ÆХХУЫСХЪУАГ БИНОНТÆН 

Коронавирусы аххосæй нæ республикæйы цы карантин расидтæуыд, уый бирæ бинонты бю-джетыл бандæвта. Продуктты æргътæ рæзынц, уымæ гæсгæ бирæтæн сæ бон нал у сæ бал-хæнын.

Фæсивæдон æхсæнадон организаци «Ныхас»-ы хæрзаудæн акцийы фæлгæтты йæ уæнгтæ уарынц хæлцадон продукттæ æххуысхъуаг, бирæсывæллонджын бинонтæн, иунæг пенсиисджытæ æмæ гуырцæй инвалидтæн.

«Хæрзаудæн акци уагъд цæуы, тæссаг вирусы аххосæй цы уавæр сæвзæрд æмæ тыхст уавæрмæ цы бинонтæ æрцыдысты, уыдонмæ иу чысыл æххуысы къух фæдарыны охыл. Мах æххуыс кæнæм канд горæты цæрджытæн нæ, фæлæ нæ республикæйы районты цæрæг адæмæн дæр. Ныридæгæн уал 60 бинонтæ райстой æххуыс. Цæттæ кæнæм ноджы пакеттæ æмæ уыдон дæр тагъд рæстæджы райсдзыс-ты, номхыгъды нæм чи ис, уыдон. Пакетты ис æнæмæнгхъæуæг хæлцадон продукттæ. Æххуысхъуаг адæмы номхыгъдтæ бацæттæ кодтой нæ организацийы активисттæ. Уый тыххæй нын иудзинад ис куыд горæты, афтæ районты социалон службæтимæ дæр. Нæ телефонтæ нын зонынц районты активисттæ æмæ ахæм бинонтæ куы рафæлгъауынц, уæд нæм æрбадзурынц», – зæгъы ацы организацийы минæвар.

ХÆСТЫ ФÆЦÆФУÆВÆГ ИНВАЛИДТÆН 

Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ гуманитарон æххуыс бакодта, хæсты фæцæфуæвджыты æххуысы фондæн. Фонды сæргълæууæг Плиты Мадинæ куыд зæгъы, афтæмæй æххуыс райсдзысты 207 инвалиды. «Æххуыс дæттын райдыдтам къуырийы райдианы. Фыццаг рады ахæм æххуыс райстой I-аг къорды инвалидтæ. Ин-нæ къордты инвалидтæ та сæхæдæг ахæссынц сæ гуманитарон æххуыс фонды къæбицæй.

«МЕГАФОН»-Ы ÆХХУЫС – ВЕТЕРАНТÆН

«Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 75 азы юбилейы цытæн Хуссар Ирыстоны ветерантæн компани «Мегафон-Хуссар Ирыстон» балæвар кодта смартфонтæ. Уымæй дарддæр ма бæрæгбонмæ ветеранты телефонты хыгъдты сæвæрдтой фæйнæ 5 000 мин сомы», – зæгъы Мегафоны æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл хайады специалист Бежанты Заринæ.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй компани «Мегафон» аст азы размæ бакодта сæрмагонд та-риф «Ветеран», цæмæй ацæргæ ветерантæн сараза комфортон уавæртæ се ‘ввахс адæмимæ дзурынæн. Уый фæрцы ветерантæн сæ бон уыд канд бынæттон  нæ, фæлæ ма Уæрæсейы Мегафонмæ дæр æнæаргъæй дзурын.

ХУССАР ИРЫСТОНМÆ ÆРЦЫДЫСТЫ

 ЕМЫНÆЙЫ НЫХМÆ СТАВРОПОЛЫ ИНСТИТУТЫ СПЕЦИАЛИСТТÆ

Югоосетпотребнадзорæн баххуыс кæныны фæдыл нæ республикæмæ æрцыдысты емынæйы ныхмæ Ставрополы институтæй дыууæ специалисты. Уыдон баххуыс кæндзысты сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн коронавирусы тесттæ аразынæн.

Ацы институты дохтыртæ практикон æххуыс бакодтой фыццаг тесттæ аразыны рæстæджы сæхимæ, Ставрополы. Ныр та æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ. Ныр уыдон тесттæ аразынц ам, бынаты. Уый та тагъддæр кæны фæстиуджытæ райсыны процесс. Афтæ ма ахуыр кæнынц бынæттон кусджыты дæр æмæ сын дæттынц алыгъуызон рекомендацитæ.

Югоосетпотребнадзор ма ацы специалистты фæрцы Хуссар Ирыстонæн рахицæн кодта тестты ног парти, кæцыты фæрцы æнтыстджынæй тох цæудзæнис коронавирусы инфекцийы ныхмæ.

КАРАНТИНЫ УÆВÆГ ÆМБÆСТÆГТÆМ НАЛ ИС ХÆЛЦАДОН ПРОДУКТТÆ БАХÆССÆН

Коронавирусы  фæдызæрдыджы Медицинон уагдæтты æмæ уазæгдон «Алан»-ы карантины цы æмбæстæгтæ ис уыдонмæ гæнæн уыдзæнис бадæттын æрмæстдæр сывæллæтты хæлцадон продукттæ æмæ сæрмагонд гигиенæйы фæрæзтæ. Ахæм барамынд лæвæрд æрцыд 12-æм майы. «Æхсæнадон фæтк сæххæст кæнын æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирусон инфекцийы апарахат ма ‘руадзыны фæдыл мидхъуыддæгты министр Наниты Игоры барамындмæ гæсгæ, карантины уæвæг æмбæстæгтæн хæлцадон продукттæ исыны бар нал уыдзæн».

Мидхъуыддæгты министрад карантины режим фехалджыты кæндзæнис административон бæрндзинадмæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.