Рæстæг цыма дугъон бæхыл сбадт – размæ тæхы æмæ афтæмæй бирæ ахсджиаг цаутæ зайынц фæстейæ,  рох кæнынц. Фæлæ, нæ нырыккон истори йемыдзаг цы трагикон цаутæй уыд, уыдоны нæ хъæуы рох кæнын. Цалфæнды азы ма рацæуа, уæддæр мах хъуамæ нæ зæрдыл дарæм хæдбардзинадмæ фæндагыл йе ‘взонг цард Райгуырæн бæстæйы, сæ радтæг адæмы сæрвæлтау чи снывонд кодта, уыдоны.

Хуссарирыстойнаг адæмæн хæдбардзинады аргъ тынг зынаргъ слæууыд. Æвæццæгæн, дунейы никæцы чысылнымæц адæмы хаттæн бауыдаид йæ бон ирон адæм цы даргъ æмæ гуыргъахъ фæндæгтыл рацы-дысты, ахæмтыл рацæуын. Сæрибардзинады сæрап-понд фæмард сты Ирыстоны хуыздæр фырттæ. Уыдон сæ цардыл нæ хъуыды кодтой, афтæмæй 20 азы дæргъы аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой æгъатыр знагæн. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлуæды дæргъвæтин азты дæргъы хуссарирыстойнаг лæппутæ сæ Фыды-бæстæ хъахъхъæнгæйæ цы стыр сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, се ‘взонг уæнгты цас хъару разынд, уыдон царциаты диссагæн дзуринаг сты. Ноджы ма йæ зæгъон, кинофильм «Спратак»-ы дунейы диссагæн цы 300 спартаконы баззадысты, уыдонæй хъæбатырдæр разындысты ирон лæппутæ, уыдонимæ абаргæйæ, ноджы стырдæр хъæбатырдзинæдтæ равдыстой. Уымæй дæр спартаконты ахуыр кодтой хæцын, фæлæ хуссарирыстойнаг лæппуты сæр куы бахъуыд, уæд сæ къухмæ фыццаг хатт райстой хæцæнгарз æмæ æцæг æхсарджын хæстонтæ фестадысты. Ирон ныфсхаст лæппутæ æвдыстой диссаджы хъæбатырдзинад. Уыдон сæ лæгдзинадæй цæстæвæрæн фесты бирæ адæмтæн. 2008 азы хæсты фæстæ В.Путин пресс-конференцийы загъта: «Ирæттæ æхсарджынæй бахъахъхъæдтой сæ Райгуырæн бæстæ». Журналист Александр Сладков та загъта: «Номхуындæй ирон лæппутæ бахъахъхъæдтой Цхинвал. Уыдон куынæ уыдаиккой, уæд уæрæсейаг æфсæдтæн нал уыдаид кæй бахъахъхъæдтаиккой, уый. Уый тыххæй зæрдылдарын хъæуы алыхатт дæр».

Уæдæ диссагæн дзуринаг нæу уый, æмæ сæ къухты рæстмæ хæцæнгарз дæр нæ уыд, афтæмæй нæ лæппутæ спырх кодтой знаджы цалдæр танкæйы. Уæдæ диссагыл дис ничиуал кæны, æндæра Тъбеты æрцæуæны Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæт цы хъайтардзинад равдыстой, уый диссагæн дзуринаг нæу? Уыдон танкæты ныхмæ слæууыдысты æмæ знæгты баурæдтой цалдæр сахаты бæрц. Багаты Амиран, Джиоты Азæмæт (Пантера) – Ирыстоны хъайтартæ, æвзонг хурмондаг лæппутæ! О, куыд зын у сымах тыххæй ивгъуыд афоны дзурын. Æппынæдзух иумæ уыдыстут, мæлгæ дæр иу бон акодтат, куыдхистæрæй, нырма Амиран фæмард, æмæ цыппар сахаты фæстæ та – Азæмæт. Амираныл цыд 33 азы æмæ Азæмæтыл та – 25 азы… Цыртытæ дæр уын иумæ æвæрд ис, кæм фæмард стут, уыцы бынаты. О, цæй æгъатыр разынд уæ хъысмæт. Амиран йæ фæстæ бындар ныууагъта, фæлæ, Азæмæт зынгхуыст фæцис æмæ зæрдæйæн уый тыххæй  ноджы уæззаудæр у.

