Æрæджы куыд хъусын кодтам, афтæмæй республикон Тагъд æххуысы клиникон рынчындон ссæрибар кодтой алыхуызон рынчынтæй æмæ йæ бацæттæ кодтой короновирусы рынчынтæн, кæд нæм уæд нæма уыдис, уæддæр. Ныртæккæ официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, рынчынтæ сты цыппар. Уыдон дзæбæх кæнынæн амынд рынчындоны ис æппæт уавæртæ дæр.

   Ахæм рынчынтæ дзæбæх кæныныл республикæйы медицинон кусджытæй сразы сты иу фæндзай адæймаджы. Уыдонæн нæй сæ хæдзæрттæм ацæуæн, рынчындоны фыццаг  уæладзыджы сын арæзт æрцыд сæрмагонд бынат æппæт фадæттимæ. Ифтонг сæ кæнынц низы ныхмæ нырыккон технологитæй, цардуаджы æппæт уавæртæй, хъарм хæринагæй…

«Йæ хæдзар æмæ йæ бинонты чи ныууагъта, ахæм инфекцион рынчынты йæхи цард æмæ æнæниздзинадæн тас уæвгæйæ чи дзæбæх кæны, сæ ардбахæрд цы медицинон кусджытæ æххæст кæнынц, уыдонæн зæгъын æнæкæрон бузныг», – загъта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Уый фæсидт Ирыстоны бизнес – æхсæнады минæвæрттæм, цæмæй се ‘ххуысы хай ба-хæссой æмæ медицинон кусджытæн æххуысы фонд саразой. Битары-фырт фонд байгом кодта йæхæдæг, æртæ милуан сомы дзы сæ-вæргæйæ. Йæ фарсмæ балæууыдысты иннæ амалхъомтæ: Мырыкаты Хъазыбег, Битарты Алик, Засеты Тельман, Хъазыбегты Георги, Дмитрий Дюбуа, Бердыты Вадим æмæ Салхъазанты Алан. Фонды фæрæзтæ ахызтысты дæс милуан сомæй. Дохтырты алцæмæй ифтонг кæныны уæлдай ма сын сæ мыздæй дарддæр уæлæмхасæн лæвæрд æрцæудзæн фæйнæ 300 мин сомы. Уымæй дарддæр ма фонд баххуыс кæндзæн, карантины чи бады, æгуыстæй чи баззад, уыцы æвæрæз бинонтæн. Ныртæккæ уыдоны номхыгъд аразынц фонды активисттæ.

   Битарты Вячеслав йæ раныхасы куыд фехъусын кодта, афтæмæй бизнес – æхсæнады уæнгтæ хæсджын сты, цæмæй тыхст заман сæ адæмы фарсмæ балæууой, баххуыс кæной хицауадимæ иумæ сæ тыхтæ æрбаиу кæнгæйæ.

Республикæйы Сæргълæууæг ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй карантины мадзæлттæ аххæсдзысты 19 апрелмæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.