ÆРЦÆУДЗÆН АХÆМ РÆСТÆГ?

Нæ дуне æддæ – мидæг ацыд. Адæмы дунейæ зæгъын. Æндæртæн та цы у! Дун-дуне йе ‘нусон змæлды ис æмæ зонæм, стъалытæ æхсæвы тары цадæггай сæ бынæттæ кæй ивынц, зонæм, хур изæры иуæрдыгæй куы аныгуылы, уæд ныл райсомæй æндæрæрдыгæй кæй скæсдзæн.

Зæххимæ мах дæр космикон тыгъдады змæлæг стæм. Змæлæг стæм Зæххæн йæхи уæлцъарыл дæр. Уымæйдæр цæрæгойты алы хуызæн дæр – йæхи территори. Афтæ – алы зайæгойæн дæр. Цæвиттон, нæ бæстыл нæ фендзынæ бананы, къакъаойы бæлæстæ зайгæ, дæ цæст не схæцдзæн майумулитыл, теуатыл, пылтыл, урс арсытыл… Алкæмæндæр сæ – йæхи цæрæн бынат. Æмæ уыцы бынаты змæл, тæлф, дæхицæн царды амæлттæ кæн.

Афтæ уыд адæймаг дæр. Зæххы   чъылдымыл алы рæтты пырх уыдысты, фæлæ дзы иутæ иу ран цардысты, æндæртæ – æндæр ран. Зæгъæн ис æмæ афтæ у ныр дæр. Африкæйы тæвд бæстæты негртæ цæрынц, уырдæм хæстæгдæр рæтты урсцъардæр адæм æмæ цæгатæрдæм та бынтон урсцъар адæм.

Гъе, фæлæ ма ныры размæдзыд дуджы иуран бадынц! Негрты кæцы цæгаттаг бæстæйы нæ фендзынæ, афтæ урсцъар адæмы та тæвд бæстæты негрты ‘хсæн. Æниу, уыдоныл цæмæн дзурæм, нæхимæ цæуылнæ æркæсæм? Нæ адæм раздæр æнусты, хæхты цъассыты цæргæйæ, сæ хъæуæй, сыхаг хъæуæй, гъе та хъæутæй дарддæр никуыдæм æфтыдысты. Æмæ-иу кæд исчи искуыдæм афтыд – уæлдай нæ уыд, дард æви æввахсдæр ранмæ – æмбырдтæ-иу ыл кодтой, фарстой йæ, кæм уыдис, уым цавæр адæм цæрынц, куыд цæрынц, цы æвзагыл дзурынц, цахæм сты се ‘гъдæуттæ…

Рæстæг цыд æмæ транспортон фæрæзтæ хуыздæр, аивдæр кодтой, сæйраджыдæр та иу бынатæй иннæ бынатмæ тагъддæр æмæ æдыхстдæрæй цæуын райдыдтой. Æмæ-иу сыл ирон лæг дæр бабадт æмæ-иу æй кæдæм нæ ахæццæ кодтой! Суанг Америкæмæ дæр! Ахæццæ-иу сæ кодтой, фæлæ-иу сæ фылдæр фæстæмæ здæхæг нал уыдысты. Æрбынат-иу дзы кодтой æмæ æцæгæлон адæмимæ æцæгæлон æвзагыл дзургæйæ, кусгæйæ, сæ царды бонтæ тыдтой сæ мæлæты бонмæ.  Амæлгæйæ та сæ мард нæ хæццæ кодта сæ фыдæлты уæлмæрдмæ.

