ИУ РÆСТÆДЖЫ  –  ДЫУУÆ  РАДЫ

Лæууын рады. Лæууын дыууæ раны. Иу рæстæджы….

Фыццаг рады лæууын базары – кæсæгтæ хъуамæ балхæнон. Мæ разæй радылæуджытæ цадæггай къаддæрæй-къаддæр кæнынц, æз та кæсæгтæм – хæстæгæй хæстæгдæр. Радылæуджытæн сæ иувæрсты куы акæсын, уæд суынын  кæсæгты, стæй  сæ чи уæй  кæны, уыцы  æмбискар сылгоймаджы    дæр.

Райгонд у сылгоймаг. Æмæ мæнæй-ма!  Йæ товар хæлæфæй уæй кæны æмæ ма йæ æндæр цы хъæуы? Кæннод сæ фарсмæ сбад æмæ дзыназ, æнхъæлмæ кæс, кæд дæм фæзындзæн æлхæнæг, уымæ.

Ахæм зæрдæйы равгыл хæст не сты радылæуджытæй бирæтæ æмæ сæ хъуыр-хъуыр райхъуысы рады æндæр æмæ æндæр рæттæй. Сæ цæсгæмттæ размæ сты, фæлæ фæрсæрдæмыты дæр куыннæ акæстытæ кæнынц æмæ сыл уæд цæст схæцы. Æндæртæн та сæ хъæлдзæг ныхас не скъуыйы. Ис дзы ахæмтæ дæр, кæцытæ хуыздæрыл нымайынц хъусын. Ахæм сты адæм.  Иу джиппы уагъд куынæ сты, мыййаг.

Уæвгæй, адæймаг иууыл тынгдæр, æвæццæгæн, базары банкъары, цард æхсидæгау кæй кæны. Алкæйы дæр хæрын, дарæс æлхæнын хъæуы æмæ нæ фæндаг скæнæм базармæ. Ам базаргæнджыты рæзты адæм дыууæрдæм кæнынц. Иуты раз амбырд вæййынц æмæ рад ацаразынц, æндæр базаргæнджытæ та æнхъæлмæ кæсынц иу æлхæнæг уæддæр  фæзыныны ныфсæй. Ардæм, базармæ, афтид хызынтимæ бацæуынц æлхæнджытæ æмæ дзы йедзаг хызынтимæ рахизынц.

Мæ афтид хызынимæ æз æггуырстæн размæ, кæсæгтæм, æмæ балæууыдтæн сæ разы. Фæцис рады мæ лæууыны æмгъуыд, балхæдтон кæсæгтæ, сæ аргъ сын бафыстон æмæ рахызтæн радæй.

Ууыл фæцис рады мæ лæууыны рæстæг. Фæлæ дарддæр æз лæууын æндæр рады. Ацы радылæуджыты бæрц къухты æнгуылдзтыл не ‘рнымайдзынæ. Мемæ лæууынц дунейы æгас адæмтæ иууылдæр. Чи – мæ разæй, чи – мæ фæстæ. Цæуæм иууылдæр цадæггай размæ, рады кæмæ лæууæм, уый размæ фæндаг цыбырдæр кæнгæйæ. Кæмæ цæуæм, кæмæ лæууæм рады, уый та – мæлæт.

Æз, кæсæгтæм рады лæугæйæ, уыдонмæ, стæй сæ уæйгæнæгмæ куыд кастæн æмæ сæ куыд уыдтон, афтæ мæлæтмæ  размæ кæсгæйæ, стæй йæ разы балæугæйæ дæр уый ничи суындзæн, ничи йын бакæсдзæн йæ цæстытæм. Махæй, радылæуджытæй, ничи зоны, мæлæтæн йæ фæстæ цы ис, базары цард куыд тæлфы, абухы, афтæ у уым дæр æви нæ.

Кæсæгтæм рады лæугæйæ, æз зыдтон, цас дæрддзæгмæ мæм сты æмæ мæ  растдæр уыйбæрц ацæуын кæй хъæуы размæ. Нæдæр фылдæр, нæдæр къаддæр. Мæлæтмæ нæ иумæйаг рады махæй ничи зоны, йæ разы кæд февзæрдзынæ, уый. Нæдæр урсбоцъо зæронд лæг, нæдæр æмбискары адæймаг.  нæдæр саби. Ам дæр кæсæгтæм рады лæуджытау адæм кармæ гæсгæ дих нæ цæуынц, фæлæ кæсæгтæм рады лæуджытæй иу иннæйы размæ нæ балæудзæн, йæхи нæ фæраздæр кæндзæн. Нæ иумæйаг рады та мæнæй фæстæдæр æндæр æмæ æндæр рæтты чи фæлæууынц, уыдон фæкæс æмæ… мæ разæй мæлæты раз балæууынц…

