АУУОНЫ

Рухс царды цæргæйæ, адæймаг йæ царды рухс йæ райгуырдæй амæлæтмæ иугъуызон нæ исы. Саби йæ райгуырдæй æдзух вæййы йæ ныййарджыты, чи йæ хъомыл кæны, уыдоны аууон, сæ æдзухон хъусдарды бын – йæ мады хъæбысы, йæ авдæны. Уыдоны куыд фæнды, цы фæнды, афтæ йын аразынц, цæмæй байрæза, дзурын базона, йæ къæхтыл азгъора. Æмæ дзурын куы базоны, кæйдæр хъуыдытæ æмбарынхъом куы фæвæййы, йæхи хъуыдыты æндæртæн æмбарын куы райдайы, йæ къæхтæ кæрæдзийы фæдыл куы райдайы исын æмæ къæсæры сæрты зынтæ-зынтæй куы ахизы, уæд ыл сныдзæвынц йæ сæрмагонд царды рухс тынтæ дæр.

Саби рæз куыд хæссы, афтæ къаддæрæй къаддæр кæны, цы иууыл æввахсдæр адæймæгты аудындзинады аууоны бын уыдис, уый тагъдад, фылдæр, уæрæхдæр та кæны йæ рухс царды, йæхæдæг кæй фæлдисы, уыцы рухс царды тыгъдад. Стæй æрбалæууы рæстæг æмæ кæддæры саби бахизы йæ усгуры, чындздзон чызджы кармæ, æрлæууы йæхи царды фæндагыл æмæ уæдмæ бынтондæр рахизы, цардмæ йæ чи ракодта, уыдоны аууонæй æмæ йæхи фæтавы йæ царды рухс хуры тынтæм. Уыцы азтæ вæййынц царды иууыл хуыздæр, рæсугъддæр, амондджындæр азтæ, уымæн æмæ дæ бон у, дæхи куыд фæнды, афтæ дæ цард аразын, уымæн æмæ ныр та ды дæ хæсджын, цæмæй цы кæстæр, кæс-тæртæ фенын кодтай, уыдонæн уай аууондарæг æмæ дæ аудындзинады аууоны бын рæз хæссой, æххуыс сын кæнай сæ фидæны цардмæ фæндаг аразынæн, дæхицæн дын кæддæр куыд æххуыс кодтой, афтæ.

Уыцы азтæ адæймагæн йæ хурхæтæны азтæ вæййынц. Гъе, фæлæ царды хур скæ-сын куыд зоны, йæ хæтæнмæ ссæуын куыд зоны, афтæ ныгуылæны ‘рдæм акъул кæ-нын дæр зоны. Æмæ йæ царды рухс лæмæгъæй лæмæгъдæр кæнын райдайы, райдайы йæ тых сæттын. Йæ зæры бонты йæ ногæй бахъæуы æндæр аууон цадæг-цадæг балæууын. Ацы хатт уыдон йæ ныййарджытæ нал вæййынц – уыдон вæййынц, царды рухсы тых кæмæн бавзарын æмæ банкъарын кодта, уыцы кæстæртæ. Æмæ кæд уыдонæй цух разыны, уæд уыцы хæс йæхимæ райсы паддзахад.

Алчи дæр зоны, царды уыцы нымæггæнæг рухс кæй никуыуал скалдзæн, цæхæр уый кæй нымæг кæны йæ уæнгты æмæ уды нымæггæнæг тыхтимæ æмæ, фæнда йæ æви нæ, адæймаг йæ фæндаг адары йе ‘нусон бынатмæ. Уый царды æнусон закъон у æмæ йæ бон никæмæн у йæ фехалын. Фæлæ махæй бирæтæ фехалынц, нæ дзырды сæр цæй фæдыл уыд, уыцы фæткы æмæ æрæгмæ, гъе та стыр бафæстиатмæ рахизынц сæ ныййарджыты армы аууонæй æмæ сын сæ царды кæронмæ хъомылгæнæгæй, даринагæй баззайынц.

