УФ-йы Генералон прокурор Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы уæлдæр ведомствойон хорзæх – «Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы кадджын кусæг»-ы нысанæй æмæ Уæрæсейы Генералон прокуроры Грамотæйæ схор-зæхджын кодта Уæрæсейы Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыры. Хорзæхтæ дæттыны церемони уагъд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæйы сæйраг офисы, – хъусын кæны УФ-йы РХИ-йы минæварады пресс-службæ.

Юрий Чайка раарфæ кодта Гасситы Знауырæн, бафæндыд æй уымæн дарддæры æнтыстытæ йе службæйон архайды Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны фæрныгадæн. Хуссарирыстойнаг минæвар бузныджы ныхæстæ загъта, Республи-кæ Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Генералон прокуратурæ кæй æххуыс кæны, уый фæдыл, афтæ ма йын раарфæ кодта, йæ архайдæн ын стыр аргъ кæй скодта, уый тыххæй дæр.

«Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы кадджын кусæг»-ы риуылдарæн нысанæй æмæ Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокуратурæйы Грамотæйæ хорзæхджын æрцæуынц, се службæйон хæстæ цæсгомджынæй чи æххæст кæны,  прокуратурæйы уагдæтты дæргъвæтин службæйы, уæлдай ахсджиагдæр æмæ вазыгджындæр хæслæвæрдтæ  æххæст кæныны тыххæй æмæ Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы системæйы закъондзинад æмæ рæзт сфидар кæнынæн бындурон æххуыс чи бакæны, уыцы адæй-мæгтæ.

Гасситы Знауыры цалынмæ бæрзонд дипломатон бынатмæ не снысан кодтой, уæдмæ 20 азæй фылдæр баслужбæ кодта Уæрæсейы прокуратурæйы органты, РЦИ-Аланийы Ирæфы районы прокуроры бынаты, горæт Дзæуджыхъæуы Цæгатныгуылæйнаг муниципалон зылды прокуроры, Ленинграды областы прокуратурæйы управленийы хистæры бынаты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.