Аргъау 

Зымæг Назхъæды æнахуыр уазал скодта, мит фæлдзæгъдæнтæ кодта. Назхъæды бæлæстæ ныссалдысты, сæ рæсугъд цъæх цæнгтæ ныйих сты.

Афтæмæй та Ног аз къæсæрыл лæууыд, фæлæ Назхъæдæн йæ бон цин кæнын нæ уыд. Æгæрыстæмæй, нæзытæн сæ зæрдæтæ ныйих сты, уыд æнкъард бакаст сæ цæстыты. Мит тымыгъ хаста, сырдты сæ хуыккæмтты ныббаста. Уыдонæн та æрдузмæ уыдис сæ хъавд, наз бæласы сфæлындзынæн æрцыд йæ рад. 

Тæрхъус Богал тæппудтæй нæ уыд, фæлæ уый дæр йæ хуыккомы хъуыдыдзастæй лæууыд. Йæ хъуыдытæ йæ ахастой Æрсойы лæгæтмæ, цæттæ уыд фæцæуын йæ райхъал кæнынмæ. Богалы дзырды дон дæр нæ атæддзæн, Ног азы æрцыдмæ йæ хæлар йæ къæхтыл лæудзæн! Цæмæй Ног азы бæлас иумæ сбуц кæной, Назхъæды цæрджытæ сæ бæрæгбоныл сæмбæлой!  

Тæрхъус уæд айтæ-уыйтæ нал фæкодта æмæ хъæбатырæй æддæмæ рагæпп ласта. Йæ хъарм кæрцы дымгæ сыффыттытæ ласта, тæрхъусæн йæ фæрстæ æхъатырæй хоста. Фæлæ Богалæн тымыгъ цæлхдур нæ уыд, йе уæнгты хъазыд æнахуыр тых. Назхъæды мит уæрагмæ уыд, фæлæ уый уæддæр æнæрлæугæйæ лыгъд. Уæдмæ Æрсойы лæгæт дæр разынд æмæ Богал йæ риуыдзаг сулæфыд. Лæгæты дуар барджынæй бахоста, куы ничи йæм ракаст, уæд стыр къахдзæф мидæмæ бакодта. Арс йæ фарсыл хуыссыд, йæ хуыр-хуыр-иу ссыд. Тæрхъус арсы сабыргай бауыгъта, фæлæ арс читт дæр нæ фæкодта. Уæд ын Богал йæ хъусы ныхъæр кодта æмæ арс сонтæй фæгæпп ласта.

 – Лидзгæ кæнут, бæсты сæфт æрцыд! – Æрсойы хъæр лæгæты  нæрыд.

– Бæсты сæфтæн йæ кой – æлгъыст, Ног аз æрцыд, уæлæмæ сыст! – уайдзæфты бын æй фæкодта Богал.

Арс æдзынæгæй алæууыд иудзæвгар, стæй йæ фæрæтимæ феддæдуар.

Æрдузмæ сæ бирæ нал хъуыд, афтæ сæм æхсæн бæрзонд наз бæлас разынд.

– Ацы назæн æнæракæнгæ нæй! Аив у, нæй йæм фау æрхæссæн, нæй! Æрдузы астæу сæрыстырæй лæудзæн, алæмæттаг хъазæнтæ йæ цæнгтыл уыдзæн! – дзырдта Æрсо æхсызгонæй.

Фæлæ бæлас ахæм их ныццис, æмæ йыл фæрæт бырынмæ фæцис. Алы æрцæфæй-иу фесхъиудта къухтæй æмæ та-иу æй Æрсой тых æмæ сласта митæй.

– Ай, цы диссæгтæ уынын, бæлас нæ комы кæнын! Мæ цыргъ фæрæт нæ зыдта тыхсын, фæлæ их бæласыл нæ тых кæны ныр, – йæ хид асæрфгæйæ, сдзырдта арс.

– Куыд-ма уыдзыстæм ныр? Цæмæй сбуц кæндзыстæм Ног азы æрцыд? Наз бæлас ныссалд, фæрæт ыл нæ хæцы, хъазæнæй, цырæгътæй йæ уæлæ цъелф кæндзысты, – Богалы хъæлæсы æнкъарддзинад фæзынд.