 

АЛЫ НИЗÆН –

 ЙÆХИ ХОС

Адæймагæн æппæт йæ историон фæндагыл йæ æдзухон æмбæлццон, хъыгагæн, сты алыгъуызон низтæ. Нæй ахæм адæймаг, кæцы йæ царды никуы ницы низæй схъæрзы. Стæй æрмæст адæймаг нæ – низтæ æмхиц сты, æрдзы мидæг нæ фарсмæ чи уæвынц, уыцы цæрæгойтæ, зайæгойтæ, æгæрыстæмæй, зæхх йæхæдæг дæр. Фæлæ низтæй рынчын кæнын куыд зонæм, афтæ цасдæрбæрцæй зонæм нæхицæн схос кæнын дæр.

Ацы хъуыддаджы адæймагæн йæ зонды руаджы йæ фадæттæ фылдæр сты. Ам кæддæриддæр нæ фарсмæ вæййы æмæ нын нæ къух аразы, кæй хай стæм, уыцы æрдз. Фыццаджыдæр, куыд адæймаджы, афтæ æндæр цæрæгойты дæр схайджын кодта ахæм миниуæгæй, æмæ низ куы фæзыны, уæд нын нæ организмы хæлцы домындзинад æрныллæг кæны æмæ зæрдæ нал фæагуры хæрд. Цæмæй низы ма «æфсадæм» æмæ йæ уымæй ма цæрын кæнæм. Раст у, зын у организмæн дæр æнæ хæрд, фæлæ æрдз афтæ растдæрыл нымайы.

Цæмæй нæ организмы куыст нывыл уа, уый тыххæй мах рæстæгæй рæстæгмæ зонгæ-зонын дæр нæхиуыл хæрдæй фæхæцæм. Цæмæй организм йæхи ссыгъдæг кæна. Йæ нысан уый уыд ком, мархо дарынæн дæр. Мах зонæм, æнæниздзинад фидар кæнынæн физикон фæлтæрæнтæ дæр хорз кæй сты æмæ сæ аразæм.

Уымæй дарддæр адæймаг æппæт йæ историон фæндагыл йе ‘нæниздзинад банывыл кæныны тыххæй æххуыс кæддæриддæр агуырдта æрдзæн йæхи мидæг дæр. Иу кæнæ иннæ низы ныхмæ тох кæнгæйæ, фиппайын райдыдта, йæ алыварс зайæгойтæй, минералтæй, буарадтæй кæцыдæртæ цавæрдæр низ фесафынæн ахъаз кæй кæнынц. Уый сын тынгдæр уырнын кодта, сæ дарддæры царды фæлтæрддзинад. Æмæ афтæ фæзындысты хосгæнæн фæрæзтæ, уыдонимæ – адæмон медицинæ. Фылдæрæй-фылдæр кодтой хосгæнæн фæрæзтæ, фылдæр кодтой, цы низтæй дзæбæх кодтой, уыдон дæр æмæ уыдæттимæ та рæзтис адæмон медицинæ.

Алкæмæн, кæй зæгъынц æй хъæуы, йæ бон нæ уыд йæхицæн æмæ æндæртæн дæр хос кæнын. Æмæ-иу адæмы ‘хсæн фæзындысты, ацы хъуыддаг йæ зæрдæмæ æввахс кæмæн лæууыд, хос кæнын чи уарзта, ахæмтæ. Уыдон æмбырд кодтой хосгæнæн кæрдæджытæ, зыдтой, кæцы кæрдæг цавæр низы ныхмæ тох кæны æмæ афтæмæй лæггад кодтой адæмæн. Уыдон уыдысты адæмон хосгæнджытæ.

