Ногдзинадыл алчи дæр фæцин кæны, уымæн æмæ сын уый æрхæссы хъарм зæрдæйы ахаст, хорз фæндтæ æмæ бæллиццаг хъуыддæгтæ. Уымæн фæцин кæны махæй алчи дæр Ног азы æрбалæудыл, развæлгъау æм уымæн фæцæттæ кæнæм нæхи. Зæрдæйы фæндиаг хъуыдытæ æмæ цинхæссæг цаутæн цæмæй æвдисæн уæм, алы адæймаг дæр сæ хайджын уа, уый тыххæй  мах развæлгъау ахъуыды кæнæм, цæмæй йын Ног азы хæдразмæ куырыхон æмæ хорз зæрдæйы хицау адæймаг раарфæ кæна йæхицæн, бинонтæ æмæ уарзон къуымы фæллойгæнджытæн. Ирыстон æвидигæ у хорз æмбæстæгтæй, канд йæхи тыххæй нæ, фæлæ йæ радтæг адæмы хорздзинадыл чи фæцин кæны, ахæмтæй. Уыдон нымæцмæ ахæссын хъæуы, йæ иубæстон адæмы æнувыд фырт Дыгъуызты Хасаны дæр. Бахатыдтæн æм, цæмæй Ногазон арфæтæ æмæ хорз зæрдæйы фæндиæгтæ зæгъа йæ адæмæн æмæ йын байхъусæм йæхимæ:

– Адæм амондджын уæд уыдзысты, хъæлдзæг зæрдæйы уаг сын уæд уыдзæн, сæ рæстæг зæрдæйы фæндиаг уæд æрвитдзысты, сæ сæрмæ сыгъдæг арв куы уа. Уымæ гæсгæ мæ, фыццаджыдæр фæнды, цæмæй Ног азы æрбалæудимæ, Ирыстоны зæххыл æмæ уыимæ иумæ дунейы алы къуымты дæр сфидар уа сабырад. Алы хистæр дæр бæллы æмæ йæ сæйрагдæр тырнындзинад у, цæмæй нæ кæстæртæ цæрой æмæ сæ рæстæг æрвитой сабыр дуджы. Уæд сын ахуыр кæнынæн æмæ сæ сæрибар рæстæг æрвитынæн уыдзæн зæрдæйы фæндиаг фæстиуджытæ. Уымæ гæсгæ мæ фæндон у, цæмæй нæ Дунескæнæг бахиза фыдбылызæй æмæ алы адæмтæ дæр хæст уой раст зондыл.

Сæрмагондæй мæ уарзон республикæйы тыххæй куы дзурон, уæд мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ азæй-азмæ нæ горæт æмæ хъæутæ тынг кæй фæивтой хуыздæрæрдæм. Уымæн æвдисæн стæм фæстаг азты, уыцы размæцыд та у республикæйы Сæргълæууæг Бибылты Анатолийы æдзухон куысты руаджы. Горæт æмæ хъæуты цæрджытæ сæхæдæг сты æвдисæн, царды алы къабæзты цы куыстытæ æх-хæст æрцыд, уыдонæн. Уыдон та сты хæсты рæстæ-джы пырхгонд хæдзæртты арæзтад, Уанаты дон горæтмæ æрбауадзын, стæй уынгты хæрзарæзтад æмæ æндæртæ. Хъæуты цы куыстытæ бакодтой æмæ кæнынц, уый диссагæн дзуринаг у. Советон дуг хорз уыд, нæ дзы хъаст кæнæм, фæлæ уым дæр уыд къуыхцы-тæ хъæууон цæрджыты фæрныгады хъуыддаджы. Егъау хъæутæм дæр нæ уыд рæстмæ фæндаг æмæ адæм тыхстысты. Ныр уыцы цухдзинæдтæ иуварс цæуынц нæ республикæйы Сæргълæууæг æмæ бынæт-тон разамонджыты фæрцы. Æгæрыстæмæй ма иугай цæрæн хæдзæрттæ кæм ис, уыцы бынæттæм дæр арæзт цæуы фæндæгтæ, уадзынц сæм нуазыны дон, цалцæг æмæ сын аразынц сæ пырх хæдзæрттæ æмæ æндæр ахæмтæ. Бачындæуыд арæзтадон куыстытæ Цхинвалы районы Къостайыхъæу, Дменис æмæ æндæр бынæтты. Уыдæттæ хорз сты, зæрдæйæн æхсызгондзинад дæттынц. Фæлæ нæ ноджы тынгдæр ба-хъæудзæн кусын царды алы къабæзты дæр, уæлдайдæр та хъæууон хæдзарад сæндидзын кæныны. Нæ быдыртæ фесты хæмпæлгæрдæджы бын, къутæр кæнынц, афтæмæй та дзы алы культурæйæ дæр истæуыд хъæздыг тыллæг.

Уæдæ уæ ноджыдæр Ног азы хорзæх уæд, цин æмæ уын амонд æрхæссæд, алы ирон хæдзары дæр æрбынат кæнæд фарн!

                                                                     ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.