Ныртæккæ иу ирон лæг дæр гуырысхо нæ кæны, кæй бабирæ сты, тагъддæр алыг кæнын кæй хъæуы, ахæм фарстатæ. Ирыстоны арæнтæм нырма дæр лæбурынц. Хуссары нын нæ зæххытæ гуырдзы нырма дæр сæхи хонынц, сæ быцъынæг тонынц, цæмæй сæ байсой. Цæгат Ирыстоны та нæ ныхмæ хъулгъа ныллæууыдысты. Терчы рахисфарс сæхи хонын байдыдтой, нæ фæсивæд сын фаг ныхкъуырд радтой, фæлæ уæддæр нæма æрсабыр сты.

Нæ ирон удварн, не ‘взаг, нæ культурæ æмæ нæ историйыл бирæтæ сæ къух систой. Фæлтæрæй-фæлтæрмæ нæ ирондзинад сæфтмæ цæуы. Нæ фыдæлтæй баззайгæ цардахасты æууæлтæ æмæ нæ рæсугъд æгъдæуттæ скуынæг сты.

Фыдракæнддзинад сарæх. Давын, кæрæдзийы бафхæрын, гæртам исын, сайын, тыхми бакæнын нæм диссаг нал кæсынц. Иу лæг иннæйы бастигъыныл архайы.

Хуыздæр уавæр не ‘вдисынц нæ демографийы ивддзинæдтæ дæр. Ирон адæм фылдæр нал кæнынц. Ноггуырд сывæллæтты нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны. Кар адæм æвзонг фæсивæд æмæ сывæллæттæй дзæвгар фæфылдæр сты.

Не ‘нгомдзинад фехæлд. Иумæ иннæйы хорздзинад хъыг кæсы. Фæзынд нæм алыхуызон политикон партитæ æмæ æхсæнадон змæлдтытæ, æмæ нын нæ чысыл адæмы къордгай кæнынц. Мах, ирон адæм, рагæй дæр искæйы фæдыл азгъораг стæм кæнæ та дун-дунейы проблемæтыл хъуыды кæнын байдайæм, цыма исчи нæ уынаффæхъуаг у. Афтæмæй та нæхи фаг дæр нæ кæнæм, нæхицæн нывыл уынаффæ никуы бакодтам. Ацы тыхст заман дæр та иумæйаг зонд райсын нæ фæразæм.

Ныхас цæуы, нæ адæмы фидæн бахъахъхъæндзыстæм æви нæхи сæфтмæ æруаддзыстæм, ууыл. Рæстæг ахæм у, æмæ хъуамæ арф ныхъхъуыды кæнæм, раиртасæм, равзарæм, цавæр паддзахадон æмæ æхсæнадон цард-арæзт аразæм, цавæр æхсæнадон ахастдзинæдтæ æвæрæм не ‘хсæн, цавæр исбонады бындурыл æрлæууæм. Уыдонæй аразгæ у нæ ирон удварн, нæ ирон миддуне, нæ ирон æгъдау, уаг æмæ æфсарм, нæ ирон лæгдзинады фидæн. Уыдонæй аразгæ у, ирон лæг ма ирон лæгæй баззайдзæн æви нæ, уый.

Нæ фидæнæн цы бындур æвæрæм, уымæн та сбæлвырдгæнæн ис æрмæстдæр нæ фыдæлты цардарæзт, цардахаст, удварн æмæ миддуне раиртасгæйæ. Фидæны бындур æдзухдæр ивгъуыд заман вæййы, Фыдæлты фæткæй цы адæм фæиртæса, уымæн æнæфæцудгæ нæй, фæлæ æрмæст фыдæлты фæткыл лæууæг адæм дæр размæ нæ ацæудзысты, царды ногдзинæдтæ куы нæ исой, стæй иннæ адæмты хорздзинæдтæ куы нæ фæзмой, уæд.

Ирон цардарæзтæн тынг рагон уидæгтæ ис. Нæ рæстæджы францаг стыр ахуыргонд Ж. Дюмезиль фыста, ирон адæм, дам, суанг Уæрæсеимæ баиуы агъоммæ бахъахъхъæдтой сæ незаманы хæрз рагон фыдæлтæ, æртæ-цыппар мин азы размæ цæрæг индоирайнаг (ариаг) адæмты цардарæзт æмæ æхсæнадон уагæвæрдæй бирæ фæзылдты. Уыдон фидарæй фæхастой скифтæ, сарматтæ, алантæ та сæ ирон адæммæ æрхæццæ кодтой. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, ирон цард Иратаманæй (Ир Атан Аман) нырмæ Хуыцауæй лæвæрд у, зæгъгæ, ома, адæмы сурæты æрдз æмæ удварн куы баиу сты, уæдæй нырмæ цæуы. Уый та ариты цæстæнгас уыд.

