Информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры уагъд æрцыдис фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсивæды политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергеимæ. Уый, фыццаджыдæр йæхи номæй дæр æмæ комитеты кусджыты номæй арфæ ракодта нæ республикæйы æппæт студенттæн сæ бæрæгбоны цытæн. «Бæргæ нæ фæндыдис, студенттæй Уæрæсейы Федерацийы форумты хайад чи иста, уыдоны нæ комитеты номæй схорзæхджын кæнын, фæлæ, хъыгагæн, нæй уыцы фæрæзтæ æмæ не ʻххæссæм. Абон студенттæн зæгъын зæрдæбын арфæтæ», – загъта Зассеты Сергей.

Уый радзырдта журналисттæн, зæгъгæ Хуссар Ирыстоны хæххон зонæйы ис тынг хорз бынæттæ зымæгон спорты хуызтæ райтынг кæнынæн. Зассеты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, уыдон ацы аз Уæрæсейы Федерацийы хæххон къахкъæлæтты спорты хуызты Федерациимæ иумæ бацæттæ кæндзысты хæххон къахкъæлæтты курорты арæзтады фыццаг проект. «Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы хуызы спорт Хуссар Ирыстонæн у пайда æмæ йыл хъæуы кусын. Фыццаг рады хъæуы саразын уæрдæхон фæндаг, кæцыйы арæзтадæн хъæуы бирæ æхцайы фæрæзтæ. Мах ныфс ис, æмæ нæ проект кæй бахаудзæнис Инвестпрограммæмæ æмæ фарст æвæрццагæй скъуыддзаг кæй æрцæудзæнис.

Фæсивæды хъуыддæгтæ, спорт æмæ туризмы фæдыл ко-митеты сæрдар Зассеты Сергей ма радзырдта спорты иу ахсджиаг хъуыддаджы тыххæй, ома, спортæн æнæфинансон æххуысæй нæй райрæзæн. Цæмæй спорт бæрзонд æмвæзадмæ схиза, уый тыххæй хъæуынц серьезон æхцайы фæрæзтæ. «Уый хауы фæсивæдон политикæмæ дæр, æмæ зæгъын хъæуы, ивгъуыд аз кæй уыдис æнтыстджын. Фыццаджыдæр, нæ фæсивæды минæвæрттæй бирæтæ уыдысты Уæрæсейы Федерацийы уагъдцæуæг æндæр æмæ æндæр фæсивæдон мадзæлтты æмæ форумты хайадисджытæ æмæ-иу сын уыд æнтыстытæ. Сæрмагонд делегацийæ та хайад райстам, Сочийы фæсивæд æмæ студенттæн цы фестиваль уагъд æрцыдис, уым дæр æмæ уый нымайын хорз хъуыддагыл», – банысан кодта Зассеты Сергей. Уый ма æрдзырдта нæ спортсменты æнтыстытыл æмæ сæ архайды тыххæй дæр. Фæлæ сæйрагыл уæддæр нымайы туризм райтынг кæныны хъуыддаг æмæ йæ райтынг кæнын та хъæуы паддзахады æххуысæй.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.