Канд йæ райгуырæн хъæу Цъинагары нæ, фæлæ æгас Чысангомы дæр йæ ном хорз зындгонд у Хуыбылты Михаилæн. Уый стыр ахуыргонд нæу æмæ зонады бæрзæндтæм нæ хызт æмæ уымæй не ссис зындгонд. Нæ. Уый йæхицæн сном кодта йæ намысджын фæллойадон архайдæй, йæ ирон æгъдау æмæ фарнæй, адæммæ йæ уарзондзинадæй. Ныр ыл нæуæдз азы сæххæст æмæ уыцы азтæм уый æгадæй нæ цыдис, нымад лæг уыдис æмæ у абон дæр. Хорзы кой та дардыл хъуысы. Кæй æхсæн фæцард, чи йæ зоны, уыдон æй се ‘ппæт дæр зонынц хорздзинæдтæ тауæгæй, уæзбын хистæрæй, хорз хъомылгæнæгæй, бинонтыл ау-дæгæй.

Хуыбылты Михаилмæ цы бирæ хорз миниуджытæ ис, уыдон йæ уды æвзæрдысты æмæ фидарæй фидардæр кодтой Чысангомы егъаудæр хъæутæй сæ иу – Цъинагары. Йæ сабийы бонтæ æрвыста бонзонгæйæ. Уæд дуг дæр карз æмæ уæззау уыдис. Адæм талынг, мæгуыр цард кодтой. Хæххон хъæу Ардисæй ралыгъдысты Михаилы ныййарджытæ Дауыт æмæ Елхъанты Маруса хуыздæр цардагур Цъинагары хъæумæ. Уæд ацы хъæуы зæххытæн се ‘мбис уыдысты Хуыбылты Гитъайы. Уый та сæ балхæдта æлдарæй, сыгъзæрин æхцайæ. Дауыт æрхатыд Гитъамæ æмæ йын дзы рауæй кодта. Бинонтæ фырцинæй сæхи арвы милтыл асæрфтой æмæ æрæвнæлдтой сæ цард бындуронæй аразынмæ. Сарæзтой хæдзар, куыстой сæ хæдзаргæрон зæхх.

Уæззау дуджы райгуырд Михаил – 1930 азы, ног цард, колхозон арæзтад йæ къахыл лæууын куы райдыдта, уæд. Цъинагары хъæуы колхоз арæзт куы æрцыдис, уæд æм бацыдысты Михаилы ныййарджытæ дæр æмæ дзы фæллой кодтой, афтæмæй къæбæр амал кодтой сæ сабитæн. Сывæллæттæ дæр куыд хъомыл кодтой, афтæ сæ ныййарджыты æнцой лæууыдысты. Миха æмæ йе ‘фсымæр скъолайы ахуыр кодтой, фæлæ хызтой колхозы родты дæр. Йæ хистæр æфсымæримæ кæрæдзийы ивтой, райсомæй-иу чи ахуыр кодта, уый-иу фæсурокты тындзыдта йе ‘фсымæры раивынмæ, цæмæй рæстæгыл ацыдаид уый дæр йе скъоламæ. Афтæ бакаст Цъинагары астæуккаг скъола Михаил. Уый фаг нæ уыд, фæлæ йæ йæ фадæттæ дæр нæ амыдтой, цæмæй ахуыры фæндагыл ныллæууыдаид. Æмæ ныллæууыд æндæр фæндагыл – фæллойы фæндагыл. Растдæр зæгъгæйæ та, дарддæр цыдис йæ сабидугæй фæстæмæ кæуыл ныллæууыд, уыцы фæндагыл. Уыцы рæстæджы Цъинагары хъæуы цы бирæ фæсивæд цардис, уыдонæн арæзт æрцыдис фæскомцæдисон комитет. Уыдысты 220 бæрц. Комитеты секретарæй æвзæрст æрцыд Михаил. Ныр ын хуыздæр фадат фæзынд куыстмæ æнæзивæгдзинад æмæ йæ арæхстдзинад равдисынæн.  Ам ын йæ къух арæзтой йе ‘взонг уæнгты хъару дæр. Хъæу рæзтис, рæзт сæ колхоз дæр. Дардыл уæрæхдæр кодтой йæ хуымзæххытæ, дыргъдæттæ, фылдæр кодтой сæ фосы нымæц. Бирæкъабазон уыд сæ хæдзарад. Уыдис сæм стурты, хуыты фермæтæ. Фæскомцæдисон комитеты сæргъ слæугæйæ, Михаил сарæзта холлаг цæттæгæнæг бригадæ æмæ хуыты фермæйы кусæг бригадæ дæр. Уыцы азтæ Михаилæн уыдысты фæллойадон сгуыхтдзинады азтæ. Йæ намысджын куыстæй цæвиттойнаг уыдис иннæ фæскомцæдисонтæн дæр, разæнгард сæ кодта куыстмæ. Уыцы рæстæджы сæ куысты тыххæй хыгъд Тбилисмæ лæвæрдтой. Ныхасы рацæугæйæ сæ дисы æппæрста Михаилы раныхас, сæ куысты фæстиуджыты тыххæй. Сæ фæллойадон æнтыстытыл сын дис кодтой уæды областы иннæ хæдзарадтæ дæр. Афтæ фæскомцæдисон-фæсивæдон бригадæн разамынд кæнгæйæ, йæхицæн гæрста фæллойы бæрзæндтæм фæндаг. Æмæ æрбалæууыд уыцы бон дæр.

