Республикон нысаниуæджы фæндæгты иумæйаг дæргъ у  331 километры. Уыдоны хæрзарæзтадмæ йæ хъус дары Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитет.

Ацы комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард куыд зæгъы, афтæмæй комитеты кусджытæ сæ хъус дарынц фæндæгтæм афæдзы алы афон дæр. Республикон нысаниуæгджын фæндæгтæ та Хуссар Ирыстоны ис цыппар –   Транскам, Ленингор, Къуайса æмæ Знауырмæ фæндæгтæ.

Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитет сбæрæг кæнынц фæндæгты хицæн фадгуыты техникон уавæр æмæ дзы бакæнинаг куыстытæ кæд рабæрæг вæййы, уæд уый фæстæ уырдæм æрвыст æрцæуынц комитеты дæлбар «Дорэкспострой»-ы организацийы кусджытæ æмæ сæ сæххæст кæ-нынц. 

Гуыззытаты Эдуард куыд зæгъы, афтæмæй уый у æдзухон процесс. Республикон нысаниуæджы фæндæгтæн сæ фылдæр хай цæуы зынвадат рæтты æмæ æрдзон фæзындтыты аххосæй уыдонæн разин чындæуы æмæ сæ бахъæуы цалцæг кæнын. Уыцы куысты-тæ рæстæгыл æххæст куынæ ‘рцæуынц, уæд сæ фæдыл расайынц стырдæр проблемæ. 

Гуыззытаты Эдуард ма радзырдта, ныртæккæ Гуфта-Къуайсайы фæндагыл цы арæзтадон куыстытæ æххæст цæуы, уыдоны тыххæй дæр.

«Ацы азы февралы райдыдтам Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтады æртыккаг – кæронбæттæн этап. Ацы аз асфальт æрцæудзæнис 15 километры æмæ фæндаг ууыл арæзт фæуыдзæн. Ныртæккæ дзы цæуынц асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Асфальт кæнын та райдайдзыстæм июлы райдианы», – зæгъы уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, объекты ныртæккæ кусынц 30 адæйма-гæй фылдæр. Æппæт куыстытæ дæр фæуыдзысты азы кæронмæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.