Адæймаг æмæ йæ фæлтæр

Алкæмæндæр нæ йæхи фæлтæр ис. Уый дихтæ нæ цæуы нацитæ, паддзахадтæм гæсгæ. Æгас дунейы немæ иу рæстæджы чи райгуырдысты, рæз кæимæ хастам æмæ царды гуылфæнты кæимæ фæцæуæм, уыдон сты нæ фæлтæр. Нæй фæлтæрæй фæлтæры ‘хсæн дырыс арæн. Нымад цæуы афтæ æмæ иу фæлтæр куы бахъомыл уа, кæстæртæ сын гуырын куы райдайа, уæд семæ гуырын райдайы дыккаг фæлтæр. Уыдон рацæуынц цардмæ, кæстæртæ сын куы фæзыны, уæд фæзыны æртыккаг фæлтæр æмæ афтæ дарддæр.

Цал фæлтæры у йæ  бон æрыййафын адæймагæн? Æвæццæгæн, иу – дæсы бæрц. Дæс фæлтæры, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ фæстæ нæ ныууадздзæн, фæлæ сын се ‘мбысы гæнæн ис фена. Иннæ æмбисы та, куыд фæзæгъынц, йæ райгуырдæй цæттæйæ æрæййафы – фæкæсы сæм размæ уæлæмæ.

Уыцы фæлтæрæй адæймагмæ иууыл æввахсдæр йæхи фæлтæр у. Уыцы фæлтæримæ фæцæуы царды фæндæгтыл, уыдоны ‘хсæн вæййынц йе ‘мгæрттæ, йæ хæлæрттæ, уæдæ йæхицæн цардæмбал дæр уыдоны ‘хсæнæй равзары. Адæймагæн æнцондæр дзурæн, хъуыддæгтæ æнцондæр аразæн вæййы йæ фæлтæримæ – кæрæдзийы хуыздæр фембарынц æмæ сын уый аххæссы сæ царды кæронмæ.

Адæймагæн йæ фæлтæры райдиан кары сты йæ сабибонтæ, йе ‘взонгад, зонындзинæдтæ исыны, хи царды фæндагыл ныллæууыны рæстæг. Уæд йæ разæй вæййынц йæ ныййарджыты, стæй йæ дадатæ æмæ гыцциты, дарддæр уыдоны ныййарджыты æмæ ма чизоны уыдонæн дæр сæ ныййарджыты фæлтæртæ. Иууыл хистæр фæлтæрæй ма йæ цæст схæцы æрмæстдæр иугæйттыл.

Бахæццæ вæййы ацы фæлтæры кар кæронмæ æмæ райдайы дыккаг кары рæстæг. Фæзыны сын кæрæдзийы фæдыл кæстæртæ æмæ уæдмæ цы базыдтой, цы сахуыр кодтой, уыдоны сын амонын райдайынц, цардыл сæ фæцайдагъ кæнынц. Афтæмæй сын сæ бынат бацахсынц, нымадмæ гæсгæ ныййарджыты дыккаг фæлтæры бынатмæ ассонгæйæ. Уыцы ног фæлтæр нал æрæййафынц, сæ ныййарджытæ иууыл хистæр фæлтæрæй кæй зыдтой, уыдоны.

Дыккаг фæлтæр, царды фæлтæрддзинад исгæйæ, аразы йæ цард, йæ бинонты цард. Кæддæр сæхæдæг цы сабидуг, æвзонгадыл рацыдысты, ууыл ныр цæуынц сæ кæстæртæ. Æмæ та кæддæр уыдонæн дæр уыцы рæстæг фæвæййы æмæ сбукъ вæййынц сæ цард аразыныл. Фæзыны уыдонæн дæр кæстæртæ æмæ сæхи фæлтæр саразынц. Афтæмæй фæкæс æмæ… адæймагыл дадайы, нанайы ном сбадтис æмæ уыимæ ахызтысты ног, ноджы хисдæр кар фæлтæрмæ.

