Кæд райдыдтой адæм нысан кæнын Ног азы бæрæгбон? Ацы фарстæн раст дзуапп радтын никæй бон у. Зындгонд у, Ног азы бæрæгбоны истори кæй рацыд æнустæй. Фидарæй зæгъæн ис, ацы бæрæгбон кæй нысан кодтой, цалынмæ фыццаг къæлиндартæ нæ фæзындысты, уæдмæ дæр. Æцæг, уыцы рæстæджы уый уыдис муртаккаг бæрæгбон.

Адæм табу кодтой хурæн, зæгъгæ, зæххыл цард уымæй кæнгæ у. Рагон адæм нымадтой, ома, Ног аз райдайы, æрдз куы сног вæййы – уалдзæджы æрбалæудимæ. Уый тыххæй Рагон Римы Ног азы æрбалæуд нысан кодтой 1-æм марты. Ацы æгъдау аххæссыд тынг бирæ – 700 азæй фылдæр, цалынмæ император Гай Юлий Цезарь нæ эрæйы агъоммæ 46 азы календары реформæ нæ ауагъта, уæдмæ.

Ацы календарь мах зонæм, куыд юлианаг, кæцыйы бындуры сты александриаг астроном æмæ математик Созигены банымадтытæ. Юлий Цезарь фехъусын кодта, зæгъгæ, Римæн бындур æвæрд æрцыд 1 январы æмæ ногазон бæрæгбон рахаста 1 мартæй 1 январмæ. Уымæ гæсгæ номхуындæй Рагон Римы æвæрд æрцыд традици, цæмæй Ног азы æрцыд нысан кæной 1 январы.

Уæд  бирæ сæдæ азты фæстæ æвæрд æрцыдысты бæрæгбон кæныны «сæйраг уагæвæрдтæ»: адæм æнæхъæн æхсæв тезгъо кодтой маскæты, кафыдысты, зарыдысты зарджытæ. Æцæг, мах уæлдай римæгтæ Ног аз нысан кодтой æнæхъæн фондз боны.

Уæдæ куыд бæрæгбон кодтой Ног азы æрцыд Уæрæсейы та? Чырыстон дины размæ-иу Уæрæсейы азы хыгъд райдыдта уалдзæджы, æрдз-иу куы райхъал, уæд. Ног азы сæмбæлын-иу æрхауд мартмæ. Ацы цауыл цин кодта алчи дæр, уæлдайдæр – æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæ. Уыдон-иу зарыдысты, кафыдысты, гæппытæ иу кодтой стыр арты сæрты. Уыцы рагон æгъдæуттæй ма цыдæртæ ныры онг дæр баззадысты Урсы къуырийы æгъдæутты.

Чырыстон динимæ иумæ Уæрæсемæ æрцыд юлианаг къæлиндар, мæйтæ римаг номæвæрттимæ æмæ авдбонон къуыриимæ. Аз карзæй нымад цыдис 1 мар-тæй, фæлæ нымад та цыдис дуне сфæлдисынæй  кæнæ Адамæй.

7000 азы Адамæй кæнæ 1492 азы чырыстон дунейы аскъуыддзаг кодтой æндæр нымадмæ рахизын. Номдзыд мæскуыйаг æлдар Васили Дмитры фырт бардзырд радта, цæмæй азы райдиан нымад æрцыдаид сæрдыгон быдырон куыстытæ фæуыны фæстæ. Сæвзæрдис цымыдисон уавæр: 1 мартæй нысан кодтой афтæхуыйнæг æмбæстагон Ног аз æмæ 1 сентябрæй – аргъуанон, Библийы тексттæм гæсгæ фидаргонд.  Ацы «двоеновогодие» ахаста 200 азæй цъус фылдæр, цалынмæ Пётр I ныгуылæн Европæйæ ног бæрæгбон не ‘рласта, уæдмæ.

20 декабры мæскуыйæгты æртымбыл кодтой Сырх фæзуатмæ æмæ бакастысты Пётры бардзырд 15 декабрæй: «Уæрæсейы Ног аз нымайынц алыгъуызон, абонæй фæстæмæ адæмæн сæ сæры мæгъзтæ мауал хæццæ кæнут  æмæ Ног аз нымад цæуæт 1 сентябрæй нæ, фæлæ 1 январæй 1700…».

Æвзонг паддзах канд бардзырд нæ радта, фæлæ ма активон хайад райста, ногазон бæрæгбон бацæттæ кæнын æмæ йæ ауадзыны. Æрласын кодта наз бæлæстæ æмæ сæ уæй кодтой сæрмагонд бынæтты, цæмæй мæскуыйæгтæй алкæмæн дæр йæ бон бауыдаид ногазон наз бæлас сæвæрын.

31 декабры æхсæвы Пётр йæхæдæг бакодта бæрæгбон: сæрмагонд цырагъæй ссыгъта ракетæ, кæцы уагъта стъæлфæнтæ, фæнык æмæ ала. Аргъуанты цагътой дзæнгæрджытæ, Кремлæй та æхстой сармадзантæ.

Райсомæй 1 январы паддзах командæ кодта бæрæгбонон цыдæн, кæцы фæцис салютæй æмæ изæры та талынг арвы бын ныгуыпп кодтой алыгъуызон цырæгътæ.

Ногазон бæрæгбон хъæлдзæгæй уадзыны традици тагъд æрбиноныг Уæрæсейы, кæцыйæн ахъаз кодта Пётр I.

Фæлæ ногазон наз бæлас зынтæй айгæрста йæхицæн фæндаг. Цалынмæ Пётр I йæ бардзырд нæ радта, уæдмæ Ног азыл нæ фыдæлтæ æмбæлдысты фæззæджы бæрзы къалиутимæ æмæ уалдзæджы та, бал-иу дидинæг куы рафтыдта, уæд уыимæ. Хæдзæртты наз балæстæ æвæрын райдыдтой æнæхъæн сæдæ азы фæстæ, зындгонд бардзырд 20 декабры  1699 азы куы рацыд, уый фæстæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.