Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Гобозты Алан йæ разы цы хæстæ æвæры, уый тыххæй йæ интервьюйы радзырдта:

– Мæ разы цы хæстæ æвæрын, куыд къухдариуæггæнæг, афтæ, уыдон здæхт сты цæрджыты царды уавæртæ хуыздæр кæнынмæ. Цы проблемæтыл æмбæлынц, уыдон сын рæстæгыл скъуыддзаг кæнынмæ.

Знауырмæ цы сæйраг трассæ арæзт æрцыд, уый сырæзт Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Фæлæ  хъæутæм та фæндæгтæ хъуамæ арæзт цæуой районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады тыхты руаджы. Фæндæгтæ асфальт кæй не сты, уый тыххæй сæ рæстæгæй-рæстæгмæ бахъæуы фæхуыздæр кæнын. Къæвдабонты дон аласы фæндаджы уæлцъар æмæ бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрхауы. Мæ размæ дæр куыст цыд ацы фарстатыл, æз дæр адарддæр кæндзынæн ацы куыст.

Районы сæргълæууæг нын куыд загъта, афтæмæй архайдзæн, цæмæй сын уа сæхи техникæ, æмæ уой бынаты. Науæд, иуæй-иу хатт, цæмæй Знауыры районы исты куыстытæ бакондæуа, уый тыххæй æнхъæлмæ кæсын бахъæуы дзæвгар. Æндæр районæй цалынмæ техникæ хæццæ кæны, уæдмæ куыстытæн сæ рæстæг ацæуы, стæй ма æртаг дæр бахардз вæййы фæндагыл цæугæйæ. Зæгъы ма, зæгъгæ, фæндæгтæ цалцæг кæнынæн пайда кæнын хъæуы нæхи æрдзон æрмæджытæй.

Уый ма банысан кодта, йæ сæйраг хæстæй иу кæй у цæрджыты донæй сифтонг кæнын. Нырма дæр бирæ дæрддзæф хъæутæ ис, кæцытæм дон рæстмæ нæ цæуы.

– Афтæ нæ зæгъын, æмæ нæ проблемæтæ иууылдæр ацы аз скъуыддзаг æрцæудзысты, фæлæ мæ разы цы хæс æрæвæрдтон, ууыл архайдзынæн. Къæвда бонты Знауыры поселокмæ дон рацæуы, змæстæй, донсыгъдæггæнæн ифтонггæрзтæ йыл æвæрд кæй нæй, уый тыххæй. Хъуамæ уыцы фарстатæ дæр скъуыддзаг æрцæуой.

Электроенергийы проблемон фарст дæр ис Знауыры районы. Ныр цалдæр азы архайынц, цæмæй хъæуты дæр æхсæвыгон судзой рухсытæ. Уæд хъæддаг сырдтæ дæр æввахс нал цæудзысты хъæумæ. 2008 азæй нырмæ бирæ бантыст саразын, фæлæ фæсфæд хъæуты нырма дæр уынгты нæ судзынц рухсытæ, иуæй-иу хъæутæм электроцæджындзтæ сты æдзæллаг уавæры æмæ сæ хъæуы ивын.

Районы сæргълæууæг ма ныфс æвæры, йæ хъус кæй дардзæнис электроэнергийы аргъ фидыны хъуыддагмæ. Уый хаудзæн цæрджытæм, афтæ ма æмткæй районы организацитæм дæр. Фарстмæ лæмбынæг æмæ афоныл хъусдард куы цæуа, уæд ныфс ис, уавæр кæй фæхуыздæр уыдзæнис.

Экономикон рæзты сæйраг здæхтыл та Гобозты Алан нымайы чысыл æмæ астæуккаг бизнесы куыст. Районы скусын кæнын хъæуы кондадон куыстуæттæ, цæмæй адæмæн фæзына куысты бынæттæ. Уымæй, фæкъаддæр уыдзæнис æгуыстдзинад. Æвзонг фæлтæрæн хъуамæ фæзына царды стимул æмæ сæхи мауал æппарой районæй æндæр рæттæм. Знауыры район хъæздыг уыд дыргъ æмæ халсарæй. Йæ географион равæрдмæ гæсгæ нын фадат ис фосдардæн дæр. Фæлæ, раст зæгъгæйæ, арæх сæвзæры æркæнгæ продукцийы реализацийы фарст. Техникæйæ дæр бынтон ифтонг кæй нæ у район, уый тыххæй дæр вæййы проблемæтæ. Уыцы хъуыддаг дæр тынг къуылымпы кæны арендаторты. Зæгъы, зæгъгæ йæхæдæг бирæ азты фосдарды куыст кæны æмæ-иу арæх фæдызæрдыг, хъæуы ма дарддæр ацы здæхты кусын, æви нæ. Æмткæй арендатортæ цы проблемæтыл æмбæлынц, уыдон сты кæрæдзийыл баст – байтауынц хор, зилынц сæм æмæ сæ дарддæр хъæуы бафснайын. Фæлæ байтауынæн дæр æмæ æркæрдынæн дæр ис афон, уыцы рæстæджы дæ къухы комбайн хъуамæ уа, стæй йæ кæм бафснайай, уый дæр дзуапп хъуамæ дæдта æппæт нормæтæн.

Проблемæтæ иуварс куы айсæм, уæд Знауыры районы уæддæр ис æнтыстджын хæдзарадтæ. Зæгъæм, хъармуатты куыст; уыдон сæ продукци реализаци кæнынц бынаты æмæ горæты базары. О, фæлæ ацы куыстытæ фаг не сты, архайын хъæуы фермерон хæдзарадтæ райтынг кæныныл.

Гобозты Алан ма дзырдта, кæй бакусдзæн цæрæнуатон проблемæтыл дæр. Сæ цæрæн уавæртæ кæмæн фæхуыздæр кæнын хъæуы, уыдон, сæйраджыдæр, хъуамæ уой æвзонг бинонтæ. Дзырдта ма, районы цы фельдшерон-акушерон ФАП-тæ арæзт æрцыд, уыдон куыстмæ дæр лæмбынæг йæ хъус кæй дардзæнис. Хъæуты ацæргæ адæмæн уым хъуамæ уа, фыццаграды цы хостæ хъæуы, уыдон. Цæмæй районы рынчындонмæ цæуыныл сæ рæстæг ма сафой.

Уый ма зæгъы, кæй уыдзæн цæттæ кæдфæнды дæр цæрджыты проблемæтæм байхъусынмæ. Зоны рагацау, æмбæстæгтæ, сæйраджыдæр районмæ бахатынц цардуагон проблемæты фæдыл. Администраци фарс-татæ скъуыддзаг кæндзæн, уавæрмæ æмæ фæрæзтæм гæсгæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.