1941 азы 22 июны нæ Райгуырæн бæстæм немыцаг-фашистон тыхæйисджытæ куы æрбабырстой, уæд бахъуыд Фыдыбæстæ бахъахъхъæныны сæр. Адæм слæууыдысты фыццаг бонæй цыфыддæр знаджы ныхмæ æмæ суанг йæ кæронмæ уæхскуæзæй хæцыдысты æмæ дæрæн кодтой немыцаг фашистты.

Азтæ кæд цæуынц, уæддæр нæ адæмæй рох нæ кæны Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Уый уæззау фæлварæн уыд нæ адæмæн, уымæн æмæ аххæссыд 5 азы бæрц.

Гитлер йæ гигантон хотыхджын æфсадимæ европæйаг бæстæты басæтгæйæ, хъавыд цалдæр къуыримæ ССР Цæдисы ныппырх кæнын. Фæлæ фашисттæ куыд æнхъæл уыдысты, афтæ нæ рацыдис хъуыддаг. Гитлер æмæ немыцаг фашистты ныхæстæ историктæ куыд фыстой, уымæ гæсгæ бæрæг уыдис, уыдон диссагæн кæй хастой Сырх Æфсад æмæ уырыссаг хæстонты хъайтардзинад æмæ удыхъæд. Уыдон-иу афтæ фæкодтой, зæгъгæ, мах нæ развæдсгарджыты фæрцы зыдтам Уырысы æфсад куыд ифтонг у хæцæнгарзæй, фæлæ, зæгъгæ, нæ зыдтам Уырысы æфсады хъару æмæ удыхъæд.

Æмæ уый æцæгæй дæр афтæ уыдис. Истори фенын кодта, Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау тохы стырæй, чысылæй, цы хъайтардзинæдтæ æвдыстой, уый.

Уæдæ 1945 азы 9 майы æнæферохгæнгæ бон æнустæм бацыд адæймагады историмæ. Рацыд 71 азы, Советон Цæдисы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты немыцаг фашисттыл куы фæуæлахиз, уыцы бонæй. Æмæ ацы диссаджы историон цау æрвылаз дæр нысан цæуы цытджын æгъдауæй нæ республикæйы дæр. Æрæмысæм, фашизмы ныхмæ тохы чи фæмард, абон дзы не ’хсæн чи нал ис, уыдоны. Кад фæкæнæм, сæрæгас ма сæ чи сты, уыцы хæсты ветерантæн. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ алкæмæй тынгдæр зонынц ацы бонæн йæ аргъ. Уæлахизы салдаттæ канд нæ бæстæйы хъысмæт не скъуыддзаг кодтой, фæлæ ма æппæт адæймагадæн байстой аккаг царды бар. Уыдон кадимæ æххæст кодтой сæ хæс Фыдыбæстæйы раз сæ нæмттæ сæнусон кæнгæйæ.

Ирыстоны дæсгай мин фырттæ æмæ чызджытæ дæр хъахъхъæдтой сæ Райгуырæн бæстæ фашистты æрбабырстæй.