 

АЦЫ РАДЫ, ХЪЫГАГÆН, ФÆТК НÆЙ…

Махæй, иумæйаг радылæуджытæй, алчидæр зоны æмæ æмбары, кæддæр йæ рад кæй æрцæудзæн æмæ кæй балæудзæн мæлæты раз. Фæлæ нæ никæйы фæнды æууæндын, уыцы кæддæр гæнæн ис æмæ абон дæр кæй уа. Алчидæр нæ мæлæты йæхицæй бæргæ суры, æттæдæр æй кæны, фæлæ йыл, хъыгагæн, алчи йæ царды кæрон нæ сæмбæлы – рады лæугæйæ йæм царды цы дæрддзæг æмбæлы, уый йын нæ бантысы рацæуын…

 

РÆСТÆДЖЫ   ТАГЪДАД

Дун-дунейы æппæт стъалытæ-планетæтæ змæлды сты. Змæлгæ чи кæны, уымæн та тагъдад ис. Мах, зæххыл цæрджытæ,  нæ зонæм, кæд ма искуы æндæр планетæтыл цард ис, уæд уыдон сæ рæстæг куыд барынц, фæлæ зонæм нæхи рæстæг куыд баргæ у, уый. Сæйраг барæнтæй иу у, нæ Зæхх Хуры алыварс йæ орбитæйыл цас рæстæгмæ æрзилы, уый æмæ йæ рахуыдтой афæдз. Иннæ барæн та – Зæхх йæ сæмæны алыварс иу зылд цас рæстæгмæ æркæны, ома суткæ. Иннæ барæнты – æнус, мæй, къуыри, сахат æмæ афтæ дарддæр адæймаг æрымысыд йæхæдæг рæстæг барыны хæрзвадатдзинады тыххæй. Рæстæджы ацы тагъдады барæнтæн фæивæн нæй, адæймаджы тынг куы фæнда, уæддæр. Уымæн æмæ нæ бон фæивын нæу Зæххæн Хуры алыварс æмæ йæ сæмæны алыварс тагъдадæн. Мах стæм æрмæстдæр йæ бæлццæттæ æмæ нæ уыцы тагъдадтæй скъæфы размæ рæстæджы тыгъдады.

Фæлæ уæддæр алы адæймаг дæр рæстæджы цыдыл, йæ тагъдадыл йæхирдыгонау æндавы. Кæд физикон æгъдауæй нæ, уæддæр кæмдæр йæ хъуыдыты. Хъуыдытæн сæ бон бирæ у, уыдон дæ мæйыл дæр арауай-бауай кæнын кæндзысты, хæхтæ дын рафæлдахын кæндзысты… Цæвиттон, зæрдæмæ æввахс, уарзон хъуыддагыл ифтыгъд куы уай, дæ  хъуыдытæ йемæ баст куы уой, уæд рæстæг йæ цыды тагъдад фæфылдæр кæны æмæ йæ кæронмæ куы фæуай, уæд æнæмæнг зæгъдзынæ, рæстæг цæй тагъд агæпп кодта, зæгъгæ. Рæстæг тагъд азгъоры æрыгон лæппу æмæ чызгæн дæр, куы фембæлынц, уæд.

Афтæ иннæрдæм дæр. Зæгъгæ ницы аразыс, бонасадæн кæныс, дæхи цы фæкæнай, уый нæ зоныс – рæстæг ныддаргъ вæййы. Рæстæг йæ цыд фæсабырдæр кæны, куыст йæхимæ кæй не ‘лвасы, æвæндонæй йæм чи æрæвналы, уымæн дæр. Уæдæ цы загъдæуа, ахæстоны цыппар къулы  ‘хсæн чи бады æмæ йе ссæрибары бонмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уымæй та? Гъай-гъайдæр ыл ныддаргъ вæййы рæстæг.

Фарстæуы: цины, рæсугъд хабæртты рæстæг тагъддæр цæмæн згъоры, мæгуырау, хъыджы хабæрттæы та – сындæггайдæр?

