Ирыстон æмæ ирон адæм дзыхълæуд никуы ницæмæй уыдысты. Никуы сæ бахъуыд æндæр адæмтæм искæй кæнæ истæй тыххæй батæхуды кæныны сæр. Суанг уартæ незамантæй райдайгæйæ абоны онг Ирыстон цух никуы уыд лæгау-лæгтæй, хъæбулы лæггад кæмæй базыдта, ахæмтæй, царды алы къабазы дæр, уыцы нымæцы литературæйы дæр. Нæ аив дзырды хурыскаст Къостайы алфæмблай цы дзырдаивады дæснытæ æрбамбырд, уыдоны хъуамæ кæрæдзийæ хицæн кæнæм, чи сæ куыд курдиатджындæр у, уымæ гæсгæ, кæнæ та нæ удварны хæзнадонмæ, нæ историмæ сæ йе сфæлдыстадæй чи цахæм æвæрæн бахаста, уымæ гæсгæ.

Ахæм хæс дæр кæд искуы сæвæриккам нæ разы, фæлæ ацы аз ирон адæмы геноцидыл сæдæ азы сæххæсты аз у æмæ уымæ гæсгæ нæ фысджытæй арæхдæр хъуамæ кæнæм Хъуылаты Созырыхъо (Сикъо) æмæ Беджызаты Чермены кой. Уыдоны фæрцы бацыдысты нæ дзырдаивады хæзнадонмæ, ирон адæмы геноцид æвдыст кæм æрцыд, ахæм уацмыстæ, кæцытæ махæн хъуамæ уой, аргъ кæмæн нæй, ахæм æвæджиауы хæзнатыл нымад.

Уымæй дæр, сæ дыууæйæ иуæн, Хъуылаты Созырыхъойæн дæр ацы аз юбилейон аз у – 120 азы, ома, дыууынæм азы геноцидæй у æдæппæт ссæдз азы хистæр. Уый та абоны цæстæнгасæй диссаг æмæ цымыдисаг у… Бæрцæй 18 азы кæуыл цыд, уыцы суинаг лæппу уыд Хуссар Ирыстоны революцион змæлды тæккæ цæхæры: кæцыйы фарстой зондæй, хъуыстой йæ уынаффæтæм, æххæст ын кодтой йæ хæслæвæрдтæ. Ирон литературæйы классик, ирон со-ветон поэт, прозаик, драматург, тæлмацгæнæг, революционер æмæ æхсæнадон паддзахадон архайæг. Гуыргæ тъæнджы мæйы ракодта 1909 азы, ныры Дзауы районы Згъуыбиры хъæуы. Хæрзæвзон-гæй æрæвæрдта дуг йæ уæззау æф-сондз фыдæй сидзæр лæппуйыл, нæ йæ бауагъта æвзонгады æнæмæт рæстæг зæрдæйы фæндиаг батонын. Фараст азы йедтæмæ йыл нæ цыд, йæ фыд Садуллæ йæ сидзæрæй куы ныууагъта, уæд.

1918 азы Гуры гимназы ахуыр кæнгæйæ, барвæндонæй бацыд революцион позицитыл лæуд ирон полкмæ. Иу азы фæстæ та ссис революцион, партион комитеты уæнг. Уыд 1918-1920 азты Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Кавказы æмбæстагон хæсты хайадисæг. Йæ революцион архайды тыххæй дыууæ хатты ахст дæр баййæфта. Хуссар Ирыс-тоны советон хицауад куы æрфидар, уæд Хъуылайы фырт, йæ кармæ нæ кæсгæйæ, нысан æрцыд бæрнон бынаты – дыууæ азы бæрц уыд Хуссар Ирыстоны фæскомцæдисон организацийы къух-дариуæггæнæг. Фондз æмæ ссæдз аздзыдæй активон хайад райста Мæс-куыйаг пролетарон фысджыты Ассоциацийы цур Хуссар Ирыстоны пролетарон фысджыты сфæлдыстадон къорд «Зиу» саразыны хъуыддаджы. Уыд журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор. 1928 азы каст фæцис Мæскуыйы хъæууонхæдзарадон академийы эконо-микон факультет. Чизоны – уæддæр та абоны цæстæнгасæй – диссаг у, куыд сразы йæ фыдыбæстæйыл æнувыд патриот ахæм бынатмæ, фæлæ йын уæды дуджы цæстæнгасæй цынæ бамбаргæ ис: æртæ азы бæрц фæкуыста Гуырдзыстоны Коммунистон партийы Централон Комитеты аппараты. Уыцы-иу рæстæджы уыд Фæскавказы пролетарон фысджыты Ассоциацийы президиумы сæрдары хæдивæг. Фæстæдæр нысан æрцыд Хуссар Ирыстоны рухсады адæмон къамисарæй, ист æрцыд Советон Цæдисы Фысджыты цæдисмæ.