Ныры дуджы официалон медицинæ куы райрæзт, уæд адæмон хосгæнджыты архайд рохуаты аззад. Уымæн ахъаз кодта, советон хицауад дæр сæм хорз цæстæй кæй нæ акаст, уый дæр. Æмæ аскъуыд, æнусты дæргъы фæлтæрæй фæлтæрмæ цы бирæ зонындзинæдтæ æрæмбырд кодтой низты ныхмæ тох кæныны хъуыдда-джы, уый. Ныр сæм паддзахады ‘рдыгæй ахаст хуыздæрæрдæм фæивта, фæлæ сæхæдæг никуыцæйуал зынынц. Уый хыгъд сарæх сты алыгъуызон кæлæнгæнджытæ, дæснытæ, сектанттæ…

Ныртæккæ нæхицæн схос кæныны тыххæй нæхи бакæнæм официалон медицинæйы бар, кæд дзы алцы нывыл нæма у, уæддæр. Официалон медицинæ дæр пайда кæны хосгæнæн кæрдæджытæй, кæцыты балхæнæн вæййы нæ аптекæты. Цы хосгæнæн препараттæ нын хæссынц нæ размæ, уыдоны дæр æрдзы уæвæг буарадтæй аразынц – æндæр планетæтæй ницыма ласæт. Дунескæнæг нæ Зæххы сфæлдыста афтæ, æмæ дзы кæд удæгас уæвæгойтæ ис, кæд уыдон кæмæй рынчын кæной ахæм низтæ ис, уæд дзы ис, уыцы низты ныхмæ цæмæй тох кæной, уыцы фæрæзтæ дæр. Хъæуы сæ æрмæстдæр иртасын, фæлгъауын, лабораторион, клиникон æгъдауæй бæлвырд кæнын. Æмæ уæдæ абон хицæн æмæ хицæн низты ныхмæ тох кæнын нæ бон кæй нæма у, уый нæ нысан кæны æмæ сын нæ æрдзы мидæг ссарæн, сцæттæгæ-нæн нæй. Ис сын, æрмæст нæ зонды тыхæн уый йæ бон нæма у.

 

ПРЕЗЕНТАЦИ,

ПРЕЗЕНТАЦИ…

Цас æмæ цас ног дзырдтæ базыдтам Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ! Сæ нымайыныл не схæцдзыстæм, фæлæ дзы иуы кой уæддæр ракæнæм, мæ уацæн цы сæр радтон æмæ уæ цæст кæуыл схæцыд, уыцы дзырды кой. Арæх райдыдтам пайда кæнын ацы ныхасæй. Фæкæс, æмæ дæ чидæр хоны презентацимæ, фæкæс, æмæ – газеты уац презентацийы тыххæй, афтæ телеуынынады та – презентацийы тыххæй алæвæрд.

Презентаци у ахæм амал, мадзал, кæцыйы руаджы адæмæн фехъусын кæнынц цавæрдæр ногдзинады тыххæй. Уый уæлдай тынгдæр хауы ногуагъд чингуытæм. Æмæ тыхджын раст дæр у! Адæм, чиныгкæсджытæ хъуамæ зоной, цахæм чиныг фæзынд, цæуыл фыст у, цахæм нысаниуæг ын ис. Презентацийæн ис бирæбæрцæй рекламон нысаниуæг дæр. Æмæ бирæ ног чингуыты ныффысджытæ – автортæ фæрæвдз вæййынц æмæ сын саразынц презентацитæ. Фæхонынц мадзалмæ хъуыддагон, компетентон адæймæгты æмæ автор фехъусы, куыд фæтк, афтæ цæстуарзон ныхæстæм. Хуыцау бахизæт критикæйæ, цухдзинæдтæ зæгъынæй. Уæд ма цæмæн хъæуы презентаци? Цæмæй чиныгкæсæг чиныджы йæ къухмæ дæр нæма райста, афтæмæй йæм йæ чъылдым фездаха? Нæ, ахæм презентаци никæй хъæуы.