Гуырдзиаг ирон ныхмæлæуды райдианы Присы хъæумæ æввахс хъæды Джиоты Владик (Басмач) цалдæр знаджы ныхмæ иунæгæй тохы кæй бацыд, уый дæр диссагæн дзуринаг нæу? Уæдæ Джиджойты Джетæ иунæгæй, гуырдзиæгтæ Сталины уынджы цы хæдзары æмбæхстысты, уыдонмæ комкоммæ кæй бацыд, уый диссаг нæу? Йæ цардæн тынг тæссаг кæй у, уый зонгæйæ, уæддæр нæ фæтасыд. Бæргæ амардта йе знæгтæй, фæлæ уæдмæ йæхиуыл дæр знаджы нæмыг сæмбæлд æмæ Ирыстоны хъайтар уæззаугай зæххыл æрхаудта… О, куыд тынг хæларзæрдæ æмæ æгъдауджын лæппу уыд. Йæ хъæр ныхас ын сыхæгтæй æппындæр никуы ничи фехъуыста, йæ ацыд, йе ‘рбацыд – нывыл. Æвæццæгæн, йæ царды фæстаг минуттыл куы уыд, уæд йæ цæстытыл йæ дыууæ чысыл хъæбулы – чызг æмæ лæппу ауадысты. Джетæ, хъæр мæрдтæм дæр хъуысы æмæ дæм фехъуысæт, ныр ды дада кæй дæ, уыцы хорз хабар. Ды чысылтæй сидзæрæй цы хъæбулты ныууагътай, уыдон  сæ дыууæ дæр сæ амæндтæ ссардтой æмæ баисты хъæбулты хицæуттæ дæр æмæ сыл фæцин кæн уымы бæсты.

Цхуырбаты Сосланæн уыд цыбыр, фæлæ ирд цардвæндаг.  Спортмæ,  кафынмæ æвзыгъд, цумамæ рæвдз, фыдæлты фарнæй хайджын – ахæм уыд Сослан. Бæргæ йæм æнхъæлмæ каст хорз фидæн, фæлæ… фæдисы рæстæджы кафт æрдæгыл дæр æрлæууы, зарæг дæр фескъуыйы æрдæгыл. Цардбæллон лæппу чындзæхсæв дæр скодта, фæлæ… Йæ хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы йыл спырх знаджы минæ йæ иууыл æввахсдæр хæстон æмгар Тадтаты Димæимæ. Дыууæ дæр æвæстаг фесты…

Коцты Инал Фыдыбæстæ уæззау уавæры куы бахаудта, уæд уайтагъд балæууыд хæстон лæппуты фарсмæ. 2008 азы Инал посты лæууыд Къуернеты хъæуы æмæ йæ хæстон æмбæлттимæ аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой знагæн. Нæ тохвæллад лæппуты бахъуыд горæт æмæ йæ алфæмбылай хъæуты гуырдзиаг фашисттæй асыгъдæг кæнын. Ачабеты хъæуы бамбæлдысты, знаджы æфсадæй ма чи баззад, уыцы къордыл. Знæгты къорд куынæг бæргæ æрцыд, фæлæ ирон хæстонтæй дæр цалдæрæй фæцæфтæ сты, уыцы нымæцы Инал дæр уæззау цæф фæцис. Æмæ.. мæлæт цардæй тыхджындæр разынд. Иунæджытæ… Иунæг бындартæ сæ ныййарджытæн …