Нæ нырыккон дуджы арт æмæ фæнык бынтон нал ис адæмæн, уыцы нымæцы нæ адæмæн дæр. Бæлццæттæласæн машинæтæ, поездтæ, денджызон наутæ, хæд-тæхджытæ сæдæгай, мингай адæймæгты скъæфынц дунейы алы рæттæм. Кæй улæфынмæ – хи ирхæфсынмæ, кæй хъуыддаджы фæдыл, кæй кусынмæ, кæй та йæ цæрæн бынат фæивыны тыххæй. Се ‘хсæн, кæй зæгъын æй хъæуы, вæййынц нæ адæмы минæвæрттæ дæр. Æмæ ма фæстæмæ чи æрыздæхы йæ райгуырæн бæстæмæ, йæ адæмы ‘хсæнмæ, уыдонæн сæ цæрæнбон бирæ уæт, фæлæ дзы цас баззайы, цас, æцæгæлон зæххыл! Æмæ сын сæ цæстмæ цы хъуамæ бадарай? Кæй кæдæм фæнды, уырдæм цæуы, кæй кæм фæнды, уым æр-цæры. Афтæ зæгъæн нæй æмæ уыдон нæ фæуарзынц сæ фыдæлты зæххы, сæ рат-тæг адæмы, сæ мадæлон æвзаджы, фæлæ фарст куы слæууы сæ разы – уыдæттæ æви хуыздæр, аккагдæр цард кæнын, уæд равзæрынц хуыздæр цард кæнын. Æмæ æндæр æмæ æндæр горæтты цæргæйæ, кæрæдзийы æрцагурынц, саразынц общинæ-тæ, землячествотæ, диаспорæтæ, цæмæй хъахъхъæной сæ фыдæлты æгъдæуттæ, сæ мадæлон æвзаг. Фæлæ цас ахадæн у ахæм амал дæр! Фæлтæр ивдзæн фæлтæры æмæ фыдызæхмæ, мадæлон æвзагмæ уарзондзинады цæхæр зæрдæты нымæгæй нымæгдæр кæндзæн.

… Цæуынц æндæр рæттæм нæ адæмæй бирæтæ, уæлдайдæр та фæсивæд хуыздæр цардагур. Æрлæудзæн искуы уыцы процесс æмæ уый фæстæ та фæстæмæ здæхын райдайдзысты сæ райгуырæн уæзгуытæм? Гæнæн ис. Æрмæст кæдæмыты лидзынц, уыцы бынæттæй махмæ хуыздæр цард куы уа. Æндæр рæттæм цæрынмæ лидзыны сæйраг аххосаг хорз æмæ æдас цард агурын у.

Уыдзæн нæм ахæм цард искуы, æрцæудзæн ахæм рæстæг? Хуыцау зæгъæт!

 

КÆДÆМ НÆ КÆНЫ НÆ ХИУАРЗОНДЗИНАД?

Йæхи алчидæр уарзы. Уарзæм нæхи, цард кæй уарзæм æмæ нын дзы æрмæстдæр иу хатт едтæмæ рацæрæн кæй нæй, уый тыххæй. Цард тох у æмæ йæ сæрыл нæ тох кæниккам, нæхи куынæ уарзиккам, уæд. Фæлæ æрмæст нæхи уарзынæй цы рауадаид, куынæ уарзиккам æввахс, зынаргъ адæймæгты, нæ алыварс удæгас æрдзы, Фыдыбæстæйы, æгас дунейы?

Адæймаг уарзтæн кæй райгуырд, уый бæлвырд кæнын нæ хъæуы. Уартæ ма ноггуырдæй дæр саби йæ уарзт дунемæ фервиты йæ бахудтæй, йæ къухтæ – къæхты рог тылдæй. Скæуы æрмæстдæр, æххормаг куы вæййы, исты дзы куы сриссы, уæд. Йе ‘нæхин уарзт фервиты нæ хинджын дунемæ. Хинджын кæй у нæ дуне, алцы дзы нывыл кæй нæу, æнæрастдзинæдтæ дзы бирæ кæй ис, уый та тынгæй тынгдæр æнкъарын, æвзарын райдайы, куы байрæзы æмæ йæ  царды фæндагыл куы ныллæууы, уæд. Æмæ дунейы дих кæнын райдайы, уарзинаг чи у æмæ чи нæу, уыдоныл.

