Президент Гаглойты Аланы хъæппæрисæй министрадтæ æфснайынц нæ республикæйы кувæндæттæ. Бирæ азты дæргъы сæм æркаст нал ис æмæ æдзæллаг уавæрмæ æрхаудтой. Ныридæгæн ныссыгъдæг кодтой цалдæр кувæндоны æмæ дарддæр дæр архайынц, цæмæй æмбæлон уагмæ æркæной кувæндæттæн сæ фылдæр территоритæ.

Цхинвалы районы Биеты хъæуы ис рагон кувæндон – бынæттон цæрджытæ йæ хонынц Тутыры кувæндон. Йæ кувæн бонтæ вæййынц уалдзæджы æмæ йæ бынмæ фæцæуынц хæстæг хъæутæй. 1990 азтæй фæстæмæ Биеты цæрæг нал ис, сыхаг хъæуты цæрджытæ дæр азæй-азмæ къаддæр кæнынц æмæ йæ бынмæ арæх ничиуал цæуы. Хуссар Ирыстоны цæрджыты фылдæр хай ацы диссаджы кувæндоны тыххæй, йæ уникалон бæстыхайы тыххæй никуы ницы фехъуыстой. Ӕмæ уый диссаг дæр нæу – цы къахвæндаг æм цæуы, уый скъутæр ис æмæ зынгæ дæр нал кæны. Кувæндоны бынмæ автомашинæйы фæндаг нæй. Къахæй йæм хъæуы суайын 500 метры бæрц хъæды астæуты.

Ацы уаз бынат бæстон сыгъдæг нал æрцыд 1960 азтæй фæстæмæ æмæ кувæндоны алыварс схъæд, схæмпæл ис, йæ къултыл та стыхстысты зайæгойтæ.

Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад фæндон рахастой, цæмæй кувæндоны алыварс бафснайой. 14 сентябры райсомæй бынатмæ ацыдысты 20 адæймагæй фылдæр. Семæ ахастой хырхытæ, халамæрзæнтæ, фæрæттæ, æхсæдæн хæсгæрдтæ. Кувæндоны бынмæ ссыдысты кувинæгтимæ, цæмæй сын дзуар йæ хорзæх радта æмæ сæ бауадза бафснайын. Фæссихормæ кувæндоны алфамблай  фæзйæ хуыз скалдта – бæлæстæ аууон нал дардтой, къутæртæ æмæ хæмпæлтæ асыгъдæджы фæстиуæгæн дзæбæх разындысты бæстыхайы къултæ æмæ хорз рафидыдта. Кувæндоны сæрмæ схызтысты цалдæрæй æмæ дзы бафидар кодтой ирон тырыса. Цы фæндаг æм цæуы, уый дæр ныр сыгъдæг у къутæрæй, дзæбæх разынд рагон къахвæндаг æмæ йæм ныр цæуын æнцондæр уыдзæнис – фæдзæгъæлæй дзы тас нал у.

Биеты комплексы кувæндоны арæзтад историктæ хæссынц IX æнусмæ. Ис ма дзы егъау зал дæр, фæлæ уый фæстæдæр, астæуккаг æнусы арæзт у. Бæстыхайы цæгатварс къул у къæдзæх, кæцыйы мидæмæ къахт ис лæгæттæ æмæ сæ, æвæццæгæн, раджы пайда кодтой, куыд цæрæнуæттæй, афтæ. Ацы архитектурон комплекс ма схонæн ис æрдæглæгæт арæзтад дæр, ома бæстыхайы фылдæр хай ис къæдзæхы мидæг. Кувæндоны къултæ амад сты дойнаг дурæй, чъырæй æмæ къæйдуртæй. Ам, æвæццæгæн, цардаиккой моладзантæ – ис дзы алыхуызон арæзтæдтæ, куыд кæрдзын хæрæн бæстыхай, чысыл уаттæ æмæ афтæ дарддæр. Кувæндоны алыварс та уыд сисæй амад – æмбонды фрагменттæ нырма дæр кæмдæрты зынынц. Территорийыл ма ис рагон уæл-мæрдтæ дæр – ингæнты дуртæ ныр дæр зынынц.

Бафснайдтой Тутыры кувæндоны алыварс

Биеты кувæндон гуырдзиæгтæ хонынц сæхи, кæд æмæ Ирыстоны территорийыл ис, уæддæр. 1990-æм азты ма дзы археологон аргъад цæмæн уыд, уыдон иууылдæр аластой. Ӕгæрыстæмæй къултæй раппæрстой  рагон фыстытимæ дуртæ, æмæ сæ ахастой. Афтæмæй раууатмæ æрцыд архитектурон комплекс. Йе сцалцæг кæнын хорз уаид, фæлæ йæм йæ ныфс алкæцы реставратор нæ бахæсдзæнис – тынг вазыгджын объект у, рагон арæзтад æмæ ма йæм фæндаг дæр нæй.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.