Нæ равзæрд рагон ариаг адæмтимæ баст кæй у, уымæн æвдисæн у, нæхæдæг нæхи цы этнонимæй хонæм – ирон, зæгъгæ, уый дæр. Этнонимтæ «ирон» æмæ «алан», ахуыргæндтæ сæ куыд иртасынц, афтæмæй равзæрдысты дзырд «арйана»-йæ. Афтæ сæхи хуыдтой рагон аритæ.

Ж. Дюмезиль æмæ иннæ ахуыргæндтæ ирон цард-арæзты раиртæстой ариты стыр фæд, уæлдайдæр та – Уæлладжыры комы ирæттæм. Уыдон куыд æвдисынц, афтæмæй ирæтты æхсæнад рагон ариты хуызæн арæзт уыдис æртæ стыр сæрибар æмæ æмсæр социалон къордæй — зондхæсджытæ, æфсæддонтæ æмæ бæркад-дæтджытæй (зонд, тых æмæ бæркад). Ариты уыцы æртæ къордæй кæддæр равзæрдысты рагон Индийы æртæ уæллаг кастæйы — брахмæнтæ, кшатритæ æмæ вайшьятæ. Ирон историон таурæгътæм гæсгæ та зонд лæвæрд уыд Къусæгонтæм, тых — Цæразонтæм, бæркад — Сидæмонтæм, Нарты кадджыты та — Алæгатæ, Æхсæртæггатæ æмæ Борæтæм. Фæстæдæр – Къусæгонтæ, Цæразонтæ æмæ Сидæмонтæй равзæрдысты бирæ нырыккон ирон мыггæгтæ. Арæх ракæнынц цыппæрæм социалон къорд Æгъуызаты кой дæр, ома, уыдон Цæразонтимæ æмсæр хæстонты æхсæнадон къорд уыдысты, зæгъгæ. Ирон таурæгътæм гæсгæ æцæгдæр афтæ цæуы. Фæлæ рагон индоирайнаг адæмты тыххæй цы зонадон куыстытæ ис, уыдон лæмбынæг куы раиртасай, уæд бынтон афтæ нæу. Зæгъæм, ариты æртæ æхсæнадон къордæн алкæмæн дæр уыд йæхи сæрмагонд хуыз: зондхæсджытæн — урс, хæстонтæн — сырх, бæркадхæсджытæн — морæ. Æгъуызатæн та сæ ном сæ уæлæ ис — «æгъуыз» — атæ, ома, сæхи сæрмагонд хуыз сын нæй. Æнхъæлæн ис, Æгъуызатæ кæддæр цыдæр историон цауты фæрцы иннæ æртæ æхсæнадон къордимæ æмсæр бынат æрцахстой, фæлæ сын уæддæр фæткмæ гæсгæ сæрмагонд хуыз не ‘мбæлд. Ирон адæм, тæтæр сæ куы ныппырх кодтой, уый фæстæ дунейы адæмты ‘хсæн ногæй куы рабæрæг сты æмæ наукæйы цæстæнгасмæ куы бахаудысты, уæд цардысты Астæуккаг Кавказы хæхты цæгат æмæ хуссар фæрстыл цалдæр комы. Цæгаттаг ирæттæ цардысты фондз комбæстæйæ: Уæлладжыр, Туалтæ, Куырттатæ, Дыгур æмæ Тæгиатæ.

Фондз комбæстæйæн дæр сæ цардарæзт иухуызон уыд, кæд се ‘хсæн бæлвырд хицæндзинæдтæ иртæст цыд, уæддæр. Бинонтæ, мыггаг, иу фыдæлæй равзæргæ æрвадæлтæ, сыхбæстæ, хъæубæстæ, зылд (община) æмæ комбæстæ, – ахæмтæ уыдысты, сæ кæрæдзи ‘хсæн æнгом баст чи уыд, уыцы ирон цардарæзты социалон къордтæ.

Мыггаг, хъæубæстæ, зылд æмæ комбæстæйæ алкæцы дæр уыд хæдбар социалон къорд, кæд сæ иутæ иннæтæм хаудысты, уæддæр. Уынаффæгæнæг æмæ тæрхонгæнæг дæр сæхицæн сæхæдæг уыдысты. Алы къордæн дæр уыд сæрмагонд уынаффæдон – хистæрты ныхас. Ныхас, цы къордмæ хаудис, уымæ гæсгæ æвзæрста мыггаг, хъæубæстæ, зылд æмæ комбæстæйы хъуыддæгтæ. Таурæгътæ дзурынц, æппæт ирон адæмæн, дам, Дагомы – Къусæгонты сæйраг цæрæнбынаты, иумæйаг Стыр Ныхас дæр уыд, зæгъгæ.

