РÆСТÆДЖЫ ТЫХХÆЙ

… Мæ хæдзары къулыл хуыдæй,  æндæгъдæй, æмырæй кæсы электронымайæн. Уый йæхæдæг у æмыр, фæлæ йæ мидæг цы цалх ис, уымæн æрæнцой нæй – зилы æмæ зилы. Цас фылдæр электроприбортæ баиу кæнын, уыйас йæ зылд фæтынгдæр кæны, вæййы афтæ дæр,  æмæ йæ зылдыл цæст нæ фæхæцы. Уый та, уæхæдæг куыд зонут, афтæмæй нæ хæрзæбонæн нæ зилы. Рæстæг куыд цæуы, афтæ цалх зилы æмæ нымайæныл кæрæдзийы фæстæ гæпп кæнынц нымæцтæ. Дæлæмæ, нæ –  уæлæмæ! Æмæ сæ ‘вдисынц, нæ «удыл-хæцæг» киловаттæ, кæцытæм гæсгæ базонын, цы рухс цард акодтон, уымæн цас хъуамæ бафидон, уый. Фидын æхцон хъуыддаг нæу алкæмæн дæр, фæлæ сæ бафидын. Уымæн æмæ афтæ æмбæлы.  Æз æй бахардз кодтон.

Мæ ныхас дарддæр электронымайæнтыл нал у. Уый æрмæстдæр цæвиттонæн æр-хастон. Электронымайæнты æз абарстон а-зæххыл нæ уæвынадимæ. Цæмæй мах уæвæм, уый тыххæй нæ фарсмæ æрвылуысм дæр ис рæстæг.

Нæй рæстæгæн кæрон æмæ дзы цы цыбыр цард кæнæм мах, адæм, уый ныддихтæ кодтам уысмтыл, минуттыл, сахаттыл, суткæ-бонтыл, къуыритыл, афæдзтыл, æнустыл… Мах стæм уыцы рæстæджы цагъартæ, нæ тых æмæ нæ зондæн йæ ныхмæ ницы у нæ бон – йæ тых æгæрон у. Кæд афтæ нæу, уæд цæмæн фæдзурæм «рæстæг æй равзардзæн», «рæстæг алцы дæр йæ бынаты æрæвæрдзæн», «рæстæг тæрхонгæнæг у», «рæстæг хосгæнæг у»?

О, фæлæ…

Рæстæг æмæ адæймаг кæй сконды ис, уыцы æрдзызмæлды ‘хсæн фарстытæ æвзæры…

Мах дунесконды тыгъдады иу ран лæууæм æмæ рæстæг йæ уысмтæ, минуттæ, сахаттæ, суткæ-бонтæ, мæйтæ, афæдзтæ, æнустимæ, æбæрæг дунейæ фæстæмæ згъоры æмæ мæлинаджы мæлын, гуыринаджы та гуырын кæны? Æви рæстæг лæууы иу ран æмæ мах, æппæт æрдзысконд уысмтæ, минуттæ, сахаттæ, суткæ-бонтæ, афæдзтæ, æнустæ нымайгæйæ, цæуæм, тындзæм, лидзæм размæ, нæ цард кæм фæуд кæны, уырдæм, цæмæй нæ фæстæ æндæртæ цæуой æмæ царды цалх размæ тула кæддæриддæр.

Æви рæстæг згъоры æмæ мах дæр йæ тымыгъты размæ скъæфы.

Æви рæстæг нæ буары алы чырæгыл згъоры фæстæмæ, мах та згъорæм размæ…

Чи йын цы бамбардзæн?

Куыдфæнды ма уа – нæй æнцойад адæймагæн, нæй æнцойад а-дунейæн, уымæн æмæ æнæнцой у, кæм уæвæм, уыцы рæстæг. Æнæнцой уыд ивгъуыды, æнæнцой у абон, æнæнцой уыдзæн фидæны дæр.