 

ЦÆСТЫТÆ, ХЪУСТÆ, КЪÆХТÆ…

Дунескæнæг адæймагæн цæстытæ радта, цæмæй йæ алфæмблай рухс, рæсугъд дунемæ кæса. Уыцы дуне та стыр, æгæрон у æмæ йыл цæстытæ не ‘ххæссынц. Фæлæ адæймаг ууыл æппындæр нæ тыхсы æмæ сæ райгонд у. Йæ бон у судзины фæдзæл атъыссын; йæ хæдзары къæсæрæй рахизгæйæ, йæхи хуызæн адæймæгтыл сæмбæлын, семæ аныхас кæнын; йæ алыварс цы ис,  уыдон фенын; рындзæй ракæсгæйæ æгас хъæуыл, горæтыл цæст ахæссын, быдыртæ, хъæдтæ, хæхтæм акæсын.

Цæстмæ хæстæгдæр чи сты, уыдон лæмбынæгдæр, бæстондæр уыны, куыд дарддæр кæнынц, афтæ дзы алцы лæмбынæг нал февзары. Дард, тынг дардмæ та сæ æвзæргæ дæр нал кæны. Æмæ хъæугæ дæр цæмæн кæнынц адæймаджы? Цæмæн æй хъæуы уартæ арвимæ чи иу кæнынц, уыцы хæхты суадон кæцыран цæуы, сычъи дзы цырæтты хизы, цахæм кæрдæг дзы рæзы… Уырдæм, мыййаг суадоны донæй нуазынмæ куынæ фæцæуæг уыдзæн, сæгуытмæ йæ топпы нæмыг куынæ фæхæццæ уыдзæн, цæвæг куынæ райсдзæн æмæ уыцы кæрдæджы кæрдын куынæ райдайдзæн. Уæдæ фæсхох цытæ цыдис, уыдон та йæ бынтондæр нæ цымыдис кодтой.

Афтæ – хъустæ дæр. Мах нæ хъусты руаджы фехъусæм, цы дуар кæнæм, уый хъинцъ, кæйдæр къæхты уынæр, кæимæ ныхас кæнæм, уый хъæлæс, цæвæджы æхситт, хистæры нæргæ зарæг чындзæхсæвы, мæргъты цъыбар-цъыбур… Æмæ та ам дæр уыдон адæймагæй куыд дарддæр кæнынц, афтæ уыцы зæлтæ цадæггай адæймаджы хъусты сысынц. Чи адард вæййынц, уыдоны хъæр-хъæлæба, æхцон зæлты хъустæ бынтондæр нал фæахсынц æмæ та уыдонмæ дæр нал фæцымыдис кæнæм. Цымыдисон нын свæййынц, цы бынатмæ бахауæм, уым нæ хъустæ цы зæлтæ, цы ныхæстæ фехъусынц, уыдон.

Æмæ-иу куыд бахауд адæймаг ивгъуыд дуджы æндæр бынатмæ? Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаджыдæр, сæ къæхты фæрцы, стæй бæхы руаджы дæр. Къахæй, бæхыл бафтæн кæдæм нæ уыд, уыцы бынæттæ дæр цымыдисон нæ уыдысты адæймагæн. Уымæн æмæ сæ нæ зыдта æмæ йæ сæ базоныны ныфс дæр нæ уыд.

Цæстытæ, хъустæ, къæхтæ – уыдон сты, сæйраджыдæр, нæ алфæмблай дунеимæ нæ чи æнгом кæнынц, чи бæттынц, уыдон. Мин-мин азты нын лæггад кодтой, æрдз нын сæ цæй тыххæй радта, уыцы хъуыддагæн, бæрæг фæлгæтты уæвгæйæ. Фæлæ ныр та цы уынæм? Цæст дардмæ кæй нæ уыны, дардыл кæй не ‘ххæссы, уымæ гæсгæ адæймаджы зонд æрымысыд биноклтæ – акастæ сæ, зæгъгæ, дард хæхты дæр дын дæ армы тъæпæныл æвæрдау авæрдзæн. Суындзынæ суадоны, сæгуыты æмæ цы кæрдæгыл хизы, уый дæр. Фæлæ бинокл дæр фаг нæ фæкаст адæймагмæ æмæ æрымысыд телескоп, сыздæхта йæ арвмæ æмæ дзы йæ цæстытæй акаст арвы  тыгъдады стъалытæм… Æрымысыд микроскоп æмæ нæ цæст ныккæсы æмæ базоны, æрдзы цы буарадтæ ис, уыдоны сконд. Рентгены руаджы та фены æмæ базоны, нæ буары мидæгæй цытæ цæуы, уыдоны…

Хъустæн дæр фаг нал сты йæ фарсмæ лæууæг адæймаджы ныхæстæ, йæ алыварс алыгъуызон зæлтæ хъусын æмæ фехъусы, мингай километртæ æттæдæр чи вæййы, уымæн дæр йæ ныхасмæ радиойы – телевизоры ма сын сæхи дæр фæуыны.

