у Къостайы архайд æмæ хъуыдытимæ. Мах сæрыстыр стæм абоны бон дæр, нæ театр кæй хæссы Къостайы ном. Сæрыстыр стæм уымæй дæр, Ирыстоны зынгæ хъæутæй бирæтæ кæй хæссынц Къостайы ном Хуссарæй Цæ-гатмæ.

Нæ сины сæртыл хъуамæ хæциккам кæд-дæриддæр, Къоста Ирыстоны арæнтæй кæй ахызт, уый тыххæй дæр. Уый тыххæй бирæ бæрæггæнæнтæ ис, сæйраг æвдисæнтæ та сты йæ цыртдзæвæнтæ – Ставрополь, Пятигорск, Кисловодск, Санкт-Петербург, Болгари (Кылджари), Тбилис, Къахет (хъæу Ареш-перан) æмæ Лондоны. Къостайы 60 нацийæ фылдæр ратæлмац кодтой сæхи æвзæгтæм.

Алы наци дæр йæ сæрæн аргъ кæнын зоны. Хъуамæ мах дæр зонæм – чи стæм, цæмæй рæгъыдзыд стæм, сæрбахъуыды цы хъуамæ райсæм. Къоста кæмæн ис, уыдон сæхи мæгуыр макуы схонæт. Къостайыл дзургæйæ, махæн нæ цæстыты раз хъуамæ сыстой нартæ, скифтæ æмæ сæрмæттæ, алантæ, Абайты Васо, Джусойты Нафи æмæ нæ иннæ разагътайы лæгтæ. Къостайы сæйраг домæн та уыд: алы ирон лæг дæр хъуамæ уа нæртон æмæ йæм  уыцы номæй бадзурæн уа.

ПЛИТЫ Гацыр,

профессор,

Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.