Хуыбылы фырт æнæнцой зæрдæйы хицау кæй уыд, йæхиуыл кæй нæ ауæрста, куыст йæ царды сæйраг нысаныл кæй нымадта, хистæрты фæлтæрддзинадæй кæй пайда кодта, уый тыххæй йæ хъæубæстæ равзæрстой сæ колхозæн сæрдарæй. Йæ хъæубæсты ахæм æууæнк æй хæсджын кодта æмæ ноджы фæдывæр кодта йæ бæрндзинад куысты. Уæд Михаилыл бæрцæй цыдис 29 азы. Колхоз канд фосдарды куыст нæ кодтой, фæлæ сæм уыдис мæргъты фермæ дæр. Быдырты тыдтой нартхор, къабускæ, цæхæра, пъамидор, джитъри, пырындз. Хæдзарады хуымтæй зæрдæ радис. Сæ æркæнгæ халсæрттæ колхозонтæ цы фæкодтаиккой, уый нал зыдтой. Æрластой-иу сæ горæтмæ æмæ сæ уынгты уæй кодтой. Иудзырдæй, райгонд уыдысты адæм сæ колхозæй, сæ цардæй. Колхозы æнæзылд, æнæкуыстгонд иу гæппæл не ссардтаис. Цæмæй зæхх ма мæгуыр кæна, хъæздыг тыллæг дæттынхъом уа, уый тыххæй йæ хъацæнтæ хъуаг никуы уагътой. Зæххы улæфт зæрдæйæ чи æнкъардта, уырзты бавнæлдæй та йæ уды хъарм, раст ахæм адæймæгтæй сæ иу Михаил уыд. Йæхи арæхстджын разамонæгæй кæй равдыста, уый тыххæй йын стыр аргъ кодтой, канд уæды областы разамонджытæ нæ, фæлæ сæ колхозы æнтыстдзинæдты тыххæй дзырдтой Тбилисы дæр æмæ сын аргъ кодтой сæ куыстæн – ссис раззагондæр колхозтæй сæ иу.

Бирæ рæсугъд фæндтæ уыд ноджыдæр сæ колхоз раразмæ кæныны тыххæй Михаилмæ. Фæлæ алцы адæймагæй аразгæ нæ вæййы. Хъæууонхæдзарадон байтыдты æрзад баст вæййы æрдзыл дæр. Уæд фæззæг йæ тæмæны уыд. Хæдзарады хуымтæй зæрдæ рухс кодта. Рагацау бæрæг уыд, хъæздыг тыллæг кæй ратдзысты. Фæлæ дын иу бон кæсы, æмæ арв сау мылазон адардта. Бæрæг уыд, ихæн æнæ æрцæугæ нæй. Бакатай кодта Михаил. Йæхицæн фырадæргæй бынат нал ардта, æрдзы ныхмæ йæ бон ницы уыд. Арв ныннæрыд, æмæ мигъты ихæмхæццæ цæссыг фемæхст. Æхсæвы та ирдгæ уазал скодта æмæ басыдис, 7 гектары фæзуатыл сын цы пырындзы хуым уыдис, уый. Фæмаст кодтой Михаил æмæ колхозонтæ, фæлæ уыцы мастыл дæр нæ баззадысты. Сæ нартхоры хуымтæ дæр фесæфтысты. Уый Михалы зæрдæйæн уыд стыр цæф. Йæ фарст ын партийы Ленингоры райкомы бюромæ рахастой. Хъуамæ йæ рацух кодтаиккой сæрдарæй æмæ партийæ дæр. Фæлæ куыстыл æнувыд кæй уыд, уый уынгæйæ бюройы уæнгтæ йæ фарс рахæцыдысты. Куыста дарддæр Михаил, фæлæ райкомы секретарь Джуссойы фыртимæ сæ доны бын нал æррæсугъд. Уымæ гæсгæ йæ зæрдæ нал тасыд куыстмæ.

