Уæрæсейы Президент Владимир Путин Паддзахадон Думæмæ ратификаци кæнынмæ бавдыста суагъæ Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмгуыстад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй, кæцыйы нысан æрцыд дыууæ бæстæйы территоритыл кæрæдзийы æмбæстæгты уæвынады æмгъуыдтæ сисын.

Суагъæйыл къухтæ фыст æрцыд Мæскуыйы 2018 азы 9 ноябры. Уым нысан æрцыдысты «бадзырдаразæг фæрстæй сæ иуы æмбæстæгтæн сæ бон у иннæ бæстæйы территорийыл уæвынад кæной æнæарæнгонд æмгъуыдмæ гæсгæ, кæцы фидар æрцыд дыууæ бæстæйы закъондæттынадмæ гæсгæ», – дзырдæуы æмбарынгæнæн фыстæджы.

«Суагъæйы реализаци фæахъаз уыдзæн Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн хæларадон ахастыты дарддæры рæзтæн», – дзырдæуы документы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.