Цæгат Ирыстоны хицауады 2024 азмæ план кæнынц дыууæ хæххон хъæуы культурон хæзнадоны æртæ объекты среставраци кæнын, кæцытæ сты «Мамысон»-ы хæххон курорты районмæ æввахс.

«Хæххон лыжæтыл бырæн курорт «Мамысон»-ы цур уыдзысты дыууæ хæххон хъæуы – Калак æмæ Лисри, цыран сты астæуккаг æнусы мæсгуыты комплекстæ. Лисрийы архитектурон комплексы ис федералон нысаниуæджы культурон хæзнадон – Мады Майрæмы аргъуан. Ацы æртæ объекты æндидзыд æрцæудзысты 2024 азмæ, курорты арæзтады масштабон проекты фыццаг этапы фæудмæ. Республикæйы туристтæ, уазджытæ бæрæг кæндзысты ацы объектты æмæ афтæмæй зонгæ кæндзысты аланты культурæимæ», – радзырдта РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Морготы Константин.

Ныридæгæн куыст цæуы Лисрийы мæсгуыты комлексы фæдыл зонадон-проектон документацийыл, уый фæстæ та документаци арæзт æрцæудзæн культурон хæзнадоны иннæ дыууæ объектæн. Лисрийы хъæу у уыцы чысылнымæц хъæутæй иу, цыран гæнæн ис фенæн алыгъуызон мæсгуытæн – мыггæгты гæнахты æмæ хъахъхъæнынады фидартæн, кæцытæн сæ нымæц астæуккаг æнусы уыд 14. Мады Майрæмы аргъуан, кæцы арæзт æрцыд хуссар-ныгуылæн хъæугæрон 1902 азы, нымад цæуы комы иууыл æвзонгдæр аргъуантæй сæ иуыл.  Æрдæгтымбыл аркæтæ, дурты раст амад æмæ къулты æмхуызондзинад аргъуаны кæнынц уæлдай рæсугъддæр. Калачы хъæуы, кæцы ис Алагиры районы Мамысандоны цæугæдоны галиу былыл. У архитектурæйы федералон нысаниуæджы астæуккаг æнусы цыртдзæвæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.