Æмæ ма ноджы. Хицæн авторты чингуытæн вæййы презентацитæ, æндæр авторты чингуытæн та – нæ. Ныр хæйрæг фест æмæ базон, мыхуыры цы ног чингуытæ рацыдысты, уыдонæй хуыздæртæ кæцытæ сты – презентацитæ кæмæн сарæзтой, уыдон, æви иннæтæ? Æви хæццæ сты? Чиныгкæсæгæн дзы фæндаг хуыздæр чиныгмæ куыд бацамонæм?

Гъе, Къоста, дæ «Ирон фæндыр»-æн дын йæ рæстæджы æмæ ныры онг дæр презентаци аразæг куы нæма фæцис!

 

НÆ ЦАРД ÆМÆ

 ÆРГЪТÆ

Цæрынæн цыдæриддæр хъæуы адæймаджы – иууылдæр ын сæ æрдз дæтты лæвар. Нæу нын æлхæнинаг, афтæ тынг нæ чи хъæуы, уыцы уæлдæф. Лæвар нуазынц дон, суадæттæм, æндæр донгуырæнтæм хæстæг чи цæрынц, уыдон дæр. Уый мæнæ горæтты, поселокты цæрджытæ фидынц, дон сæм кæцæйдæр кæй рауагътой æмæ дзы æдзух ифтонг кæй сты, уый тыххæй. Ныхас хæлцыл куы цæуа, уæддæр æрдз цæттæйæ бирæ цыдæртæ дæтты адæймæгтæн. Акæс-ма, нæ хъæдты, быдырты цас хæрынæн бæзгæ дыргътæ, зайæгойтæ зайы! Уыдон фагыл нæ нымайы æмæ райтынг кодта быдыркуыст, фосдарды куыст. Æппæт уыцы куыстыты йæхимæ айста хъæууон фæллойгæнæг æмæ алыгъуызон продукттæ æркæны йæхи фаг дæр æмæ мах, горæттаг цæрджыты фаг дæр. Æрмæст сæ йæхицæй хъауджыдæр махæн лæвар нæ дæтты – аргъ ыл сæвæры æмæ нын сæ рауæй кæны. Афтæ – базæртты, магазинты нын нæ размæ кæй рахæссынц, æппæт уыцы товартæ дæр. Цæвиттон, æрдз нын лæвар дæтты хъæдтæ, алыгъуызон згъæртæ, уыдонæй адæймаг аразы алыгъуызон дзаумæттæ æмæ нын сæ уæй кæны, цас тых сыл бахардз кодта, уымæй фылдæры аргъмæ. Уыцы аргъ дæр алы хатт бахардзгонд тыхимæ комкоммæ баст нæ вæййы. Аргъ, сæйраджыдæр, бæлвырд цæуы, дзаума адæймаджы цас æхсызгонæй хъæуы, цас пайда йын у, уымæй. Иуæй-иу товартæ æрцæттæ кæныныл бирæ тых нæ бахардз кæны сæ уадзæг, фæлæ фæлхасгæнджыты æхсызгонæй фæхъæуынц, зæрдиагæй сæ фæагурынц æмæ уый зонгæйæ, æргътыл ноджы схæцы. Сæ æргътæ уæлдай тынгдæр уæлæмæ лидзынц, стæм чи сты, фæлæ æхсызгонæй кæй агурынц, ахæм товартæн.

Алы уæййагмæ алчи иугъуызон цæстæй нæ кæсы. Уыцы иу дзаума гæнæн ис иуы ма хъæуа æмæ йæ асламæйдæр ма балхæна, æндæры та хъæуа æмæ йæ зынаргъæй балхæна.