Ацы кары фæлтæр иууыл «хъæздыгдæр» сты. Иуæрдыгæй нырма активон, цæрдхъом сты, аннæрдыгæй сæ дыууæ фарс сты хистæр æмæ кæстæр фæлтæртæ, кæцытæ йæм æввахс лæууынц æмæ кæрæдзийы æвзæр не ‘мбарынц. Уæд цард вæййы йæ тæккæ тынгыл. Фæлæ дарддæр цæуы рæстæг æмæ адæймаг йæ фæлтæримæ хизы ног æмæ ног кармæ. Кæсы фæстæмæ æмæ фæлтæрмæ æфты ног фæлтæр. Разæй цы фæлтæртæ уыд, уыдонæй йæм æввахсдæр фæлтæрæй дарддæр ничиуал ис. Уыдон дæр сбæрцыл сты. Къаддæрæй къаддæр кæнынц сабибонтæй зæронды бонмæ царды фæндæгтыл цы фæлтæримæ цыдис, уыдон дæр. Адæймаг цæрыныл куы фæвæййы, уæд рауайы афтæ æмæ сæ быныл дæр баззайы. Уый нæ, фæлæ йæ хъæбулты фæлтæр куыд ивгъуыйынц се ‘нусон бынатмæ, уымæн дæр æвдисæн свæййы. Хорз у, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ фæцæрын, фæлæ цас амондджын вæййы, уымæн дзуапп æрмæстдæр ахæм адæймаг йæхæдæг ратдзæн.

Куыдфæнды ма уа, адæймагæн иууыл хицондæр, иууыл зынаргъдæр йæхи фæлтæр у æмæ алчидæр се ‘хсæн амондджынæй цæрæт.

 

Хæст: дунескæнæджы

тæрхон æви адæймаджы эгоизм?

Нæ цард Дунескæнæджы æмæ адæймагæн йæхи æрымысгæ хъуыддæгтæй кæнгæ у. Сфæлдисæг алцы кæронмæ нæ аскъуыддзаг кодта, фæлæ уый хыгъд адæймагæн радта зонд, хъуыдыкæнынад æмæ абон цæрæм, цахæм цард нын ис, ахæмæй. Цæвиттон, Сфæлдисæг нын нæ алфæмблай байтыдта арæзтадон æрмæ-джытæ æмæ аразæм иуæй иннæ бæрзонддæр цæрæн хæдзæрттæ,  хъæугæ нын чи сты, æндæр ахæм бæстыхæйттæ. Нæ алфæмблай нын байтыдта алыгъуызон кæрдæджытæ, къутæртæ, бæлæстæ, кæцытæй æрмæст хæлцы тыххæй нæ пайда кæнæм, фæлæ се ‘хсæн агурæм æмæ ардæм, цы низтæ нæм фæзыны, уыдонæй нæхи фервæзын кæныны тыххæй алы æмæ алыгъуызон хостæ.

Бирæ, тынг бирæ сты адæймагæн йæ хæрзиуæгæн, йæ хæрзвадат царды тыххæй йæ зонд цытæ аразы, уыдон æмæ дарддæр дæр кусдзæн, мысдзæн, цæмæй ноджы хуыздæр кæна йæ цард.

О, фæлæ… Уыцы зонд цæмæн æрымысыд хæст? Адæмтæн сæ хъæддыхтæрты, сæ хуыздæрты, сæ æвзонгдæрты, фидæны цардаразæг чи хъуамæ уой, уыдоны мæлæты хъæлæсмæ чи калы? Цæмæн ссис нæ царды æнусон æмбæлц-цон æмæ нæ цард размæ куыд цæуы, афтæ æгъатырдæр цæмæн кæны?

Ацы фарстыл бирæ зондджын адæймæгтæ хъуыды кæнынц, фæлæ йын бæстон дзуапп дæттæг нæ зыны. Æмæ, æцæгæйдæр, цæмæн разынынц ахæм тыхтæ фылдæр, адæмæй адæмы ‘хсæн, бæстæйæ бæстæйы ‘хсæн æмæ æгас дунейыл дæр хæсты арт чи бандзарынц? Адæймагады æгас йæ историйы уæгъд нæ уадзынц ацы хæстытæ. Иутæ фæуæлахиз вæййынц æмæ цин кæнынц, иннæтæ та сæхи хъахъхъæнынхъом нæ бавæййынц. Æмæ афтæ нæ царды тугæйдзаг цалх тулы размæ.

Хæст нæ уæгъд кæй нæ уадзы, уымæ гæсгæ ис афтæ хъуыдыгæнджытæ дæр, зæгъгæ, уый адæймагæн йæхи æрымысгæ нæу, зæгъгæ, нын уый Дунескæнæджы лæвæрд у, куыд зæххæнкъуыст, донивылд, зæй æмæ æндæр æрдзон фыдбæллæхтæ, куыд емынæ, холерæ æмæ адæмы æндæр куынæггæнæг низтæ. Цæмæй Зæххæн йæ бон дарын цас у, уымæй ма фылдæр кæной адæм.