Уыдон махæн хъусын кæнынц хабæрттæ дунейы алы рæттæй, нæ разы кафынц, зарынц æмæ… адæм кæмдæр кæрæдзийы, хъыгагæн, куыд цæгъдынц, уыдæттæ дæр. Адæймаг адæймаджы ныхас хъусы космосмæ дæр.

Иууыл диссагдæр та къæхтæ сты.  Адæймаг цы хъæуы райгуырд, уырдыгæй, уыцы комбæстæй дарддæр чи нæ цыдысты, уыдон ныр Зæххы чъылдымыл кæцы къуымы нæ балæууынц! Æмæ, уадз, уыцы дард фæндæгтыл йæ дыууæ къахæй ма цæуæт, дæлфæдихсыд ма бауæт, уæддæр сæ сæр кæмфæнды дæр бахъæуы, хæдтулгæйæ, денджызон науæй æви хæдтæхæгæй, æрхиза, уæддæр. Къæхтæн Зæххы къори фаг нæ разынд æмæ акъахдзæфтæ кодтой Мæйы уæлцъарыл дæр…

Цы уыдзæнис дарддæр, цы! Цы ма фендзысты нæ цæстытæ, цытæ ма хъусдзысты нæ хъустæ, кæм ма балæудзысты нæ къæхтæ?

Æмæ ма ноджы. Нæ цæстытæ, хъустæ, къæхтæн цы æрдзон арæнтæ ис, уыдоны фæлгæтты нæ цæстытæн фенын кæнæм, чи нæ нæ хъæуынц, не ‘нцойад нын чи фехалынц, ахæм нывтæ, нæ хъустæн фехъусын кæнæм, æхцондзинад кæмæй нæ райсæм, ахæм ныхæстæ, зæлтæ, нæ къæхтæ  нæ бахæссынц, хатт  раздæхæн  кæцæй нал вæййы, ахæм ранмæ…

Кæсæт уæ цæстытæ уæхи æмæ уæ алыварс уæвджыты хъæлдзæг, амондджын цардмæ, хъусæт уæ хъустæ хорз, рæвдаугæ ныхæстæ, хорз хабæрттæ, уæ къæхтæ та уæ кæддæриддæр æфтауæд рæсугъд фæндæгтыл.

 

ЧИ  СХОС  КÆНДЗÆН НÆ  УДТÆН ТА?

Иууыл зынаргъдæр цы ис, уый – æнæниздзинад. Уый та фæцудын зоны, кæм нæхи аххосæй, кæм та нæхицæй кæнгæ нæ вæййы. Æмæ уæд æххуыс бацагурæм дохтыртæм, медицинæйы кусджытæм. Ныры дуджы медицинæ размæ стыр къахдзæфтæй цæуы æмæ стæм низтæй дарддæр йæ бон у схос кæнын алы низæн дæр.

Медицинæ æппæтæй дæр здæхт у буары низты ныхмæ тох кæнынмæ æмæ нын уымæй нæ царды бонты фылдæр кæны.

Уый – буары низтæ. Уыдонæн хос кæнынц медицинæйы кусджытæ. Гъе, фæлæ чи схос кæндзæн нæ удтæн та? Цæмæй карздæр нæ, фæлæ нывылдæр кæной адæймагæй адæймаджы ‘хсæн ахастытæ. Иу адæймаг ма æфхæра физикон æгъдауæй дæр æмæ ныхасæй дæр æндæры, ма йæм æвзида, ма йæм иса марæн кард. Мах кæсæм æмæ уынæм, дунейы адæмтæн сæ удтæ куыд рынчын кæнынц, адæймаг адæймагæн куыд æцæгæлондæр кæны, куыд дзы дарддæр кæны, æрмæст йæхи гуылы бын чи æндзары, ахæм адæймæгтæ, бæстæтæ фылдæрæй фылдæр куыд кæнынц.

О, Хуыцау, рарвит нын хосгæнæг нæ удтæн æмæ дуне æнцойад ссара.

Куыд фæзæгъынц, адæймаг йæхæдæг у йæ амонд аразæг, кæд алы хатт афтæ нæ рауайы царды, уæддæр.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.