Алчидæр йæхимæ гæсгæ æвзары, уарзинаг ын чи сты æмæ чи не сты, уыдоны. Фæлæ, уæддæр сæйраг уарзон æмæ зынаргъ адæймаг адæймагæн свæййы йæхæдæг. Иутæ сæхи фæуарзынц, цæмæй уарзой кæйдæрты æмæ царды хорздзинæд-тæй парахатæй пайда кæной, æндæртæ – цæмæй цæрой æмæ адæмæн фылдæр пайда сæ бон æрхæссын уа, аннæттæ – цæмæй сæ æввахс хиуæтты цæрайæ цæрой… Хъыгагæн, ис ахæмтæ, кæцыты цард баф-хæрдта æмæ сын цæрын стыр æхцондзинад нал хæссы, фæлæ уæддæр нæ ахуыссы хиуарзондзинады зынг.

Хиуарзондзинад фидауы æндæртæм, нæ алфæмблай дунемæ уарзондзинадимæ. Фæлæ нæ царды та цытæ цæуы абон? Хиуарзондзинад иппæрд кæны æндæртæм, æгас дунемæ уарзондзинадæй. Адæймаг тынгæй тынгдæр йæ хъузджы быры. Тынг æй нал æндавынц йæ алыварс адæм, кæнæ та сæм кæсы пайдайы цæстæй. Сарæх сты машинæтæ, мобилон телефонтæ, компьютертæ æмæ уыдон систы сæ хуыздæр хæлæрттæ. Уынгты фистæгæй цæуджытæ сыстæм сты, кæуыл дзы амбæлай, æгæрыстæмæй зонгæтыл дæр, уый дын кæд æнæбары салам радта, уæд хорз, кæннод дæ иувæрсты цæугæ сæджындзау æмырæй ацæудзæнис. Æмæ раздæр та куыд уыд! Адæм кæрæдзийы фарсмæ, кæрæдзийы æнцой лæууыдысты. Нæлгоймагцух бинонтæн сæ уæззау куыстыты æххуыс кодтой, зиуы цыдысты кæрæдзимæ, æнцой бонты кæрæдзийы рахон-бахон кодтой… Горæты уынджы цæугæйæ, зонгæ, хæстæг, хионыл æнæамбæлгæ нæ фæуыдаис. Æмæ-иу адджын ныхæстæн кæрон нал уыд. Адæм цыдысты сæ хиуæттæм. Цæл кæнынмæ нæ –  цæмæй базоной, куыд цæрынц, цæуыл тыхсынц. Абон уыдæттæм никæйуал æвдæлы, кæд сæ къахæй цæуын нал хъæуы, тарнспортæй ифтонг сты, уæддæр. Стых сыл ис хиуарзондзинады низ æмæ нал æнкъарынц хæстæг, хионмæ уар-зондзинад.

Афтæ у æмгармæ, сыхагмæ, æмкусæгмæ ахасты дæр. Уарзты æнкъарæнты бынат, хъыгагæн, ахсы алкæмæдæр пайдайы цæстæй кæсын. Пайда дын у, уæд дын алцыдæр у – хæстæг дæр, æфсымæр дæр, æмгар дæр…

Хиуарзондзинад ис паддзахадты ‘хсæн дæр. Уый тынгдæр разыны тыхджындæр паддзахадтæм. «Мæнæн хорз уæт æмæ æндæр паддзахадтæ цыфæнды дæр кæнæт» – ахæм у сæ царды принцип. Æмæ сын  цæмæй хорз уа, уый тыххæй тых хæссынц, дæлдзиныг кæнынц æндæр, лæмæгъдæр паддзахадты.

Æмæ, æппынфæстаг, æппæт адæймагады дунеон хиуарзондзинад. Адæймагæн абон хорз уæт, уый йедтæмæ алцыдæр аразы – хæлæфæй исы æмæ пайда кæны, æгæрон чи не сты, æрдзы уыцы хъæздыгдзинæдтæй, чъизи кæны, кæй улæфы, йæ цард æрвылуысм дæр кæнгæ кæмæй у, уыцы уæлдæф, нæ ауæрды цæрæгойты æмæ зайæгойты дунейыл, йæ архайды фæстиуæгæн мæгуырауæрдæм ивы Зæххы климат. Уыдæттæ зоны, æмбары адæй-маг, фæлæ йæ æгæрон хиуарзондзинады аххосæй йæ рохтыл йæ бон æрхæцын нæу…

 

НÆ НЫХЫФЫСТ АХÆМ У?

