Фынӕй ӕрдз райхъал ис. Бӕстӕ дидинӕг фестад. Æрдз йӕ цъӕх дарӕс кæны. Куыд æй зонæм, афтæмæй Ирыстон у рæсугъд йæ æрдзы руаджы. Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæ уазал цæстæй кæсынц æрдзмæ, чъизи кæнынц нæ алфæмблай, хъæдтæ, суадæттæ…

Цхинвалы 3-æм астæуккаг скъолайы 9-æм къласы ахуырдзаутæ сæ хъомылгæнджытæ Цхуырбаты Вильянæ æмæ Тедеты Аланæимæ бафснайдтой Ирыхъæуы суадоны алфæмблай.

Рахастой алыгъуызон кусæнгæрзтæ æмæ иумæйаг тыхтимæ, хъæлдзæг ныхæстæ æмæ зæрдæйы уагимæ суадоны алфæмблайæн йæ хуыз скалын кодтой.

Скъоладзаутæ зиу ракодтой, æрæмбырд кодтой уыцы брон æмæ сæ раластой. Уый хорз хъæппæрис у, ныхас дæр ыл нæй, фæлæ иутæ сæ комкоммæ хæстæ не ‘ххæст кæнынц, бæрндзинад сæ ферох вæййы, иумæйаг суадон, иумæйагæй сыгъдæг дарын хъæуы, æндæра, дæсæй йæ чъизи куы кæной, иу та йæ æфснайгæ куы кæна, уæддæр чъизи уыдзæн.

Ахæм мадзæлттæ æрмæст сыгъдæг нæ кæнынц, фæлæ ма сын хъомыладон нысаниуæг дæр ис. Сыгъдæгдзинады акциты фылдæр фæсивæд кæй архайынц, уый уæлдай æхсызгон у. Фæлæ хорз уаид, ацы куыстыты фылдæр адæм куыд архаиккой. Уымæн æмæ закъонхалджытæ æмæ æдзæсгом адæм нырма бирæ сты.

Махæй алчи дæр зоны, æрдз нын кæй дæтты цард… Уый дæр зоны улæфын, ис ын йæхи ‘взаг. Æрдз у нæ ныййарæг æмæ нæ дарæг. Мах та йæ нæхи къухтæй сафæм, æндзарæм ыл арт æмæ  йæ «хурх» кæнæм.

Республикæйы фылдæр кæны æнæбынат брондæтты нымæц. Хъыг та уый у, æмæ брон кæныныл ахуыр чи у,  уыдон кæй нæ сæттынц. Уæвгæ сæ алкæй дæр фæнды, сæ алыварс сыгъдæг уа, уый. Стæй иннæты куыстыл фаутæ æвæрынмæ дæр рæвдз сты. Фæлæ дæхæдæг рацу æмæ дæ алыварс бафснай æмæ йæ мауал чъизи кæн, дæ брон кæдæм æмбæлы, уырдæм аппар. Сыгъдæгдзинадыл чи нæ ауæрды, уыдонæн бамбарын кæнын хъæуы, нæ горæт, нæ республикæ нæ иумæйаг хæдзар кæй у æмæ йæ чъизи кæнын не ‘мбæлы. Дæ алыварс чъизи уа, уый  худинаг кæй у.

Фæлæ бирæтæ, хъыгагæн, не ‘мбарынц адæймаджы ном чи хæссы, уый хъуамæ брон уынджы ма аппара. Броны контейнертæ цæмæн сæвæрынц? Уырдæм бацæуын исчи йæ сæрмæ нæ хæссы  æви сын зын у, нæ йæ ‘мбарын… Мæнмæ гæсгæ, уый зын нæу. Уæдæ цæмæ хъуамæ уа нæ республикæйы ахæм нысæнттæ: «Бросая мусор на землю, не забудьте хрюкнуть». Уый махæн худинаг у. Кæмæйдæрты фехъусæн дæр ис, ома сæм машинæтæ ис æмæ сæ брæттæ брондонмæ аласынц. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй машинæты хицæуттæ дæр сæ брон машинæйы рудзынгæй раппарынц.

Цæмæй кæстæртæ хистæртæм хъусой, æфсæрмы сæ кæной, уый тыххæй сæхæдæг дæр хъуамæ уой фæзминаг, æгьдауджын. Хистæртæй ацы хъуыддæгтæ чи халы, уыдон абон нæ кæстæрты цæуыл хъуамæ са-хуыр кæной?

Сыгъдæгдзинады фарстайыл бакусын алкæмæн йæхи барвæндон хъуыддаг у. Кæд дæхæдæг не ‘фснайыс, уæд сывæллæтты куыстæн уæддæр аргъ кæн. Æмæ кæй бафснайдтой, уыцы фæзуæтты сыгъдæгдзинады фæтк æххæст кæн, стæй йæ иннæтæн дæр амон.

Республикæйы алы цæрæг дæр хъуамæ уа бæрнон. Нæ уынгтæ, нæ хъæутæ, нæ горæт сыгъдæг куы дарæм, уæд нæ экологийы уавæр дæр хуыздæр уыдзæн.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.