Туркы ирон диаспорæйы минæвæрттæ нæ рох кæнынц сæ уидæгты æмæ æнгомæй æмгуыстад кæнынц сæ историон Райгуырæн бæстæимæ. Иумæйаг равдыстытæ организаци кæнынæн, фестивалты хайадисын, коронавирусы рæстæджы кæрæдзийæн æххуыс кæнын – æппæт уыдæттæ нацийы кæнынц уæлдай æнгомдæр. Иуварс нæ лæууынц фæсивæды минæвæрттæ дæр. Уыдон активонæй хайад исынц алыгъуызон мадзæлтты. Зæгъæм, туркаг ирон Дзагкоты Омер зарджытæ фыссы йæ мадæлон ирон æвзагыл. Уый йе сфæлдыстады тыххæй афтæ радзырдта: «Ацы зарджытæ ныффыстон фондз азы размæ, æдæппæт  сты æхсæз. Зарджытæ æххæст кæнын уарзын мæ кæстæр хæлæрттимæ. Тынг мæ зæрдæмæ цæуы Райгуырæн бæстæ, ирон адæм, уарзон чызгыл фыссын», – радзырдта Дзагкоты Омер.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ уый размæ та кæй рацыд Туркы цæрæг Цорити Исмаилы ролик, цыран æвдыст цæуы кувыны æгъдау дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.