 – Тæрхъусты хуыздæр, исты-ма æрымыс ды дæр! Ног аз къæсæрыл лæууы, цинимæ йыл сæмбæлын хъæуы! Цæй-ма, дæ гуыппгæнæнæй срæмудз, кæд зымæгæн æрцæуид йе ‘муд. Сырдтæ æрбакæлдзысты уæд нæ цурмæ, судзгæ уазал не ‘рдардзысты мурмæ. Зонд бирæ нæ вæййы, алчи дæр сæ зæгъдзæн йæ хъуыды. Дыккаг гуыпп та сабитæн уыдзæн нысан, фæлæ уал нырма сæ хъарм уæтты хуыссæт! – арсы зæрдæ катæйтты ныххауд.

 Тæрхъус уæд йæ гуыппгæнæнæй фехста, æнахуыр уынæр бæстæ нынкъуыста! Сæ алыварс æрбамбырдысты сырдтæ, уыдон æнхъæлмæ кастысты Богалы фехстмæ. Цъиуæй, сырдæй уыдысты иууылдæр бæрæгбонхуыз: сæ бакаст – хъæлдзæг, сæ дарæс – алæмæттаг рæсугъд. Арс æмæ тæрхъусы æнкъардæй куы федтой, уæд сæ уый æппæт сырдтæ цымыдисæй афарстой:

– Уæ бонтæ хорз, Ног азы уарзджытæ, наз бæласы рæсугъдгæнджытæ! Ацы аз сымахмæ æрхаудис рад, цæмæй Ног азы бæлас сфæлындзат! Уæ минæварад кадджын у, домы ныфс æмæ хорз зæрдæйы уаг, – загъта хъæлдзæгæй рувас Асилæ.

 – Кæй бон у, уый хорзæх уæ уæд, фæлæ нæ хъуыддаг хорз нæу! Зымæджы Хицау нæм цæуылдæр смæсты, науæд та нын йæ тых, йæ хъару æвдисы. Йæ фыдракæндтæ нал сты мынæг, рагæй нæм нал уыд ахæм карз зымæг! Назхъæды бæлæстæ миты ныссагъдысты, сæ цæнгтæ ихы уæзæй ныцъцъæлтæ сты! Ацы аз их фидар у, фæрæт дæр дзы нæ хизы! – арф ныуулæфгæйæ, сдзырдта Æрсо.

– Мæ хæлар, раст нæ дæ, зымæг кæддæриддæр уазал вæййы, фæлæ нæ зæрдæты цин уымæй къаддæр нæ фæвæййы! – загъта хъæлдзæгæй бирæгъ Хæмæт.

– Уæ хорзæхæй, ма йæ скарз кæнут, Тыхæгмæ фæрæт радтут! Æрсо фынæйгæнаг у рагæй-æрæгмæ æмæ йæ фынæйæ нæма сыхъал кæронмæ. Науæд, назы бæлас калд æрцыдаид æмæ нæ цæстыты ныр цины æрттывд уыдаид! – загъта рувас уайдзæфтæгæнгæ, Æрсойы цурмæ бауайгæ. Стæй арсы дзæмбыйæ фæрæт скъæфæгау ракодта æмæ йæ цъæх бирæгъмæ  барджынæй фæсагъта.

 – Тыхæг у бирæгътæн сæ лæгдæр, равдис-ма нын дæ хъару рæвдздæр!

Бирæгъ фæныфсджындæр рувасы гæды митæй æмæ дард фæхаста на-зымæ фæрæтæй. Фæрæт фесхъиудта бæласы их зæнгæй, тых æмæ фыдæй бирæгъ фервæзт мæлæтæй! Уый æгъатырæй сæмбæлд хъæбатыры сæрыл, «цы ‘рцыдис, уæ хорзæхæй, ацы фæрæтыл?». Йе ‘нахуыр цæфæй бирæгъ фæстæмæ атахтис, фæрæт йæхæдæг та Назхъæды ‘рбайсæфтис!

– Гъе, уый дын – цæф! Чи ма йын ссардзæн миты йæ фæд? – амæсты ис бирæгъмæ тæрхъус Богал.

Сырдты зæрдæты æрхæндæг фæзынд, уæдмæ рувас Асилæ æд фæрæт фæзынд.

– Нæй, Тыхæг, хуымæтæджы дыл æрцыд ахæм тыхджын ном æвæрд! Кæсут-ма мæнмæ, куыд арæхстджын дæн! Мæ къухты айст, мæ фезмæлд у гуымирытæн – цæвиттойнаг!

Рувас цыргъ фæрæт йæ къухæй адаудта æмæ бæласы зæнг арæхстгай æрцæф ласта. Фæрæты фесхъиуд æмæ рувасы ахауд уыдысты иу. Хинæйдзагæн йæ цæстыл сæмбæлд фæрæт, рæстмæ йын нæ фæцис ацы хатт йæ арæхст.

