Символтæн адæймагады историйы стыр нысаниуæг уыд алыхатт дæр, уымæн æмæ уыдон сты иууыл æппæтдунеон æмæ цæстуынгæ  æвзаг. Символтыл æмбæлæм арæх æмæ сын сæ фылдæрæн зонæм сæ нысаниуæг.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы символтæн  стыр нысаниуæг ис.

Уæлахизы Тырыса

Уый у 1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фашистон Германыл советон адæмы фæуæ-лахизы официалон символ. «Уæлахизы Тырысайы тыххæй» барамындыл 1996 азы 15 апрелы йæ къух æрфыста Уæрæсейы Президент Б.Ельцин. Барамынды нысан-гонд уыд йæ регламент æмæ æмбарынад –  «Уæлахизы Тырысайы символ».

Тырысайы истори ахæм у: Берлины цур тохты хайад иста  советон æфсады 9 дивизи. Уæла-хизы размæ, 3-æм разæйбырсæг армийы æфсæддон совет рахаста уынаффæ, цæмæй бацæттæ кодтаиккой тырыса Рейхстагы сæрмæ æрсадзынмæ. Тырысатæ дæр уыдысты дивизитæ цал уыдысты, уый бæрц – 9.

1945 азы 30 апрелы 756-æм полкы 1-æм æхсæг батальоны хæстонтæ М.Егоров æмæ М.Кан-тария æрсагътой уæлахизы Тырыса Берлины Рейхстагы сæрмæ. Уый уыд сырх хъуымац урс фондзтигъон стъалы, æхсырф æмæ дзæбугимæ. Хъуымацыл уыд фыст: «Кутузовы дыккаг къæпхæны орденджын 1-аг Белорусаг фронты  150-æм Идрицкы дивизи». 1945 азы 9-æм майы Уæлахизы Тырыса ист æрцыд рейхстагæй æмæ йæ хæдтæхæгыл арвыстой Мæс-куымæ. Фæстæдæр æй ахастой Гарзджын тыхты Централон музей-мæ.

«Уæлахиз»-ы орден

Орден сфидар кодтой 1943 азы 8 ноябры, куыд сæрмагонд хорзæх уæлдæр æфсæддон къухдариуæггæнджытæн. Фыццаг эскиз – Ленин-Сталины профилтимæ æмæ фыстимæ «Райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинады тыххæй» Сталины зæрдæмæ нæ фæцыд. Профилтæ баивтой Спаскы мæсыгы силуэтæй æмæ фыст та дзырдæй – «Уæлахиз». Арæзт æрцыд плати-нæ, рубин æмæ бриллианттæй.

Уæлахизы орденæй хорзæхджын æрцыдысты: Г.Жуков, А.Василевский, И.Сталин, И.Конев, К.Рокоссовский, Р.Малиновский, Ф.Толбухин, Л. Говоров, С.Тимошенко, А.Антонов, К.Мерецков. Г.Жуков, А.Василевский æмæ И.Сталин хорзæхджын æрцыдысты дыгай хæттыты.

1978 азы, иууыл фæстагмæ, ацы уникалон хорзæх райста Л.Брежнев, фæлæ фæстæдæр уынаффæ аивд æрцыд. Уæлахизы ордены кавалертæ уыдысты фондз фæсарæйнаг уæлдæр æфсæддон къухдариæггæнджытæ. Уыдонæн сæ хиуæттæ сæ амæлæты фæстæ ордентæ радтой советон хицауадмæ. Фондз Уæла-хизы Орден æвæрд сты Гарзджын тыхты Централон музейы, иннæтæ та – Уæрæсейы Президенты цур паддзахадон хорзæхтæ æмæ кадрон фарстаты фæдыл Управленийы.

Кады орден

Фидаргонд æрцыд 1943 азы 8 ноябры. Уæлахизы Орденæй уымæй хицæн кæны æмæ Кады орденæй хорзæхджын кодтой Сырх Æфсады хуымæтæг æмæ сержантон сконды æфсæддонты,  авиацийы та – кæстæр лейтенантты, кæцытæ немыцаг фашистты ныхмæ тохы равдыстой æхсардзинад, хъæбатырдзинад.