Зынаргъ у адæймагæн, цы уарзы, уый дæр. Гæнæн ис, хъæугæ йæ ма кæна, фæлæ йын зынаргъ уа. Зынаргъ ын у, цæуыл бафыдæбон кæны, йæ тох, йæ зонды руаджы цы сфæлдисы, фæлæ уæййаг чи нæ вæййы, уый. Зынаргъ ын у, рæз кæм схæссы, уыцы уазæг, йæ фыдæлты къона. Саби цы хæдзары хæссы рæз, уымæн аргъ кæнын нæма фæзоны, фæлæ куыд рæзы, афтæ йын зынаргъдæр кæны, йæ ныййарджыты куы раивы, хæдзары хицау, хæдзардарæг куы свæййы, уæд та йын иууыл зынаргъдæр свæййы. Дарддæр, хæдзары ног кæстæртæ куы фæзынынц, куы бахъомыл вæййынц æмæ бинонты царды сæ хайбавæрд куыд рæзы, афтæ уыдонæн дæр зынаргъдæр кæнын райдайы сæ хæдзар. Хæдзардарæг та фæстæмæ алæууы æмæ хæдзары аргъ дæр йæ тых, йæ хъаруимæ кайын райдайы. Æппынфæстагмæ, цы хæдзары къулты ‘хсæн арвыста йæ даргъ царды бонтæ, йæ уæнгты хъару æгасæйдæр цы хæдзар дарынæн ныххæлар кодта, уымæн йæ аргъ, уымæ уарзты æнкъарæнтæ йæ æрдзон мæлæтмæ æркъуымых вæййынц æмæ афтæмæй ацæуы йе ‘нусон бынатмæ.

Ам ма адæймаджы хъуыдымæ æрцæуынц, нæ хæхбæстæй хуыздæр цардагур чи лыгъдысты, уыдоны уавæр. Æнцон равзæрст сын нæ уыд. Зынаргъ сын уыдысты сæ хæдзары къона, сæ фыдæлты уæзæг. Зын сын уыдаид ныууадзын æдзæрæгæй сæ хæдзæртты. Уыдон сын ныр зынаргъ нал уыдзысты. Зынаргъ ма сын уыдзысты æрмæстдæр сæ мысинæгты. Цы загъдæуа, æцæгæлон бæсты сын чи фæзыной, кæнæ фæзындысты уыцы кæстæртæй та? Уымæн æмбисонд дзуапп дæтты: цæстæй кæй нæ уынай, уый зæрдæйæ дæр рох у. Рохуаты баззайынц æдзæрæг хæдзæрттæ æмæ бамбийынц, бамбийынц, кæддæр туджы аргъ цы зæххы гæппæлтæ уыдысты, уыдоны алыварс кауæмбæндтæ дæр – рæстæг бацархайы, цæмæй сæ фæдтæ бынтондæр фесæфой.

О, зæххы гæппæл нæ фыдæлтæм туджы аргъ уыдис. Абон бакæс уыцы зæххы гæппæлтæм – сæхицæн æнцад-æнцойæ улæфынц, хъыгагæн, лæварæй дæр никæйуал хъæуынц. Уæддæр ма хорз у, æмæ фыды уæзæгмæ уарзондзинад сæ зæрдæты бахъахъхъæнынц, фæлæ уыцы уарзондзинад дæр кæддæр бирæтæн æрхауы фыдыбæстæ, æгас дунемæ уарзондзинады æмвæзадмæ.

Нæ дуг хæццæ, æнæмбæрст дуг у. Нæ фыдæлтæ фæллой кæнынæн, материалон хæрзиуджытæ аразынæн стыр аргъ æмæ кад кодтой. Аргъ æмæ кад кодтой удварны хæрзиуджытæн дæр, фæлтæрæй фæлтæрмæ кæй лæвæрдтой æмæ хъахъхъæдтой, уыцы удварны хæрзиуджытæн. Бирæ сты уыдон – хистæрæн, сылгоймагæн аргъ кæнын, рынчын, æвæгæсæг адæймаджы фарсмæ балæууын, æнæуаг ныхасæй нæ дзурын, уазæгæн лæггад кæнын… Абон нын материалон хæрзиуджытæй нæ размæ цы хæссынц, уыдоны æргътæ æнæрлæугæйæ рæзынц, удварны хæрзиуджыты аргъ та дæлæмæ хауы…

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.