Уалыты хурбæллон хъæбул Виталик. Афганистанæй бæргæ æрæздæхт сæрæгасæй, фæлæ йыл йæ уарзон Ирыстоны йæ хур ахуыссыд, æрмæстдæр ыл 21 азы цыд, афтæмæй. Цы сты 21 азы?  Æвæдза, цæй диссаг у цард. Йæ цыбыр цард йемыдзаг уыд  сгуыхтдзинæдтæй. Хъысмæт ын хæрз цыбыр царды бонтæ схай кодта, йæ цард стъалыйæ рахаугæ къæрттау уыд ирд, æмæ уыцы иугъуызон цæхæртæ калгæйæ хуысгæ дæр акодта. Хур арвы цъæхыл дзæбæх нæма суад, афтæмæй рахауд æмæ сæрсæфæны аирвæзт. Фæлæ уыйхыгъд, йæ ном сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыд Ирыстоны ногдæр историйы. Афганистаны ирон лæппутæй чи службæ кодта, уыцы нымæцы Витали дæр, уыдон сарæзтой хицæн къорд æмæ сын нал дæр æхсæв уыд æмæ нал дæр бон, сæ Ирыстоны знагæй хъахъхъæнгæйæ. Къорды сконды ма уыдысты афгайнæгтæ Джиоты Владик (Басмач), Галуанты Таймураз (Тымы), Багаты Чермен, Лалыты Вася (дзæнæттæгтæ).  Ирыс-тоны сæрибардзинады тыххæй йæ цард нæ бавгъау кодта ирон адæмы хæрæфырт  Михайленко Саша дæр. Уый нæ мысынады баззад 32 аздзыдæй, æвзонг æмæ рæсугъдæй. Сашайæн йæ цыбыр цард уыд ирд æмæ сгуыхтдзинæдтæй йемыдзаг.

Тедеты Вадимæн дæр йæ сабыр цард фæцис 1989 азы ноябры мæйы, йæ Райгуырæн Ирыстон уæззау уавæры куы бахаудта, уæд. Æртæ азмæ æввахс æвæллайгæйæ лæууыд постыты Цхинвалы хуссар хайы, Гудзабары районы, мæлæтдзаг цæф дæр уым фæцис æрмæстдæр ыл 31 азы цыд, афтæмæй. Вадим дæр нал æрæййæфта, афтæ тынг цæмæ бæллыд, уый – йе ‘фхæрд æмæ хæствæллад Ирыстоны сæрибар æмæ хæдбарæй фенын. Йæ царды фæстаг минутты дæр æй йæ Ирыстоны мæт уыд. Йæ хъæлæс нал хъуыст, уæддæр Ирыстоны хъысмæт куыд уыдзæн, уый тыххæй катай кодта. Вадим, фехъуысæт дæм, Ирыстон  ныр 13 азы хæдбарæй кæй цæры, уыцы цины хабар. Фехъуысæт дæм уый дæр æмæ ныр ды  дада кæй дæ. Ды чысылæй сидзæрæй цы хъæбулы ныууагътай, уый йæ амонд ссардта æмæ йын фæзынд  хъæбул дæр.

Козаты Лев, Дзабиты Геннади, Гуыбаты Зураб, Галуанты Олег, Мæлдзыгаты Сослан, Дзахоты Валери, Санахъоты Геннади, Плиты Тамаз, Санахъоты Алан, Гæззаты Инал, Санахъоты Гришик, Остъаты Олег æмæ Алан, Санахъоты Мераб, Цхуырбаты Ростик, Тасойты Инал, Коцты Григори æмæ бирæ æндæртæ.  О, цас хъару уыд уе ‘взонг уæнгты. Ирыстоны зынгхуыст хъайтар хъæбултæ, куыд тынг хъæут абон уæ радтæг Ирыстоны, фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн.

Мах иууылдæр хæсджын стæм, цæмæй абон Ирыстоны сабыр арвы бын кæй фæрцы цæрæм, уыцы лæппуты ма рох кæнæм æмæ сын кад кæнæм, уымæн æмæ уыдон сты нæ дуджы æцæг хъайтартæ. Абон мах уыдоны фæрцы цæрæм сабыр цардæй, аразæм нæ сомбоны плæнттæ, хъомыл кæнæм нæ сывæллæтты, цæуæм нæ куыстытæм… Стыр бузныг уын, Ирыстоны хъайтартæ! Рухсаг ут ноджыдæр!

 

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.