Куыд, цы, фæлæ Михаилы йæ хъысмæт фæхаста дард Норильскмæ æмæ кусынмæ бацыд хæххон-металлургон комбинатмæ. Фыццаг шахты куыста, стæй та – æрзæткъахæнты. Йæ намысджын куыстмæ йын куы бакастысты, уæд æй сæвæрдтой бригадирæй. Бауарзтой йæ кусджытæ æмæ йын стыр аргъ кодтой. Йæ бригадæ  ссис раззагон. Кады фæйнæгæй сæрбæрзондæй фæлгæсыд Михаиы къам. Зæгъæн ис, æмæ 21 азы дæргъы йæ къам æдзухæй дæр уыд уым – Кады фæйнæгыл. Ссис бирæ хорзæхты аккаг – хорзæхджын æрцыд Фæллойадон Сырх Тырысайы орденæй, Ленины орден æмæ Адæмты Хæлардзинады Орденæй. Уый хайад иста Мæскуыйы Адæмон Хæдзарады æнтыстыты равдысты. Сæ хорз куысты тыххæй бригадæйæн радтой 9 мин сомы премийы хуызы, йæхицæн та йын лæвæрдтой æнæ радæй рог автомашинæ, фæлæ йæ Михаил нæ райста, уæдмæ уый йæхицæн балхæдта машинæ æмæ йæ йæ сæр нал хъуыд. 

Михаилы куыстæн стыр аргъ кодтой канд йе ‘мкусджытæ нæ, фæлæ маданты разамонджытæ дæр. Ацыд пенсийы, фæлæ йæ не ссæрибар кодтой йæ куыстæй, æрурæдтой йæ æмæ ма дзы цалдæр азы акуыста, стæй æрыздæхт  йæ райгуырæн Ирыстонмæ, йæ ныййарджытæм, йе ‘ввахс хиуæттæм, йæ райгуырæн хъæумæ. Снысан æй кодтой хъæусоветы сæрдарæй, фæстæдæр та – совхозы директоры хæдивæгæй. Уый фæстæ йæ ракодтой Ленингоры администрацийы хистæрæй. Йæ куыстæн ын ахæм аргъ кæй кодтой, уый йын йæ тыхмæ тых æфтыдта æмæ йæ куыстмæ бæстонæй æрæвнæлдта.

Афтæ фæкуыста, цалынмæ бæстæ нæ сызмæст, уæдмæ. Стæй ныппырх сты районы хæдзарадтæ, сæ техникæ. Абон йæ фæллойадон архайдыл йæ цæст ахæсгæйæ, Михаилæн æппæт уыдæттæ баззадысты мысынæн. Стыр мастдзинад æм æвзæрын кæны, цард кæй сызмæст, йæ адæм хъизæмайраг кæй фесты æмæ сын фадат кæй нал уыд сабыр цард аразынæн. Фæлыгъдысты бирæтæ сæ уæзгуытæй. Фæцудыдта хъæу. Мæгуырхуызæй каст кæддæры нæргæ хъæу æмæ цард куы фæсабырдæр, уæд хъæуæй чи алыгъдысты, уыдонмæ ныццыдис Дзæуджыхъæумæ. Семæ бирæ фæныхас кæныны фæстæ дзы бирæты æркодта фæстæмæ. Сæ быдыртæй та айхъуыст хъæлдзæг хъæлæба, фæлæ та æрбалæууыдис 2008 аз æмæ та ногæй ли-дзинаг фесты фæстæмæ. Фенкъард та хъæу, кæд ма дзы чи цæры, уыдон абон сæ царды кой кæнынц, уæддæр. Фæлæ бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Сабырад æрыздæхт нæ зæхмæ æмæ Михаилы ныфс ис, кæд ын йæхиуыл азтæ сæ уæз æруагътой, сæххæст ыл 90 азы, уæддæр та нæ адæм амондджынæй кæй цæрдзысты сæ зæххыл, кæй та айхъуысдзæнис фæллойады зарæг, кæддæр Михаил йæ хъæубæстимæ æрдæгæхсæвтæм цы быдырты куыстой, уырдыгæй.  Хуыбылты Михаил та уыцы амондджынты æхсæн уындзæнис йæ кæстæрты, уыдоны кæстæрты. Бинонты хистæр Михаилæн сæйраг уый у. Амондджын уыд йæ фæллойадон царды. Уыцы амонды куырд та фыццарджыдæр йæхæдæг уыдис. Уыцы амонды бæрзæндмæ хызт фæллой кæнынмæ тырнындзинады руаджы. Уæдæ, амондджын у бинонты ‘рдыгæй дæр. Хъæрмудæй фæцардис йæ дзæнæттаг цардæмбал Уалыты Ксенияимæ. Цы дыууæ фырт æмæ иу чызджы ныййарджытæ баисты, уыдон ныр сæхи цардаразæг сты, сæхи бинонтæ, сæхи кæстæртæ сын ис, æмæ сæ алчи дæр сæрыстыр у сæ куырыхон дадайæ. Æмæ канд уыдон нæ, фæлæ дзы сæрыстыр сты, цы хъæубæсты ‘хсæн райгуырд, схъомыл æмæ йæ фæллойадон архайд кæимæ райдыдта, уыцы адæм дæр.

Фæлæ хъыг кæны йæхимидæг Михаил, йæ кæддæры нæргæ колхоз кæй ныппырх, цард фæстæмæ кæй алæууыд,  хъæуы цæрджыты фылдæр хай кæй фæлыгъдысты æмæ сын йæ бон баххуыс кæнын кæй ницы у, уый тыххæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.