Ацы ордены эскизыл кусгæйæ, нывгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, хорзæхæн хъуамæ уыдаит цыппар къæпхæн, фæлæ йæ Сталины фæндонмæ гæсгæ ныууагътой æртæйыл.

Плакат «Райгуырæн зæхх-мад сиды»

Советон Цæдисы плакаттæй иууыл зындгонддæр «Райгуырæн зæхх-мад сиды», зæгъгæ, нывгæнæг Иракли Тоидзе скодта хæсты тæккæ райдианы. Плакаты идейæ йæм фæзынд уæд, йæ цардæмбал æм райсомæй кусæн бынатмæ куы æрбалыгъд хъæргæнгæ: «Хæст!» Сылгоймаг-мады цæсгомы хуыз сразæнгард кодта нывгæнæджы плакат скæнынмæ. Плакат цæттæ уыд райсоммæ æмæ фондз боны фæстæ та мыхуыр æрцыд. Фыццаг тираж уыд милуанмæ æввахс. Тагъд рæстæджы ацы плакат апарахат æппæт бæстæйыл. Ныхæст цыд вагзалты, æмбырдгæнæн пунктты, уагдæтты къултыл, æмбæндтыл. Фæстæдæр типографты рауагътой плакаты репродукцитæ почтæйы открыткæты ййас. Хæстонтæ сæ арæх хастой сæ риуы дзыппыты сæ партион кæнæ фæскомцæдисон билеттимæ иумæ.

Зарæг «Священная война»

Вставай, страна огромная,

Вставай на смертный бой

С фашистской силой тёмною,

С проклятою ордой!

Ацы ныхæстæ зоны алчидæр. Æмдзæвгæ фыст æрцыд хæсты фыццаг бонты. Ныффыста йæ советон поэт В.Лебедев-Кумач. 24 июны мыхуыргонд æрцыд газеттæ «Известия» æмæ «Красная звезда»-йы. Композитор А.Александров æй куы бакаст, уæд ын ныффыста музыкæ. Нотæтæ мыхуыр нæма уыдысты кæронмæ, афтæмæй йæ репетици кодта Александровы ансамбль. Зарæг апырх бæстæйыл – адæммæ сидт æнгомдзинадмæ æмæ знаджы ныхмæ тохмæ. «Священная война» зæлыд горæттæ æмæ хъæуты, ацы зарæгимæ цыдысты советон салдатты колоннæтæ ныгуылæнырдæм фронты фæндæгтыл, сабыр хъæлæсæй йæ зарыдысты партизантæ, зарæг зæлыди цытджын парадтæ æмæ хæстон архайдтыты ‘хсæн интервалты.

Стыр ахадындзинад уыд ацы зарæгæн адæмы ‘хсæн. Иууыл зындæр рæстæджы тых лæвæрдта салдаттæн фашистты ных-мæ тохы.

Æнусон арт

Æнусон арт у æнусон мысынады символ. Æнусон арт судзы цыфæнды боныгъæды дæр, æхсæв дæр æмæ боны дæр, бар нæ дæтты ахуысса адæймагады мысынад. Уырдæм хæссынц дидинджытæ, æрбацæуынц, цæмæй иу уысм алæууой æмырæй.

Ацы традици нæм æрцыд рагон рæстæгæй. Æнусон артæй, куыд æнусон мысынад пайда кодтой бирæ адæмтæ – грекъæгтæ, египетæгтæ, персæгтæ, вавилойнæгтæ. Фыццаг дунеон хæсты фæстæ 1921 азы Парижы байгом æнæзонгæ салдаты мемориал æнусон артимæ.

Советон Цæдисы фыццаг Æнусон арт ссыгъд 1957 азы Тулæйы областы Первомайскийы поселочы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг хæстонты цытæн. Фæстæдæр арт ссыгъд Санкт-Петербурджы. 1961 азы Æнусон арт ссыгъд Мæскуыйы Преображенскы уæлмæрды. Æртыккæгæм арт фæзынд, уый дæр Мæскуыйы 2010 азы 30 апрелы. Ныртæккæ Æнусон арт судзы бирæ горæтты.