… Зилы мæ электронымайæны цалх æмæ мын æвдисы, цас бахардз кодтон, уыцы электротыхы аргъ. Уый мын фидгæйæ у. Чи кæмæн бафиддзæн, рæстæг ныл цы царды бонтæ снымадта, уыдоны тыххæй та? Æвæццæгæн, нæ кæстæртæ – сæ кæстæртæн…

 

УАГЫЛ НЫХАС

Алы хъуыддаг дæр æнцон бакæнæн у, йæ сусæгдзинæдтæ йын кæд рафæлгъуыдтай, уæд. Афтæ у уагыл ныхас кæнын дæр. Кæй нæ фæнды хæдзары дæр, адæмы ‘хсæн дæр ахæм ныхас кæнын, фæлæ уый алкæйы къухты не ‘фты. Уымæн бирæ аххосæгтæ ис. Бирæтæн сæ психикон æнæниздзинад уый фадат нæ фæдæтты, бирæтæн сæ хъомылад, сæ царды уавæртæ. Стæй æрдзæй рахæсгæ дæр у.

Уагыл ныхас кæныны æвзыгъддзинад уыдонæй дарддæр дæр алкæмæ нæ вæййы. Иутæ сæ ныхас ныддаргъ кæнынц æмæ йæ мидæг апп нæ вæййы, цæйау фæзæгъынц, дзæнгæда фæцæгъдынц, æндæртæн зæгъинæгтæ бирæ вæййы, фæлæ сæ радæттынмæ, сæ зæгъынмæ нæ фæарæхсынц.

Хорз у, ныхасгæнæгæй адæм куы фехъусынц, цы сæ фæнды фехъусын, уый, æнæ уæлдай æмæ æнæ цух ныхæстæй.

Ахæм ныхасгæнæгæн уæлдай стырдæр кад уыдис æмæ ис адæмы ‘хсæн.

 

РÆДАУДÆР У ÆМÆ ЧЪЫНДЫ ДÆР?

Мах дис кæнæм æрдзы рæдаудзинадыл. Æмæ афтæ дæр у. Æмбисондæн афтæ бакæнынц, æрдз нæ дарæг у, зæгъгæ. Нæхæдæг дæр, æрдзы иу хай уæвгæйæ, парахатæй пайда кæнæм æппæт йæ хъæздыгдзинæдтæй. Махæн лæггад кæнынц зæххы бынæй исгæ хъæздыгдзинæдтæ, хъæдты, быдырты алыгъуызон тыллæгдæттæг зайæгойтæ, алыгъуызон хæрынæнбæзгæ кæрдæджытæ. Цуан кæнæм алыгъуызон сырдтыл, цæугæ-дæтты, денджызты ахсæм алыгъуызон кæсæгтæ.

О, фæлæ… Адæймагад йæ уæвынады рæстæджы цы бирæ низтæй рынчын кæны, уыдонæн сæ хостæ иууылдæр æрдзæн йæхимæ куы сты, уæд нын сæ цæуылнæ амоны, цæуылнæ зæгъы, мæнæ уый у уыцы низы ныхмæ æмæ йæ бахæр, баназ, цæмæй дæ низ фесæфа. Адæймаг се ‘ппæт йæ бирæминон азты царды фæлтæрддзинады руаджы ары, медицинон зонад дæр сæ агуры, фæлæ уæддæр алы низæн йæ хос нæ арæм. Нæ арæм уый тыххæй, æмæ нын æрдз уыцы фадат нæ дæтты. Уый æгомыгæй йæхи дары. Фагыл банымадта, хостæ агурæн æмæ ссарæн кæй ис йæ хъæбысы æмæ уыцы хæс адæймаджы зондыл æруагъта. Нæ йæ фæнды йæхæдæг сæ раргом кæна.

Ау, рæдау, царддæттæг æрдзæн уый йæ чъындыдзинадыл дзурæг у?