 – Аси æмæ Тыхæг, уæлæмæ сыстут, тыхмийæ цы аразынмæ хъавут? Ног аз тагъд уыдзæн цæттæ, мах та, æвзæр фысымтау, стæм æдзæттæ! – æнкъарддзинад бахъуыззыд фаззæтты зæрдæтæм.

– Тыхми хорзæн нæ вæййы, зондæй сархайын хъæуы! А-тæккæ фæрæтыл дзырд нал цæуы, зæгъын, ацы ран, сфæлындзæм Ног азы фидыцы! Æрдуз хуыздæр у, бынат дзы фылдæр ис, фæлæ нын наз бæлас калын нæ комы! Халæттæ, уыгтæ, цæй-ма, цы фестут, сырддонцъиутæ, цæргæстæ, нæ цурмæ фæзынут! Ног азы хъазæнтæм арæхстгай бавналут, назы бæласы рæдауæй сбуц кæнут! – Æрсойы ныхæстæ уыдысты зæрдæбынæй.

– Махæн бæллиццаг у Ног азы бæрæгбон, æнхъæлмæ йæм фæкæсæм æхсæв æмæ бон! – сцин кодтой халæттæ æмæ фелвæстой цæхæртæкалгæ хъазæнтæ. Ног азы фидыцы зæрдæбынæй фæлындзыдтой, райзæрдæйæ йæ алыварс ратæх-батæх систой. Фæлæ бæласы цæнгтыл хъазæнтæ бырыдысты, их къалиутæ коммæгæс нæ уыдысты. Уыгойы та æрфæндыд бæласы цъуппыл фондзтигъон стъалы æрсадзын, фæлæ назæн йæ их цъуппыл стъалы не ‘рцыд. Хъæбатыр цæргæс уæд рамæсты, фелвæста æрттиваг цырæгъты æмæ сæ наз бæласы алыварс æртыхта рæгъ-рæгъы, фæлæ та уыдон дæр миты ахæсты баисты.

 –  Цымыдисон нывтæ бæллиццаг нæ вæййынц, ихджын къалиутыл хъазæнтæ куы ‘ркæлынц! Ахæм судзгæ уазал никуы уыд мæ царды æмæ цæргæ та кæнын æз сæдæ азы! – цæхæрцæст цæргæс дисы ныххауд.

– Мæ цæстытæ рагæй ахæм карз зымæг нал федтой, цæмæй бæлæстæ сæрæй къæхтыбынмæ их фестой , – загъта зæронд бирæгъ Пирандæр.

 – Ног азы циндзинад у махæн нæ фаг, фæлæ нæ сулæфын нæ уадзы карз зымæг! – тæрхъус Фыдзондæн йæ зæрдæ уыд æрхæндæг.

Уæд сырдты цæстæнгас иууылдæр нынкъард, сæ ныфс се уæнгты ныккалд. Сæ зæрдæты фыдохдзинад бацыд æмæ сырдтæн сæ бон фезмæлын нæ уыд. 

– Уæ хорзæхæй, цы уыл æрцыд, цы фæцис уæ Ног азмæ цыд? Цымыдисон бæрæгбон куы фæкодтат рохуат, судзгæ уазал уын байста уæ цинад?  – радгай-дыгай сæ ныууыгъта Æрсо. Фæлæ уыдон читт дæр нæ фæкодтой, цъиуæй, сырдæй ныйих сты æмткæй.

Арс æмæ тæрхъус дæр сæ дарддæры къахдзæфтæ нал зыдтой æмæ фыра-дæргæйæ се ‘ргом Зымæджы Хицаумæ сарæзтой.

– Зымæджы Хицау, дæумæ сиды зæх-хон цæрæг, айс дæ цæстыты фæлмбадт! Ау, дæ зæрдæ афтæ цы ныссалд æмæ нын нал уыныс нæ тыхстдзинат, нæ мæт? Æви дын зæрдæйы хъустæ нал ис æмæ нал зоныс хорз æмæ æвзæр?

Фæлæ зымæджы Хицау æгъатыр уыд, йæ зæрдæ йын нæ бацагайдта арсы дзырд. Раздæрау мит-тымыгъ хаста, дымгæ сæ алыварс къуыззиттытæ ласта.