Советон цардарæзтад райдыдта йæ къахыл лæууын, йæ фæрцы урæд æрцыд ирон адæмы геноцид, нал уыд бар, цæмæй иу наци иннæ нацийы æргомæй, физикон æгъдауæй куынæг кодтаид. Фæлæ большевикон фысы цармы бацæуæг гуырдзиаг адæм куыд хъуамæ ныххатыр кодтаиккой Хъуылаты Созырыхъойæн, йæ адæмы сæрыл активонæй кæй тох кодта, уыцы хъуыддаг, уæлдайдæр та, йæ адæмы ныхмæ геноциды тыххæй уацмыстæ ныффыссынмæ йæ ныфс кæй бахаста, уый?.. Йæ биографион зонæнтæм гæсгæ, уæлдæр ахуырад цы дæсныйадыл райста, уыцы дæсныйадыл кусгæ дæр нæ бакодта, фæлæ йæм уым дæр æрхастой алыгъуызон æнæбындур азымтæ: цыма активон хайад иста троцкистон контрреволюцион организацийы архайды, цыма фыдаудæн кодта хъæууон хæдзарады, фосдарды, сæудæджерады, адæмон ахуырады, базарады, бастдзинады, æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ æндæр къабæзты, цыма хайад иста со-ветон хицауады ныхмæ гарзджын растад цæттæ кæныны хъуыддаджы дæр.

Цы тæригъæдты уаргъ ыл сæвæрдтой, уыдон се ‘ппæт дæр уыдысты æрымысæггаг, æнæбындур. Раст дзы цы уыд, уый – «Советон Фысджыты цæдисы уæнг уæвгæйæ, бынтондæр хайад нæ райста ирон æвзаг латинаг дамгъуатæй гуырдзиаг дамгъуатмæ раивыны хъуыд-даджы».

Æмæ йæ арвыстой æндæр ирон патриотты фæндагыл – Беджызаты Чер-мены, Гаглойты Рутены, Тыбылты Алык-сандры æмæ æндæрты фæндагыл. Йæ идæдз мады йын амардтой æргом хæсты, ссæдзæм азы геноциды рæстæ-джы, йæхи та йын байсæфтой фæстæ-дæр, фадат та сын куы фæцис, уæд.

Афтæ у се сконд гуырдзиаг адæмæн. Цыфæнды дуджы дæр, цыфæнды системæйы дæр сæ туджы цы ис, ууыл сæ къух нæ исынц – уый та у ирон адæммæ æнæуынондзинад. Æмæ сæ фæхъæуы æрмæстдæр фадат йæ равдисынæн, йæ сæххæст кæнынæн.

Созырыхъойы радзырдтæй сæ иуы, «Музейы», зæгъгæ, дзырд цæуы, гуырдзиаг лæджыфыдхортæ дыууынæм азы Дзауы комы иу хæххон хъæуы цæрæг зæронд идæдз усæн йæ сæры æмбис æхсаргардæй куыд ахауын кодтой, ууыл. Цы сын кодта мæгуыр хохаг зæронд ус? Ницы. Фæлæ ирон уыд æмæ йæм иугæр баххæссыдысты, иугæр сын фадат фæцис, уæд равдыстой се ‘нæуынондзинад. Знагмæ лæгдзи-над куынæ уа, фосы, сырды инстинкт ын куы хæцой йæ къухыл, уæд уыцы къух алцæмæ дæр тасы, ахæм къухтæ кæуыл разад, ахæм наци æлгъ ницæуыл кæны.

1920 азы тугуарæн рæстæджы, бæлвырддæр зæгъгæйæ, æртындæс ирон хъайтары тыххæй цы радзырд ныффыста, уый афтæ райдыдта:

«Дысоны къæвда Чъребайы уынгтæ ныхсадта. Баззадысты йын æнæхсад æрмæст туджы лæсæнтæ, зноны хъазуат хæсты туджы лæсæнтæ. Уыдон афтæ æнцон æхсæн нæ уыдысты.

Иунæг уд дæр нæ фендзынæ уынгты. Бон нырма йеныр байдыдта цъæх кæ-нын.