Уыдон знаджы дæрæн кодтой зæххыл, уæлдæфы æмæ денджызы, мæлæтдзаг тох кодтой Мæскуыйы цур, хъахъхъæдтой Севастополь æмæ Сталинград, тох кодтой Курскы къæлæтауы, сæрибар кодтой Европæйы бæстæтæ æмæ штурмæй истой Берлин. Уыдонæн се ’мбисæй фылдæр нал æрыздæхтысты, кæцæй сæ фæндараст кодтой, сæ уыцы адджын райгуырæн хæдзæрттæм. Æппæт ацы цаутæ æрæмысыдысты Дзауы районы дæр. Уæлахизы бон дзауæгтæ цытимæ нысан кодтой цалдæр боны дæргъы, куыд скъолаты, афтæ рæвдауæндæтты æмæ библиотекæты дæр. Районы центры цытджын æгъдауæй «Мысæн аллея»-йы уæлахизхæссæг хæстонты номыл цы цырт сæвæрдæуыд, уырдæм 7-æм майы скъоладзаутæ бахастой дидинджытæ фæуæлахизы бæрæгбоны цытæн. Районы культурæйы хайад сорганизаци кодтой æмæ ауагътой концерт. Адæм райцентрмæ бæрæгбонвæлыстæй æрæмбырд сты æмæ хъæлдзæгæй æмбæлдысты бæрæгбонон концертыл. Уæлахизы бæрæгбоны цытæн æппæт æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта Дзауы районы администрацийы культурæйы хайады сæргълæууæг Кæркуысты Галинæ. Уый сæрмагондæй районы ветерантæ æмæ республикæйы æппæт ветерантæн дæр бузныг загъта, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты кæй фæтох кодтой немыцаг фашисттимæ æмæ нын кæй æрхастой Стыр Уæлахиз. Йæ цæст сын бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ бирæ азты цæрæнбон. Уый ма цыбыртæй радзырдта хæсты иууыл ахсджиагдæр цаутыл æмæ банысан кодта, Дзауы районæй хæсты быдырмæ бирæ фырттæ кæй фæцыдис, æппæт уыдæттæ.

Уый фæcтæ мадзаламонæг адæммæ бахатыд, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссарой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвæг æмæ Ирыстоны зынгхуыст хъæбатырты рухс нæмттæ.

Бæрæгбонон концерт байгом кодта РХИ-йы Президенты цур лæппуты хор. Дзауы районы хоримæ иумæ Дзадтиаты Анисимы къухдариуæгадæй, уыдон сæххæст кодтой цалдæр ирон зарæджы. Хæстон темæйыл зарджытæ адарддæр кодтой куыд сывæллæттæ, афтæ районы культурæйы хайады сфæлдыстадон къорд дæр. Стыр Уæлахизы боны цытæн зарджытæ сæххæст кодтой Кæркуысты Дана, зарæггæнæг Козаты Галинæ, Къæбысты Маир æмæ æндæртæ.

Районы сывæллæтты ансамбль «Фидæн» та сценæмæкæсджыты размæ рахаста цалдæр музыкалон номыры, афтæ ма акафыдысты «Симд», «Дагъыстайнаг кафт» æмæ æндæр кæфтытæ. Концерты ма адæмы зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой сæ аив зарды руаджы районы вокалон къорд «Нартæ» дæр. Мадзал дарддæр кодтой скъолаты ахуыргæнинæгтæ: аив бакастысты Уæлахизы бæрæгбоныл æмдзæвгæтæ. Афтæмæй суанг изæрмæ адæм нысан кодтой сæ иумæйаг бæрæгбон.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ма Дзауы районы абон кæй ис æрмæстдæр дыууæ ветераны. Уыдонæй сæ иу цæры Синагуры хъæуы, иннæ та — Дзауы. Сæ тыхы кæй нал сты, уымæ гæсгæ бæрæгбонон мадзæлтты хайад нæ райстой, фæлæ сын сæ бæрæгбоны сæраппонд зæрдиаг арфæйы цытимæ бакодтой лæвæрттæ.

Дзауы районы Стыр Уæлахизы бæрæгбоны цытæн цы мадзæлттæ уагъд цыдысты, уыдоны ма активон хайад истой Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Федералон службæйы Арæнгæрон управленийы службæгæнджытæ дæр.

9-æм майы ма Дзауы районы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 71 азы Уæлахизы бæрæгбоны цытæн районы цæрджытæ æмæ администрацийы разамынад «Мысæн аллея»-йы уæлахизхæссæг хæстонты номарæн цырты раз цытджын æгъдауæй сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ. Ацы ран бузныджы ныхæстæ загътой нæ республикæйы æппæт ветерантæн дæр æмæ банысан кодтой, зæгъгæ, кæй хъæуы кæддæриддæр кад кæнын нæ хæствæллад ветерантæн, уый. Цытджын мадзалы фæстæ та Дзауы районы администрацийы цæрджытæ сæхи цæттæ кодтой горæт Цхинвалы цы æфсæддон парад уагъд цыдис, уымæ, æмæ дзы радон хатт дæр хайад райстой.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.