1941 азы Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, немыцаг фашизм нæ Райгуырæн бæстæмæ гадзрахатæй куы æрбабырста, уæд нæ адæмы æнцойад фехæлд æмæ цыдысты тохы быдырмæ знагæн аккаг ныхкъуырд радтынмæ.

Хæсты фæстæ нæ фæлæууыдысты Хуссар Ирыстоны сæрибармæ тырнæг адæм, уыцы нымæцы Къостайыхъæуы цæрджытæ дæр. Хæстхъом фæсивæд иууылдæр агуылф кодтой тохы быдырмæ æмæ афтæмæй æввахсдæр кодтой Стыр Уæлахизы бон. Фыдгулы дæрæн кæнгæйæ, стыр сгуыхтдзинады цæвиттон æвдыстой æмæ Уæлахизы боныл цины æнкъарæнтимæ æмбæлдысты, фæстæдæр та фæллойадон фæндагыл слæууыдысты ацы хъæуккæгтæ Бекъойты Ефим, Мамиты Вахтанг, Джиоты Ясон, Чысиаты Уана, Гуыззыдтаты Дата, Хуыбиаты Майор æмæ æндæртæ. Фæлæ хæст хæст у, уый никæмæн хатыр кæны æмæ рæстагон адæймагæн дæр йæ цард æрдæгыл аскъуыны. Ацы хъæуы цæхæрцæст фæсивæдæй дæр 85 адæймаджы цард байста æгъатыр хæст. Уыдон нал æрæййæфтой Уæлахизы бон, нал аныгъуылдысты амондджын царды фæллойадон фæндагыл. Бæргæ сæм æнхъæлмæ кастысты сæ ныййарджытæ, сæ мадызæнæгтæ, сæ уарзон чызджытæ, фæлæ сæ фыдæнхъæл фæкодтой.

Бæргæ та æрлæууыдаиккой сабырадон царды, цы рæсугъд фæндтæ æмæ бæллицтæ сæм уыд, уыдон сæххæст кæнын сын нал бантыст, фескъуыдысты сын æрдæгыл. Тохы быдыры баззадысты, амондджын царды сæрвæлтау сæ рæзгæ удтæ нæ бавгъау кодтой Бæззаты, Бигъуылаты, Гæбæраты, Гоцъиты, Гуццаты, Джиоты, Джусойты, Кобесты, Коцты, Къалаты, Къудухты, Лохты, Мамиты, Мæлдзыгаты, Медойты, Плиты, Саулохты, Тегкаты, Тедеты, Томайты, Тыбылты, Хаситы, Хацырты, Хетæгкаты, Хуыбиаты, Хуыгаты, Хъабанты, Цхуырбаты, Челæхсаты æмæ Чысиаты сагсур фæсивæдæй бирæтæ.   

Уæлахизы райдзаст боныл нал бацин кодтой Тедеты Гиойы æртæ фырты: Федя, Ясон æмæ Гоги, Гæбæраты Алыксандры æртæ фырты: Лаврент, Шаликъо æмæ Георги, Гоцъиты Андрейы фырттæ: Уасил æмæ Димитр, æфсымæртæ: Гуццаты Георги æмæ Раман, Лохты Лавренты дыууæ фырты: Иван æмæ Исидор, Медойты Дауыты дыууæ фырты: Хъараман æмæ Бе-жан, Хуыбиаты Барисы æртæ фырты: Алекси, Мырзæ æмæ Дианоз, Хацырты дыууæ æфсымæры: Валодя æмæ Иосиф æмæ æндæртæ. Нæ сыхæгты сылгоймаг Пæррæстон (Натъа) æдзухдæр йæ зынгхуыст хъæбул Хуыбиаты Мухарбегыл кодта хъарæг, кæугæйæ-иу дзырдта, цымæ мын цы бынаты æнцойад кæны, кæнæ йæ кæд исчи федта, зæгъгæ. Æмæ цас уыдысты ныййарджыты ахæм судзгæ цæссыгтæ, сæ фыртты æрцыдмæ чи æнхъæлмæ каст, бæрæг ныхас фехъусыны æнхъæл-иу æрцæуæггаг адæймагмæ йæхи чи бакъул кодта…

                                                  ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.