Ныхасы бадтысты фендджын, дзырдарæхст, ирон уаг æмæ æгъдау хорз чи зыдта, ахæм дзырддзæугæ хис-тæртæ. Уынаффæ хастой, фыдæлты уаг æмæ æгъдау куыд амыдтой, уымæ гæсгæ. Ныхасы уынаффæйыл дыу-уæ ничи загътаид, æнæмæнг æй æххæст кодтой.

Ныхас ма ноджыдæр уыд царды стыр скъола дæр. Ам-иу хистæртæ æрхастой фыдæлты æмбисæндтæ, фæн-дырæй цæгъдгæйæ, зарыдысты рагон кадджытæ, йæхи царды æхсарджын, арæхстджын æмæ æфсармджынæй чи равдыстаид, уыдонæй æппæлыдысты. Хистæрты раз уырдыг лæууыдысты астæуккаг кары лæгтæ, фæсивæд æмæ сæм лæмбынæг хъуыстой.

Фæткмæ гæсгæ Ныхасы фарсмæ хъуамæ уыдаид хъазæн фæз. Ам та фæсивæд æвзæрстой сæ лæгдзинад, бæхыл бадынмæ, кардæй хæцынмæ, топпæй æхсынмæ, хъæбысæй хæцынмæ, дзыхæй дзурынмæ, кафынмæ æмæ зарынмæ куыд арæхсынц, уый. Хистæртæ сæм сæ цæст дардтой, амыдтой сын, разæнгард сæ кодтой.

Ирон адæмæн фыдæлтæй баззад раст лæджы тæрхон. Дыууæ лæджы нæ фидауынц, зæгъгæ, уæд-иу тæрхон-гæнæгæй равзæрстой, сæ дыууæ дæр кæуыл æууæндыдысты, ахæм æртыккаг лæджы. Мыггæгты быцæутæ æв-зæрстой хъæубæстæйы æвзаргæ лæгтæ, хъæубæстæты быцæу — зылды дзырддзæугæ лæгтæ, зылдты быцæу та-иу рахастой комбæстæйы тæрхонмæ.

Куыд уынæм, афтæмæй ирон цардарæзт фæткыл æвæрд уыд. Уымæ гæсгæ ирон æхсæнады зын ссарæн сты паддзахадон цардарæзты æлхъивæн органтæ. Æппындæр та дзы бынат нæ уыд пъæлицæ, ахæстон æмæ сæрмагонд паддзахадон æфсадæн. Æппæт нæлгоймæгтæ дæр бæлвырд кары хæстон æмæ фæдисоныл нымад уыдысты. Бахъуаджы сахат-иу æхсарджындæр, зонд-джындæр, фендджындæр æмæ фæлтæрдджындæр нæлгоймæгтæй сæхицæн хæстон фæтæг равзæрстой.

Гъе, ахæм уыд нæ фыдæлты цардарæзт, ирондзинад кæм равзæрд æмæ ныффидар, нæ фыдæлтæ æмсæр æмæ сæрибарæй кæм цардысты æмæ фæллой кодтой, уый.

Афтæ дзурджытæ дæр фæуыдзæн, кæд ирон цард-арæзт æцæгæй дæр ахæм уыд, уæд куыд æмбаргæ у, советон наукæйы, стæй хицæн историон фыстыты цы хъуыды ныффидар, ома, ирон цардарæзты, уæлдайдæр та – Дыгур æмæ Тæгиаты комбæстæты феодалон ахаст-дзинæдтæ æвæрд уыд, зæгъгæ, уый.