Æгас Чъреба, цыма мæрдвынæй бакодта, уыйау лæууы. Æрмæст штабы раз Джугъелийы æфсæддонтæ цал-дæрæй лæууынц æдгæрзтæ, цæуылдæр сусæг хъуырдухæн, тæрхон кæнынц, цыма æнахуыр тыхст кæнынц».

Сæ тыхсты сæр, фæстæдæр советон системæ коммунартæ кæй схуыдта, уыдоны тыххæй уыд – Згъудеры уæлмæрдмæ сæ кодтой, цæмæй сæ фехсой. Уацары сæм бахаудысты уый размæ боны уæззау æмæ æнæмсæр хæсты рæстæджы. Ныр сæ хъуамæ фехсой, фæлæ сæ уæддæр тæрсынц. Уацары сæм сты, фæлæ сæ тæрсынц уæддæр æмæ тыхсынц… Тæрсгæ кæны тæппуд адæймаг, зæронд усы сæр æхсаргардæй афадынмæ кæй къух фæтаса, уый та тæппуд у, уæдæ цы у?..

Сæхи сын ныв кæны, цы уыдысты æмæ сæ Хуыцау цахæмæй сфæлдыста, ахæмтæй. Æцæг хъайтартæй. Хъайтартæ куынæ уыдаиккой, уæд армы-дзагæй цалдæр минон æфсады ныхмæ не ‘рлæууыдаиккой! Се знæгтау тæппуд-тæ куы уыдаиккой, уæд уыдон дæр гуырдзыйæн сæ зæронд устытыл æв-зæрстаиккой сæ цонджы тых æмæ сæ карды ком!..

«…Тынг сæ бафхæрдтой. Сæ цæсгæмттæй, сæ сæртæй сырх-сырхид туг лæдæрсы, хъуыры цъарыл, рустыл ныхъæбæр».

«Нал сæм хъары цæф дæр. Сæ бакаст  цыма дурæй амад у, æмæ сæ ныхыл фыст ис – мæлæт».

«…Афтæмæй цæуынц, сæ развæн-дагмæ нæ кæсынц, фæлæ цудгæ нæ кæнынц: сæ къахдзæф у фидар, раст…

Æртындæсæй иумæ бахаудтой зна-джы къæпхæны».

Радзырд фæуд кæны æртындæсæй сæ иу – Джиоты Андырийы фæстаг ныхасæй:

«Æмбæлттæ, чысыл фæстæдæр мах нал уыдзыстæм. Абон нæ иумиаг знæгтæ мах цæгъдынц. Фæлæ мах амарынæй кусæг къласы скуынæг кæнын сæ бон нæ бауыдзæн. Мах фæстæ сæ ныхмæ ралæудзæн минтæ æмæ уæд додой сæ къона! Мах разы стæм мæлæтыл, æрмæст уæлахиз уæнт кусæг адæм, уæлахиз уæд Советон хицауад!».

Афтæ, гъе… Цæй кусæг кълас, цæй Советон хицауад, цæй коммунартæ?.. Уыцы æртындæсæй бирæтæ хъусгæ дæр никуы фæкодтой, коммунар цы у æмæ цы нысан кæны, уый! Цæй кусæг къласы тох уыд, цæй Советон хицауад?.. Советон хицауад æрмæст ирæттæ расидтысты, сæхимæ нæ уыд ахæм адæм, революцион зондахастыл хæст чи уыд? Уыдоны цæмæннæ цагътой?..

Фадат сын фæцис æмæ нæ цагътой. Æрмæстдæр уый тыххæй, ирæттæ кæй уыдыстæм. Æндæр ницæй тыххæй. Фæлæ Созырыхъо дæр йæ радзырды æртындæс хъæбатыр ирон лæппуйы фехст, ирон адæмы геноциды аххосаг уыцы ‘рдæм здахы. Цæмæн?

Уымæн æмæ йæ уыцы ‘рдæм куынæ аздæхтаид, большевиктæ æмæ йæ меньшевикты ‘хсæн хæст куынæ схуыдтаид, уæд йæ радзырд рухс нæ федтаид… Афтæ иннæтæ дæр, Чермены кадавар уацмыстæ дæр къухфыстæй зынджы хай бауыдаиккой æмæ уыцы дудгæбойнаджы геноцидæй абон цы чы-сыл цыдæртæ зонæм, уыдæттæ дæр нал зониккам…

Ахæм уыд системæ, ахæм бартæ, ахæм хъысмæт нын уыд советон дуджы, дон æрмæстдæр гуырдзыйы куыроймæ кæм цыд, уыцы дуджы…

Уæдæ ма геноцидыл сыкъатæ вæййы!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.