Президент Бибылты Анатоли Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сæргълæууæгæй снысан кодта барадхъахъхъæнæг органты раздæры кусæг, дæлбулкъон Пухаты Владимиры.

Пухаты  Владимир райгуырд 1981 азы 26 ноябры горæт Цхинвалы. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмæ «Автомобиль æмæ автомоблилон хæдзарад»-ы факультетмæ, фæлæ дзы кæронмæ нæ сахуыр кодта, экономикæйы факультетмæ кæй рахызт, уый тыххæй. Университет каст фæцис 2015 азы.

Пухаты Владимиры карьерæ райдыдта РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады службæйæ – 2000 азæй 2004 азмæ куыста ОМОН-ы. 2004 азæй 2005 азмæ та контракты бындурыл службæ кодта Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынад æмæ Уæлвæткон уавæрты министрады. 2005 азæй 2007 азмæ та РХИ-йы Паддзахадон æдасдзинады комитеты службæйы фæстæ – 2007 азæй 2015 азмæ йе службæ адарддæр кодта республикæйы Хъахъхъæнынады министрады.

2015 азы ахуырмæ бацыд Уæрæсейы Федерацийы Мæскуыйы  М. В. Фрунзейы номыл «Уæрæсейы Федерацийы иумиагæфсæддон академийы сурзæххон æфсæдты хæстон ахуырадон-зонадон центрмæ» æмæ йæ каст фæцис 2017 азы. 2017 азæй ныры онг службæ кодта Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады РХИ-йы Гарзджын тыхты генералон штабы развæдсгæрсты хистæр офицерæй.

Пухаты Владимир активон хайад иста гуырдзиаг агрессийы ныхмæ хæстон архайдтыты æмæ хорзæхджын æрцыд Хуссар Ирыстоны уæлдæр паддзахадон хорзæх «Уацамонгæ»-йæ.

Ис ын ус æмæ иу чызг.

Къуырисæры Хъахъхъæнынады министрады ног къухдариуæггæнæджы Бибылты Анатоли базонгæ кодта ведомствойы кусджытæн.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй Хъахъхъæнынады министрады раз, сæрмагонд сконды раз цы хæстæ æмæ нысæнттæ ис, уыдон нæ ивынц.

«Æз домын, цæмæй сæрмагонд хъусдард здæхт æрцæуа сæрмагонд сконды цæттæдзинадмæ, хæстон дисциплинæмæ, физикон цæттæдзинадмæ. Мах хъуамæ æмбарæм, гарзджын тыхтæ искæй сæрмагонд æфсад кæй не сты, гарзджын тыхтæ сты адæмы æфсад», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæхи рады Пухаты Владимир бузныг загъта паддзахады сæргълæууæгæн, кæй йыл баууæндыд, уый тыххæй.

——————

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры тыххæй

  1. Дæлбулкъон Пухаты Владимир Эдуарды фырт нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрæй.
  2. Ацы барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал,

2022 азы 18 апрель

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.