Æртæ сæйраг цæстæнгасы ныффидар уыцы фарстамæ. Иу дзы амоны, зæгъгæ, ирæттæм феодалон ахастдзинæдтæ никуы уыд, иууылдæр – æмхуызон, æмсæрæй цардысты, æрмæстдæр Уæрæсеимæ баиуы фæстæ иуæй-иу лæгтæ паддзахы службæйы фæрцы стыр бынæттæ куы æрцахстой, уæд уыдон сæ мыггæгтимæ архайын байдыдтой, цæмæй паддзахы бардзырдæй æлдæртты ном райсой, ууыл. Иутæн дзы æнтысгæ дæр бакодта. Зæгъæм, Тæгиатæн. Фæлæ Тæгиатæ иннæ фæрсаг адæмæй мулкæй дæр æмæ бартæй дæр раздæр куыд ницæмæй хицæн кодтон, уымæн æвдисæн сты æрмæст адæмон таурæгътæ нæ, фæлæ, сæрмагондæй уыцы фарста раиртасыны тыххæй паддзахы хицауад цы комитеттæ æмæ къамистæ сарæзта, уыдонæй иуæй-иуты уынаффæтæ дæр. Иннæ цæстæнгас дзуры, Тæгиатæ æмæ Бадилатæ дæр Ирыстонмæ æрцæуæггаг сты, зæгъгæ. Тæгиатæ сæхæдæг сæхи хонынц, Ирыстонмæ чи æрбафтыд, ахæм Сомихы паддзахы фырт кæнæ та паддзахы визиры цот. Уый кæддæр йæ дæлбар адæмы къордимæ Дæргъæвсы æрæнцад, йæ цот ам зæххытæ æрцахстой, сæ алыварс та фæстæдæр ирон фæрсаг адæм æрцардысты. Ирон адæм та сæ Уæлладжырæй рацæугæ хонынц, суанг ма сын сæ рагон цæрæнбынæттæ дæр амонынц. Бадилаты фыдæлтæ та, дыгурон таурæгътæ куыд дзурынц, афтæмæй æрбафтыдысты Маджары сахарæй. Раздæр дыгурæн уыдысты æххуырст хæстонтæ, бынатгæстæ, фæлæ – сабыргай, сæ цот куы бабирæ сты, уæд сын дыгур мыздæн цы фыстой, уый хъалонмæ раивтой, сæхи уæлдæр адæмыл банымадтой. Таурæгътæ æрцæуæг хонынц Гагуатæ æмæ Цæргæсаты дæр.

Æртыккаг цæстæнгас ныффидар советон историографийы. Советон историктæ сæ иртасæн куысты, бындурæн райстой марксистон концепци — куыстадон фæрæзтæ куыд рæзынц, афтæ къласон тохы фæрцы иу æхсæнадон формаци ивгæ цæуы иннæмæй, æхсæнадон къæпхæнтыл уæлдæр чи лæууы, ахæмæй. Ивд æрцæуынц цардуаг æмæ æфсарм дæр, адæмы зондахаст æмæ удварн дæр, суанг ма хицæн адæймæгты миддуне дæр. Цыбыр дзыр-дæй, иппæрдгонд цæуы адæмты эволюцион райрæзт.

Уыцы концепцийы бындурыл лæугæйæ, советон ирон ахуыргæндтæй иутæ ирон цардарæзты фæзындтæ æмæ ахастдзинæдтæ нымайын байдыдтой фæстæзад æууæл-тыл, иннæтæ та сæ тыхагуырд райдыдтой феодалон æмæ ма суанг капиталистон ахастдзинæдтæ, ома, мах дæр фæстæзад нæ уыдыстæм, зæгъгæ. Разынд ахæмтæ дæр, нæ фыдæлты цардахастæй æфсæрмыгæнгæйæ чи дзырдта, раздæр, дам, уæлдæр æхсæнадон къæпхæныл лæууыдыстæм, уыдис нæм сыгъдæг феодализм, фæлæ нæ астæуккаг æнусты тæтæр хæхты цъассытæм куы батардтой, уæд та фæстæмæ дæлæмæ æрхаудыстæм, фæтых ныл æхсæнадон регресс, феодализмæй æрхызтыстæм фыдæлты фæткыл арæзт цардарæзтмæ.

Æцæгæй та, дунейы рагон æмæ нырыккон адæмтыл куы афæлгæсай, уæд бафиппайæн ис, адæмтæ се ‘хсæнадон райрæзты иу фæндагыл кæй нæ цæуынц, уый. Уымæн æвдисæн сты алыхуызон цивилизацитæ, удварны æвæрдæттæ æмæ æхсæнадон уагæвæрдтæ, кæд, æмткæй райсгæйæ, арæх иухуызон куыстадон фæрæзтыл æнцайынц, уæддæр. Фæлæ мах хъуамæ дзуапп дæттæм нæхи, ирон цардахасты тыххæй. Æмæ нын афон у, цæмæй бамбарæм иу хъуыддаг: дугимæ æмдзу кæнгæйæ, нæ рагфыдæлты цардуагæй нæхи бынтон куы фæиппæрд кæнæм, уæд æндæр адæмты ‘хсæн батайдзыстæм.

ХАДЫХЪАТЫ Хадзымæт

 (кæрон радон номыры)

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.