Нæ зонын, цас раст у ацы хъуыды, фæлæ дам, æгæргæнæг æгæр кæны…

Дуне фæхæццæ кæны ахæм арæнмæ, æмæ тас у, нæ рæсугъд Зæхх æдзæрæгæй куы аззайа. Ногæй ногдæр куынæггæнæн хæцæнгæрзтæ сæ хъомыс æргомæй здахынц æрмæст адæмы нæ, фæлæ æппæт уæвæгойты дæр скуынæг кæнынмæ. Ныхас цæуы ядерон хæцæнгарзæй спайда кæныныл дæр.

Цы у цахæмфæнды хæстæн дæр йæ нысан? Æмбæрстгонд у, лæмæгъ адæймаг тыхджынимæ хыл кæныныл не схæцдзæнис. Афтæ чысыл, лæмæгъ паддзахад дæр хъомысджын паддзахады ныхмæ хæст нæ раситдзæнис. Уæдæ аххос хауы тыхджындæр, размæдзыддæр паддзахадтæм. Уæ цæст ма ахæссут дунеон картæйыл æндæра дунеон аренæйы сæйраг политикон хъазджытæ чи сты? Раззагондæр, тыхджындæр паддзахадтæ. Æмæ уыдоны ‘хсæн иууыл хъомысджындæр бæстæ – АИШ, йæ фарсмæ къорд хъомысджын бæстæты æрбамбырд кæнгæйæ, сæ фæнд тæрынц, цæмæй дунейы фæткæвæрæг уыдон уой, цæмæй сæ интерестæ æгас дунейыл æххæссой, æндæрты уый фæнды æви нæ, уымæ нæ кæсгæйæ. Фæнды сæ, цæмæй æндæрты хардзæй сæ цард ноджы хуыздæр кæна.

Æмæ уæд сцырын вæййынц адæймагæн йæ эгоистон æнкъарæнтæ, кæцытæ анхъæвзынц ахæм бæстæты дзыллæтыл. «Махæн хорз уæт, æндæртæ цыфæнды кæнæт», – уыцы æмбарынад сын æрфидар кæнынц сæ зондахасты æмæ сæ раздзогтæ дæр лæуд вæййынц ахæм фæндагыл. Æмæ райтынг кæнынц хæст, тугкалæн хæст.

 

Амонд

Стыр ахуыргонд йæ лæбараторийы кусы, архайы. Цы æрымысыд, цы хъуыддагыл утæхсæн кæны, уый йын адæмы рæгъмæ рахæссын нæ æмæ не ‘нтысы. Адæмы та афтæмæй, куыд тынг хъæуы йæ сæр! Æмæ йæхинымæр уынæргъгæйæ, фæзæгъы, цæй æнамонд дæн, зæгъгæ…

Фæлтæрд цуанон фæстаг рæстæджыты цал æмæ цал хатты ацыд цуаны,  фæлæ та-иу фæстæмæ сæргуыбырæй йæ хæдзармæ афтидæй æрыздæхт. Нал æмæ нал бамбæлы сырдыл. Афтæмæй та-иу кæддæрты сæгуыты, гъе та æндæр сæрды мард йе ‘ккой, афтæмæй сæмбæлд йæ хæдзарыл. Æмæ ныр фæзæгъы, амонд мæм йæ мидбылты нал бахуды, зæгъгæ…

Мæнæ æрыгон чызг – царды амонд чи агуры – лæппуимæ сæ фембæлæн бынатмæ æрбацыд, фæлæ лæппу зынæг нæй. Кæсы æнхъæлмæ чызг – лæппу йæм ничердыгæй тагъд кæны. Цас хъуамæ æнхъæлмæ кастаид рæсугъд æмæ уæнгтæхъилæй рараст, цы фембæлд нæ рауад, уыцы бынатæй. «Цæуылнæ æрбацыд? Фæсайдта мæ! Мæнæн та мæ хъуыдытæ æдзух йемæ баст уыдысты… Цæй æнамонд дæн…», –  куыдта чызджы зæрдæ…

Афтæ æндæр æмæ æндæр хъуыддæгты лæуд адæймæгтæ дæр. Зæгъгæ, царды чысылдæр искуы фæкъуыхцы стæм, уæд нæ бирæтæ хъаст кæнынмæ фæвæййынц, æнамонд дæн, зæгъгæ. Афтæмæй та æнамонд ничи у, хъысмæт бынтон кæуыл рахæтыд, уыдонæй дарддæр.

Уæдæ не стыр ахуыргонд дæр æнамонд кæм у. Афтæ куы уаид, уæд ын нæ бантыстаид схизын зонады ахæм бæрзæндмæ. Ныр дæр та йæм бахуддзæн амонд æмæ йе стыр уаргъ йæ уæхсджытæй аппардзæн, рог сулæфдзæн.