Алкæмæндæр йæхи ныхыфыст ис. Йæхи ныхыфыст ис алы нацийæн дæр. Нацитæ æвзæрыдысты, рæзтысты, фылдæр кодтой. Куыд, цы уавæрты, уый бæлвырдгæнæг не стæм æмæ нæ ныхасы сæр дæр ууыл нæу. Бæлвырд у, хицæн нацитæн сæ размæцыд сындæг – сындæг кæй æрлæууыд. Цыд рæстæг æмæ сæ размæцыд æрмæст лæугæ не ‘ркодта, фæлæ цæуын райдыдтой фæстæмæ. Афтæмæй адæймагады историон фæндагæй цадæггай иуварс алæууыдысты бæрæг æмæ æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ, гъе, та сыл Барсæджы цалх алæгæрста æмæ абон не ‘хсæн нал уæвынц. Ахуыргæндтæ ма сын сæ фæдтæ ивгъуыды агурынц, фæлæ уый цы ахъаз у сæфт нациты, сæфт æвзæгты фæстæмæ раздахынæн, дунеон историмæ кæй цымыдис кæнынц, уымæй дарддæр.

Æниу ивгъуыды талынг æрфæнтæм цæмæн цæуæм, нæ дуджы уыцы процесс – нациты, æвзæгты сæфыны процесс – сындæгдæр кæны? Нæ. Зæххы чъылдымыл минхуыз æвзæгты æмзæлд бахъахъхъæныны, ма сæ къахыр кæныны бæсты ЮНЕСКО хъусын кæны, æввахсдæр рæстæджыты чи фесæфдзысты, дзурæг кæдоныл нал уыдзæн, уыцы æвзæгты номхыгъд.

Адæймаг цас тыхджын у, уый йæ хъаруйæ кæнгæ куыд у, афтæ наци та цас тыхджын у, уый йæ адæмы бæрцæй кæнгæ у. Уæдæ диссаг нæу, уыцы номхыгъдмæ чысылдæр нымæц, лæмæгъдæр нацитæ кæй бахаудысты, уый, уыдонимæ ирон адæм дæр…

Тыхджын кæддæриддæр уæлбикъондæр вæййы. Ахæм у нæ царды конд. Ахæм нацитæн фесæфынæй тас нæу. Уый нæ, фæлæ рæзты фæндагыл лæуд сты, се ‘взæгтæ фидардæр кæнынц. Æмæ рæзæт, фидардæр кæнæт, фæлæ мах, чысылнымæц нацитæ цæмæн хъуамæ ацæуæм дунеон аренæйæ? Цæмæн нæ æрвитынц сæфты фæндагыл? Стæй, нæхи нацийыл куы дзурæм, уæд цы аразæм нæхæдæг, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ наци, не ‘взаджы? Бирæтæ сæрыстырæй хъæр кæнынц, не ‘взагæн сæфæн нæй, зæгъгæ, афтæмæй та сæ хæдзæртты иронау рæстмæ нæ фæдзурынц, гъе та бынтондæр нæ дзурынц. Цырагъы рухсау фæагурæм, адæмы раз сыгъдæг ирон æвзагыл чи раныхас кæна, фынгæн æгъдау чи радта, ахæмты. Уадзæм чингуытæ ирон æвзагыл, фæлæ сæ бакæсыны охыл йæ къухмæ чи райса, ахæмтæ сыстæм сты…

Хъыгагæн, æппæт æмвæзадты дæр мах бæрндзинад фаг не ‘нкъарæм нæ наци-йы, не ‘взаджы хъысмæты раз. Афтæмæй та сæйраджыдæр нæхицæй кæнгæ у, цахæм уыдзæн сæ хъысмæт, уый. Дзургæ бæргæ кæнæм уый фæдыл, фæлæ конкретон архайдтытæн фæстиуджытæ уадиссаг нæй.

Цы нацитæ фесæфдзысты, уыдоны номхыгъдмæ нæ бахастой. Цы зæгъдзыс-тæм нæхæдæг та. Æви нæ ныхыфыст ахæм у?