Цалынмæ судза уæлахизы, хъайтардзинад æмæ фидардзинады символ, уæдмæ нæ зæрдыл дардзыстæм фашизмы ныхмæ тохы нæ адæмы стыр сгуыхтдзинад.

Æнæзонгæ салдаты ингæн

Æнæзонгæ салдаты ингæн, кæцы фæ-мард 1941 азы зымæджы Ленинградæй 40 километры дарддæр Крюковойы хъахъхъæн-гæйæ, рахастой Мæскуыйы Кремлы къулты бынмæ.

1967 азы уым арæзт æрцыд мемориалон архитектурон ансамбль: лавры къалиу æмæ салдаты каскæ уæззау тырысайы уæлæ. Астæуæй ахæм фыстимæ: “Имя твое неизвестно, подвиг твой бессмертен”. Фондзтигъон бронзæйæ стъалыйы астæу судзы æнусон арт. Ингæны галиу фарс къулыл фыст: «1941 Павшим за Родину 1945».

1997 азы декабрæй Æнæзонгæ салдаты ингæны цур лæууы цытджын хъарагъул Пост №1.

Алы аз зæрдылдарæн бонты паддзахадон архайджытæ, делегацитæ, фæсарæйнаг паддзахадты сæргълæуджытæ æмæ хицауадтæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ æмæ ахуырадон уагдæтты хъомылгæнинæгтæ æрбацæуынц ардæм æмæ йыл сæвæрынц дидинджытæ.

Сырх гвоздикæ

9-æм майы, Уæлахизы боны, хæсты ветерантæн лæвар кæнынц сырх гвоздикæтæ, æвæрынц сæ цыртытыл æмæ обелисктыл.

Уæрæсейы сырх гвоздикæ ссис революцийыл æнувыддзинады символ. Уымæй пайда кодтой Уæрæсейы 1905, 1917 азты революциты, 1918-1922 азты æмбæстагон хæсты. Дыккаг дунеон хæсты фæстæ ацы дидинæг ссис хæсты ныхмæ змæлды эмблемæ.

Иннæ дидинджытæй уæлдай сырх гвоздикæ ссис Уæлахизы символ, уымæн æмæ йæ хуыз у, Райгуырæн зæххы тыххæй цы туг ныккалд, уый хуызæн æмæ йæ хъæддыхдзинадæй та зæрдыл лæууын кæны хæстонты хъæбатырдзинад.

Георгийы лентæ

Фæстаг азты ма ноджыдæр фæзынд Уæлахизы иу символ – Георгийы лентæ. Уæлахизы боны размæ уый байуарынц горæты уынгты, дарынц сæ риуыл кондæй, бæттынц сæ сумкæтыл, автомашинæты антеннæтыл.

Символон сты лентæйы хуызтæ: сау – фæздæг, сырхбын бур – арт.

Лентæйы истори райдыдта 1769 азы 26 ноябрæй, Екатерина II Уæлахизхæссæг Сыгъдæг Георгийы орден куы сфидар кодта, уæдæй. Лæвæрдтой йæ салдаттæн хъæбатырдзинады тыххæй. 1806 азæй Уæрæсейы æфсады фæзынд Георгийы тырысатæ дзуарæвæрдимæ, баст сыл уыд сау-сырхбын бур лентæ цъылынæгимæ.

Фæстæдæр лентæ хаст æрцыд Советон Цæдисы хорзæхты системæмæ, куыд «Гвардион лентæ». Абон уый у ветеранты хæстон æхсардзинады, хъæбатырдзинады раз сæр ныллæг кæныны символ.

Уæлахизы символтæ бирæ æмæ алыхуызон сты, фæлæ сæ нысаниуæг стыр у. Уыдон нын нæ адæмæн, нæ кæстæр фæлтæрæн сæ зæрдыл лæууын кæнынц, цæмæй уарзæм æмæ цыт кæнæм нæ Райгуырæн бæстæйæн. Ацы символтæ æвдисæн сты, нæ зæрдыл кæй дарæм æмæ сæрбæрзонд кæй стæм нæ салдатты хъæбатырдзинæдтæй.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта Дзебысаты Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.