Нæ фæлтæрд цуаноны нырма йæ цæст нæ сайы æмæ та æрбалæудзæн рæстæг:  фехсдзæн хохвахсмæ сæгуыт, дзæбидыр, гъе та æндæр сырды, уый æртулдзæн йæ размæ æмæ та æцæг цуаноны цыдæй цæудзæн йæ хæдзармæ.

Нæ хъæуы кæуын æрыгон чызджы дæр. Æрхъæцмæ фæлæууын хъæуы – хъæуы уал базонын, лæппу кæй нæ фæзынд, уымæн йæ аххосаг. Æмæ кæд сайдæй рацыд чызгыл, уæд цы чындæуа? Чизоны уый нæ уыд йæ амонд. Чизоны йæм йе ‘цæг амонд разæй æнхъæлмæ кæсы? Куыдфæнды ма уа, амонд раскъæфгæйæ нæу, стæй алкæмæ иугъуызон нæ бахуды. Вæййы афтæ дæр æмæ дыууæ адæймагæй иумæ хуыздæр амонд фембæлы, фæлæ рауайы иннæрдæм. Чи йын цы бамбардзæн ацы амондæн! Фæлæ уæддæр хъаст кæнын не ‘мбæлы. Цы амондæй фæхайджын дæ, ууыл хъæцын хъæуы. Хъæцын нæ – хъæуы амондмæ фæндагыл ныфсджынæй цæуын, йæ сæрыл тох кæнын. Куыд фæзæгъынц, адæймаг йæхæдæг у йæ амонды куырд, кæд алы хатт афтæ нæ рауайы царды, уæддæр.

 

Хи фæндаг

Адæймагæн йæ райгуырдæй фæндагау йæ райгуырдмæ фæндаг дæр цыбыр нæу. Бæлвырдæй кæд райдайы, уый зын зæ-гъæн у, фæлæ зæгъæн ис, кæй райдайы цалынмæ йæ мады гуыбыны сæвзæры, уæдмæ дæр. Фидæны адæймаг, куыд гоймаг, афтæ цахæм уыдзæнис, уый бирæ кæнгæ у, йæ ныййарджытæ цахæм гоймæгтæ сты, уымæй. Афтæ рахæссы, уыдонæй сæ иумæ уæддæр цы æвзыгъддзинæдтæ ис, уыдон, сæ уагахасты, се сныхасы манерæтæ æмæ æндæр ахæмтæ. Æгæрыстæмæй, фæхайджын вæййы йæ дарддæр фыдæлтæй кæцыдæры миниуджытæй, æвзыгъддзинæдтæй, æмæ, æгæрыстæмæй, курдиатæй дæр. Æмæ уæд фæзæгъæм, йæ фыдæлтæй рахæсгæ, афтæхуыйнæг гентæ сæхи базонын кодтой.

Фидæны адæймагыл æнæндавгæ нæ бавæййы йæ ныййарджыты æнæниздзинад дæр. Ис ахæм низтæ æмæ ныййарæгæй хъæбулмæ хизынц. Стæй æнæ уыдонæй дæр цас ныййарджытæ æнæниздæр уой, уыйас æнæниздæр уыдзæнис, рухс чи хъуамæ фена, уыцы саби. Ууыл, æгæрыстæмæй, æндавы ныййарджытæ сæ цард баиу кæныны размæ цахæм цардуаг кодтой, цахæм фæндагыл æрцыдысты сæ иумиаг цардмæ, уыдæттæ. Уарзты æнкъарæнтимæ æвзонг адæймаг æнæнкъаргæ нæ вæййы æндæр цины æмæ уыимæ масты æнкъарæнтæ дæр. Уыдон ын йæ удыскондыл сæ фæд уадзынц æмæ сæ кæддæр цасдæрбæрцæй фæхайджын уыдзæн фидæны саби дæр.

Саби мады гуыбыны куы сæвзæры, уæд фидæны сабийыл нымад нал цæуы. Уый райдайы цæрын, уый уæвы, кæд æндæр дунейы ис æмæ нæма райгуырд, уæддæр. Ныр саби цахæмæй райгуырдзæн, уый, сæйраджыдæр, баст у ныййарæгæн йæхиуыл – цахæм уа йæ хæрд, йæ царды уаг, йæ психикон-эмоционалон уавæр. Дыууæ уды фæцæрынц иу цардæй. Саби рæз хæссы æмæ куыд рæзы, афтæ йæхи зонын кæны йæ тæлфтæй йæ мады гуыбыны.

Афтæ рухс дунемæ фæзыны ног адæймаг. Уымæн, куыд алы сабийæн, йæхи фæндаг уыд йæ райгуырдмæ. Йæ райгуырдæй дæр æм æнхъæлмæ кæсы йæхи царды фæндаг…

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.