Фæстаг азты РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды хъæппæрисæй мадзæлттæ ист цæуы фæсивæды проблемæтæ скъуыддзаг кæны-нæн. Фæсивæды ’хсæн хъомыладон куыст, монон рæзтмæ æмæ сæйраджыдæр та, се ‘нæниз-дзинадмæ хъусдарыны нысанæн куыст æрцыд программæйыл, кæцыйы символ ссис «Спорт в шаговой доступности», зæгъгæ. Президент йæ архайдæй амоны æмæ домы канд Фæсивæды политикæйы фæдыл комитетæй нæ, фæлæ ма æндæр министрадтæ æмæ ведомствотæй дæр, кæцытæн комкоммæ ахаст ис рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ.

2015 азы республикæйæн нысаниуæгджын цау уыд Цхинвалы спортивон комплекс «Олимп» бакæнын, кæцыйæн специалистты хъуыдымæ гæсгæ нæй æмбал æгас Цæгат Кавказы. Ам æппæт уа-вæртæ дæр ис спорты бирæ хуызтæй активонæй архайынæн. Дæргъвæтин рæстæг нæ куыста æмæ ныр архайын райдыдта ленкгæнæн бассейн «Дельфин», горæт Къуайсайы æмæ Знауыры районы баконд æрцыдысты спортивон залтæ, кæцытæ ифтонг сты алыгъуызон тренажертæй. Ацы аз июлы мæймæ æрмæст горæты баконд æрцæудзæн æхсæз залы, кæцытæ ифтонг уыдзысты алыгъуызон спортивон инвентарь æмæ тренажертæй. Уыдон иууылдæр финансгонд цæудзысты Президенты резервон фондæй. Знон уал цытджын æгъдауæй алыгъуызон тренажертæ æмæ æндæр спортивон инвентарæй ифтонг æрцыд нæ горæты цæгатварс, БАМ-ы районы цы спортивон зал ис, уый. Ацы бæрæгбонон мадзалмæ хуынд æрцыдысты Президент æмæ Хицауады бæрнон кусджытæ, БАМ-ы районы фæсивæд æмæ фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты кусджытæ.

Мадзал байгом кодта горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан:

— Арфæ уын кæнын, нæ зынаргъ фæсивæд ахæм стыр лæвары тыххæй. Уадз, архайут спорты, ут æнæниз. Мах та цæттæ стæм уæ царды уавæртæ фæбæрзонддæр кæнынымæ. Президент йæ фыццаг хæсыл нымайы рæзгæ фæлтæры раст, алыварсонæй схъомыл кæ-нын. Президенты резервон фонды фæрæзтæй фылдæр хардз цæуы фæсивæды фæрныгады тыххæй. Йæ бахæсмæ гæсгæ арæзт æрцыд цалдæр спортивон-хиирхæфсæн фæзуаты. Ноджыдæр арæзт æр-цæудзæнис аст ахæм фæзуаты, кæцытæ ифтонг уыдзысты хъæуæг инвентарæй. Ацы ахсджиаг программæйы нысан у æнæниз фæсивæд схъомыл кæнын, — дзырдта горæты мэр Æлборты Алан.

Ныхасы бар лæвæрд æрцыд Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрикæн дæр. «Мах хъуамæ не ’ппæт дæр æмбарæм республикæ-йы кæй хъæуы æнæниз фæсивæд. Растдæр ацы уавæр хынцгæйæ республикæйы къухдариуæгад сæрмагонд хъусдард здахы æнæ-низ фæсивæды хъомыладмæ. Уы-мæн æвдисæн сты, азæй-азмæ фылдæр чи кæнынц, уыцы спортивон залтæ. Уый та нын фадат дæтты хъомылгæнинæгты уавæр-тæ бæлвырд фæхуыздæр кæнынæн. Æппæт уыдæтты руаджы бæлвырд фæфылдæр сты спорты алы хуызтæй Уæрæсейы уагъдцæуæг турнирты не спортсментæй призон бынæттæ чи бацахсынц, уыдоны нымæц.

Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Кокойты Георги та загъта:

— Фæсивæды хъуыддæгты йæ архайд стыр аргъы аккаг у Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæн. Уый лæмбынæгæй йæ хъус дары канд фæсивæды культурон цардмæ нæ, фæлæ спортивон мадзæлттæ уадзынмæ дæр. Хатт Уæрæсейы уагъдцæуæг ерыстæм цæугæйæ материалон фæрæзтæ куынæ фæфаг кæнынц, уæд мах бахатæм, сæрмагондæй Президентмæ. Уыцы хъуыддаджы æмбарынад вæййы æрвылхатт дæр. Иннæ азтæм абаргæйæ, фæстаг азты бирæ фæфылдæр сты не спортсментæй призон бынæттæ канд Уæрæсейы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр чи бацахсынц, уыдоны нымæц. Президент æнгомæй кусынмæ цæттæ у, фæсивæды политикæйы проблемæтæ комплексонæй аскъуыддзаг кæныныл архайы æмæ йын бузныг нæ комитеты номæй, — дзырдта Кокойты Георги.

БАМ-ы районы фæсивæды номæй ныхасы рацыд Дзигойты Станислав: «Мæхи æмæ БАМ-ы нæ, фæлæ ма Дыргуисы районы фæсивæды номæй дæр зæгъын стыр бузныг! Ам кæд спортивон зал рагæй уыд, уæддæр дзы нæ уыд инвентарь. Ныр ардæм ласт æрцыд 28 иуæджы алыгъуызон спортивон тренажеры. Уый стыр лæвар у махæн Президенты æрдыгæй. Ам æрвылхатт дæр къухбакæнæн нæ уыд спортуарзджытæй, ныр, æвæццæгæн, бынтон сæ къах нал авæрдзысты ардыгæй фæсивæд. Уыимæ иумæ уæм хатæм, цæмæй нын баххуыс кæнат æмæ спортзал фæуæрæхдæр кæнæм, кæннод уыйбæрц спортивон тренажертæй нæ зал фæкъуындæг ис».

Президент Тыбылты Леонид райгондæй баззад фæсивæды зæр-дæтæ кæй барухс кодта, уыцы архайдæй æмæ сын раарфæ кодта:

— Цы мадзæлттæ исæм, уымæ нæкæсгæйæ дарддæр дæр архайдзыстæм, цæмæй нæ фæсивæд канд спортæй ма архайой, фæлæ ма нæ рагфыдæлты монон æргъадтæ дæр хъахъхъæной. Махæн дарддæр дæр нæ зæрды ис канд горæты нæ, фæлæ ма районты дæр сифтонг кæнын спортивон залтæ æмæ фæзуæттæй. Махæй алчидæр хæсджын у, цæмæй йæ тыхтæ радта фæсивæды рæсугъд фидæныл хъуыды кæнынмæ. Фыццаградон хæсыл æз нымайын, уыдоны фæндтæ æххæст кæныныл бакусын. Хъæуы æрмæстдæр фердæхт-дзинад. Хæрдзтæ æз исын мæхимæ, афтæ фидар позици, ахæм ахаст мын ис рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ, кæцыйыл хæст уыдзынæн дарддæр дæр.

Мадзæлттæ исæм, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ рæстæгæй-рæс-тæгмæ фæзынынц æмбæстæгты хъæстытæ хицæн районтæй. Иуæй иу къухдариуæггæнджытæ кæй ницы аразынц, уый аххосæй тыхсынц фæсивæд. Зæгъæм, æрæ-джы Цхинвалы районы Сатихъары хъæуæй Президент æмæ Хицауады номыл æрбацыд хъаст, цыран фæсивæд домдтой сæхицæн стадион. Ахæм уæлæнгай фарстатæ цæмæн хъуамæ скъуыддзаг кæной Президент æмæ Хицауад, кæд æмæ уыдон скъуыддзаг хъуамæ цæуой бынаты. Фæлæ сæ не скъуыддзаг кæнынц! Уырдæм æз арвыстон мæ минæвæртты, уыдон бынаты сахуыр кодтой уавæр æмæ майы æмбистæм ацы хъæуы арæзт æрцæудзæнис стадион. Сымах куырдиат, ома, спортивон зал фæуæрæхдæр кæнын дæр æнæмæнг аскъуыддзаг кæндзыс-тæм. Уæлдæр куыд загътон, афтæ æппæт территоритæ дæр лæвæрд цæуынц фæсивæды интерестæн, — дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Уый фæстæ Президент азылд тренажертæ цы спортивон залы æвæрд æрцыдысты, уым æмæ æрсидт фæсивæдмæ, цæмæй сæ сæрибар рæстæг æрвитой спорты архайгæйæ.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.