Æрсойы бæзджын кæрцы уæд ихтæ фæзынд, цадæггай йæ ныфс йе уæнгтæй фæлыгъд. Зымæджы Хицаумæ кæй нæ фехъуыст йæ сидт, уый Ног азы арсæн, æнахуыр зын уыд.  

– Богал, дæ гуыппгæнæн ма суадз, нæ чысыл хуртæн æрцыд сæ рад! Æнæ сабитæй мæгуырау уыдзæн Ног аз, уæд та ма фыдахаст балæууыд сæ цины раз? – арсы хъæлæсы фæзындис æдыхдзинад.

– Æрсой, зондджын ныхас дын зæгъдзынæн, зымæджы Хицау сын тæригъæд нæ фæкæндзæн! Мыййаг, куы ныссæлой сæ чысыл удтæ, уæд нын цы зæгъдзысты сæ гыццитæ? – тæрхъусæн йæ бон нал уыдис быхсын, уымæн дæр йæ ныфс йæ зæрдæйæ фæлыгъд. Сырдты цур ныссалдис уый дæр, нал бацис йæ бон æхсын дæр.

Наз бæласы цур бамыр сты сырдтæ, сæ хъуыры фæбадтысты диссаджы фæндтæ. Æмæ сæ уæвгæ куыд тынг фæндыд Ног азыл æмбæлын, ног хъуыддæгтæ, ног цард сабитæн æрхæссын. Фæлæ сын фæтых ис карз зымæг сæ ныфсыл æмæ бæлæстимæ ныр æмхуызон их уыдысты.

Бæстæ сæ алыварс ныссабыр, сырдтæн сæ хъæлæба.

Уæд чысыл тæрхъустæ, рувæстæ, бирæгътæ, ноджы ма æрсытæ, тыртынатæ, уырытæ æрдузмæ æрбакалдысты, сæ хуыккæмтты æнхъæлмæ кæсынæй сфæлмæцыдысты. Уыдонæн сæ зæрдæтæ йедзаг уыдысты хъæлдзæгдзинадæй, се уæнгтæ та – ныфсы стъæлфæнтæй. Сæ цин æмæ сæ худт Назхъæдæн уыдис стыр цау, сæ зæрдиаг зардмæ ныхъхъус ис зымæджы  Хицау…

Æрцæуы нæм Ног аз рæсугъдæй,

Нæ тæрсæм мах уазал, тымыгъæй!

 Нæ зæрдæты циндзинад хъазы,

  Не уæнгтæй стыр ныфс нæ хизы!

– Мæнæ диссæгтæ, цæмæй конд сты ацы сабитæ, бынтондæр нæ тæрсынц мæ уазал ахастæй! – зымæджы Хицау дыууæрдæм кодта. Куы стыр тъыфылтæй уарыд, куы та-иу тымыгъы хуызы сæ разы ныллæууыд. Фæлæ сабитæ Ног азы ци-нæй улæфын дæр нæ фæрæзтой, æрдузы астæу гæппытæ систой. Сæ цæстыхаутæ гæзæмæ фæсалдысты, сæ фындзтыл ихтæ æрзадысты. Фæлæ сæ зæрдæтæн сæ ныфс нæ саст, Ног азы бæрæгбонмæ уыдис сæ каст.

Уæд зымæджы Хицау йæ сæрыл ныххæцыд, ай цы диссаг у, зæгъгæ, ахæм  уазал, хъызт боны сабитæн сæ зæрдæтæ нæ сæлынц!

Сабиты хъæлдзæгдзинад у æгæрон,   

Сæ худт æмæ сæ хъазт – уæларвон!

Рæсугъд сты, хуызджын, куыд – арвырон!  

Уæд æз сæ тыхы раз куыд фæлæууон?!

Зымæджы Хицау нал зыдта, цы сараза, йæ карз зæрдæйы уаг куыд басæтта?! Фæндыдис æй сабиты ныйих кæна, сæ цин сын сæ зæрдæтæй фæсура! Фæлæ цæмæндæр æрфæлмæн ис йæ дурзæрдæ, сабиты цин разындис тыхджын-дæр…  

Афтæ сабиты цинæй зымæджы Хицауæн йæ их зæрдæ бадон ис æмæ Ног аз барджынæй йæ тæмæны бацыдис. Назхъæд æд сырдтæ æртæфстис йæ ихтæй, сабиты цин лæвар уыд уæлæрвтæй. Наз бæлас æрцыд фæлындзыд, сабиты цинæн кæрон нал уыд. Ныр зымæгимæ систы сабитæ хæлæрттæ, Ног азы æрцыд сын райхæлдта сæ фæндтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.