 

ФЫЦЦАГ ФЕМБÆЛД

Уадз, цæсгомæй цæсгоммæ ма уæт, ма бакæсæт кæрæдзийы цæстытæм комкоммæ æмæ сын кæрæдзиимæ аныхас кæныны фадат дæр ма фæуæт. Уæддæр уый вæййы цавæрдæр бынаты цавæрдæр уавæрты фембæлд, иуæн дзы йæ цæстæнгас иннæйыл куы схæцы ног æмæ ма йыл ногæй йæ цæст куы схæцид, уый йæ куы бафæнды, стæй сæ кæрæдзимæ дзырдæппарæнтæ бакæнын сæ цæсгом куы бахъæцы æмæ дарддæр сусæг-æргом фембæлдтытæм куы æрцæуынц.

Уый у дыууæ æвзонг адæймагæн сæ фидæны иумиаг царды фæндагмæ рахизæн фæлварæн. Иутæ райдайынц æмбæлын, фæлæ сын сæ уарзты æнкъарæнтæ сцырен кæнын нæ бантысы. Сæ иу, кæнæ иннæ, гъе та сæ дыууæ дæр рагацау бамбарынц, дунескæнæг сæ кæрæдзийæн кæй не сфæлдыста, сæ удты скондæй, цардмæ сæ цæстæнгасæй кæрæдзимæ æввахс кæй нæ лæууынц æмæ сæ фембæлдтытæн кæрон скæнын.

Æндæртæ, кæд банкъарынц, кæрæдзийæн нывгонд кæй не сты, уæддæр хъуыддаг цард баиу кæнынмæ æруадзынц уыцы ныфсæй, зæгъгæ, царды иу фæндагыл цæугæйæ, кæрæдзийыл æрцахуыр уыдзыстæм, æмвæндæй араздзыстæм бинонты цард. Гъе, фæлæ уыцы цард алкæмæн йæ къухты нæ бафты – цард зын фæлварæн у, цард тох у. Хорз, æнгом цард æрмæст хорз бæллицтæй не фты къухты. Хорз бæллицты фæстæ хъуамæ лæууой æнтысгæ архайд, активон змæлд иу нысанмæ тырнгæйæ, зындзинæдтæ иуварс кæнгæйæ. Уый та, сæ цард цы æрыгон чызджытæ æмæ лæппутæ баиу кæнынц, уыдонæй бирæты бон не свæййы æмæ ахицæн вæййынц. Чи сæ иумæйаг царды райдианы, чи – фæстæдæр. Кæрæдзийæн æнæуынон фестынц æмæ кæрæдзийæн фæдзурынц, дæуыл сæмбæлæн бон басудзæт, зæгъгæ.

Ахицæн вæййынц, ныпырх вæййынц сæ бæллицтæ, фæлæ цард дарддæр цæуы æмæ та вæййынц ног фембæлдтытæ. Зындæр вæййы ног амонд ссарын, фæлæ уæддæр адæм æнæмбæлгæ не сты кæрæдзийыл. Æмæ бирæтæ фæхæст вæййынц сæ дыккаг амондыл. Сæ цард фæкæнынц амондджынæй, бирæтæ та сæ царды, хъыгагæн, нал сæмбæлынц сæ амондыл, гъе та сæмбæлынц, фæлæ сын æцæг амонд нæ разыны æмæ æнадæй фервитынц сæ царды бонтæ.

Уæдæ куыннæ ис не ‘хсæн, нæ амондæн ахæм æрыгон адæймæгтæ, кæцытæн сæ фыццаг фембæлд разынд амондджын, сарæзтой æмуд, хъарм бинонтæ æмæ амондджынæй цæрынц. Ахæм бинонтæй конд хъуамæ уаид æхсæнад, фæлæ, хъыгагæн, афтæ нæу. Амонд раскъæфгæйæ нæу. Хатт уый ахизы, стыр амонды аккаг чи у, уымæн йæ иувæрсты æмæ æндæрыл андæдзы.

Алы æрыгон адæймагæн дæр йæ фидæны бинонты цард йæ цардæмбалимæ фыццаг фембæлд райдайы. Алкæмæндæр сæ амондджын царды райдиан уæт.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.