 

КУСÆН БЫНÆТТÆ

Алкæмæн дæр царды йæхи куысты бынат ис. Растдæр зæгъгæйæ та йæхи куысты бынат хъуамæ уа. Цæвиттон, зæхкусæгæн йæ бынат хæдзарæн æдтейæ ис, гом арвы бын – быдыры, дыргъдоны,  уыгæрдæны… Кусæг агъуысты бын кусы – заводы, фабрикæйы, æндæр цавæрдæр куыстуаты, фæлæ уыдон дæр хæдзары хуызæн уæддæр не сты. Хæдзармæ æввахс лæууы, алыгъуызон рангы чиновниктæ, æндæр кусджытæ кæм кусынц, ахæм бæстыхай. Хæдзары хатæнты хъауджыдæр ам ис кабинеттæ, кабинетты бинонты бæсты –  æмкусджытæ.

Зæхкусæг змæлы, архайы, кусынæн бæзгæ рæстæг куынæ уа, уæддæр ссары, цы сараза, уый. Йæ куыст сахатгай нæу – йæ сахат хур у. Уый арвыл ис, йæ рухс хæццæ кæны зæхмæ – тындздзæн йæ куыстытыл зæхкусæг. Йæ фæззыггон бæркадæй йæхицæн æрæвæры зымæгмæ, иннæйы ауæй кæны æмæ дзы балхæны, хæлцæй дарддæр æй цы хъæуы цæрынæн, уыдон.

Куыстуæтты кусджытæй иутæ цы бакусынц, уымæ гæсгæ вæййы сæ мызд æмæ сæ уд фæхъарынц, цæмæй фылдæр бакусой æмæ фылдæр мызд райсой. Æндæртæ исынц мызд æмæ уыдон фыццæгтау тынг нал фæтырнынц бирæ бакусынмæ, уæддæр, зæгъгæ, нæ мызд райсдзыстæм. Фæлæ сæ ам та куыстуаты хицау домы куыст, мызд исыс, уæд кусгæ дæр кæн, зæгъгæ.

Æндæр у сæ хъуыддаг кабинетты кусджытæн. Уыдон продукци, материалон хæрзиуджытæ нæ уадзынц. Уым, уыцы хæдзары, хъуыды кæнынц, мах, адæмы цард растдæр фæндагмæ куыд здахой, ууыл.

О, фæлæ… Цæмæн кæны фылдæр уыдонæн сæ нымæц, кусджытæ, зæхкусджыты нымæц та  – къаддæр?

Раздæр афтæ нæ уыд. Уартæ ма адæм хæхты æмгуырæй куы цардысты, уæд иууылдæр хæст уыдысты зæхх æмæ фосдарды куыстыл. Нæ уыдысты фабриктæ, заводтæ, нæ уыдысты кабинеттæ дæр. Æлдар (кæд уыдис, уæд) дард уыд, паддзах – ноджы дарддæр æмæ алчидæр йæ цардæн йæхæдæг уыд хицау.

Ныр акæс, æмæ дуне алыгъуызон бынæт-тæй байдзаг. Кусæн бынæттæй зæгъын, уæлдайдæр та – кабинетты. Стъолты фарсмæ цы бандæттæ ис, уыдон æнæивгæ сты. Ивынц æрмæстдæр, чи сыл бады, уыдон. Иутæ бæрзонддæр бандонмæ ахизынц, æндæртæ – ныллæгдæрмæ. Разыны дзы, йæ царды бонтæ уыцы иу бандоныл чи батоны. Уæдæ дзы ахæмтæ дæр куыннæ разыны, бандæттæ ивгæ бæрзонд, тынг бæрзонд бынатмæ чи схизынц, афтæ – иннæрдæм дæр. Æгæрыстæмæй дзы чидæртæ тулгæ дæр ракæнынц æмæ… ахæстоны смидæг вæййынц.

БИАЗЫРТЫ Роланд

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.