УФ-ЙЫ ХИЦАУАДЫ ПРЕМИЙЫ ЛАУРЕАТТÆ

УФ-йы вице-премьер Татьяна Голикова  2018 азы зонад æмæ техникæйы фадыджы Уæрæсейы Хицауады премитæ радта 220 ахуыргондæн, уыцы нымæцы 12 академикæн æмæ зонæдты Уæрæсейы академийы æртæ уæнг-уацхæссæгæн. 2018 азы премийы лауреаттæ систы 27 куысты, уыцы нымæцы æвзонг ахуыргæндты авд куысты дæр. Премитæ лæвæрд цæуынц медицинæйы, энергетикæйы, геологи, информацион технологиты, арæзтады, биотехнологиты æмæ хъæууон хæдзарады фадгуыты куыстыты тыххæй.

СДЗУАПП КÆНДЗÆН САНКЦИТÆН

Мæскуы æнæдзуаппæй нæ ныууадзæн, Керчы донкъубалы инициденты тыххæй къорд уæрæсейаг æмбæстагмæ ахасты Евроцæдисы бакæнгæ ног санкциты. 15 марты Евроцæдисы бæстæтæ ног санкцитæ бакодтой аст уæрæсейаджы ныхмæ Керчы донкъубалы иницденты тыххæй. Уыцы бон ма 114 уæрæсейаджы æмæ 15 компанийы ныхмæ санкцитæ бакодта Канадæ дæр. Афтæ ма АИШ дæр фæнд кæны 24 уæрæсейаджы ныхмæ санкцитæ бакæнын. Уы-йы æддагполитикон ведомствойы банысан кодтой, зæгъгæ, Евроцæдис фактон æгъдауæй æмзæрдæ у Украинæйы хицауадимæ æмæ сæ разæнгард кæны провокациты политикæ дарддæр кæнынмæ, кæцы тæссаг у æрмæст Уæрæсейæн нæ, фæлæ Сау денджызы регионы иннæ паддзахадтæн дæр.

ÆРÆМБЫРД КОДТОЙ 7 МИЛЛИАРД ДОЛЛАРЫ

Сирийы фæдыл дунеон донорон конференцийы хайадисджытæ æрæмбырд кодтой 7 миллиард доллары Сирийы адæмæн æмæ лигъдæттæн. Гуманитарон æххуысы æмæ кризисон  управленийы фарстыты фæдыл Еврокъамисар Христос Стилианидис банысан кодта, зæгъгæ, ацы суммæйæ дыууæ æртыккаг хайы рахицæн кæндзæн Евроцæдис æмæ иннæ суммæ та æндæр бæстæтæ-æмæхсæнады уæнгтæ. Сирийы фæдыл æртыккаг дунеон донорон конференции уагъд æрцыд Брюсселы.

ЭНЕРГОСИСТЕМÆЙЫЛ САТАКÆ КОДТОЙ АИШ-Ы ДЫУУÆ ГОРÆТÆЙ

Венесуэлæйы электроифтонгады системæйы куыст æруромыныл архайдтытой Иугонд Штатты территорийæ, – ахæм хъусынгæнинагимæ ралæууыд Боливариаг Республикæйы президент Николас Мадуро. «Атакæйы рæстæджы Венесуэлæйы адæмы фæцух кодтой  æппæт лæггæдтæй. Атакæтыл комкоммæ къухдариуæгад кодта АИШ-ы хицауад горæттæ Хьюстон (штат Техас) æмæ Чикагойæ (штат Иллинойс)», – банысан кодта Мадуро.

РАДОН ПРОТЕСТОН АКЦИ

Францы уагъд æрцыд «бур жилетты» протесты радон 18 акци, кæцыйы рæстæджы полиицæгтæ æмæ манифестантты ныхмæ æрцыд бирæнымæц ныхмæлæудтытæ. Парижы урæд æрцыдысты 237 хайадисæджы. Змæстыты эпицентр систы Елисейы быдыртæ, цыран агрессивон демонстранттæ ныппырх кодтой æмæ басыгътой дæсгай магазинтæ, кафетæ, газеттæуæйгæнæн киосктæ. Полицийы префектурæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæцæфтæ сты барадхъахъхъæнæг органты 17 кусæджы æмæ 42 манифестанты.

КУЫНÆГ ÆРЦЫДЫСТЫ

Террористон организаци «Пысылмон паддзахад»-ы дыууæ боевикы  куынæг æрцыдысты Ставрополы крайы, кæцытæ план кодтой теракт саразын. Дыууæ боевикы дæр уыдысты Волгограды областæй рацæугæтæ, кæцытæ Ставрополы краймæ æрцыдысты теракт саразыны тыххæй.

ГÆРТАМ – СÆРИБАРДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ

АИШ  æмæ се ‘мцæдисонтæ лигъдæтты лагерь «Рукбан»-ы цæрджытæн бар нæ дæттынц сæрибарæй цæуынæн æмæ сæхи куыд фæнды афтæ цæрæн бынат равзарынæн, æмæ афтæмæй халынц дунеон барадон нормæтæ. Уæрæсе æмæ Сирийы æхсæнведомствойон координацион штабты иумиаг хъусынгæнинаджы æрсидтысты дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй сæ хъусдард аздахой ацы лагеры лигъдæттæ цы зындзинæдтæ æвзарынц, уымæ. Хъусынгæнинаджы дзырдæуы, зæгъгæ, лагерæй æрмæстдæр 800 сирийагæн бантыст ацæуын 2018 азы майы мæйæ фæстæмæ, уыимæ уыдонæй алкæцыдæр сæ сæрибардзинады тыххæй боевиктæн бафыстой фæйнæ 300 доллары. Фæлæ ныртæккæ лагерæй ацæуын йæ бон никæмæн у, уымæн æмæ сæ уыйбæрц æхцаты никæмæ ис.

НЫХМÆЛÆУДТЫТÆ КИЕВЫ

Киевы ныхмæлæудтытæ уыд Украинæйы президент Петр Порошенкойы фарсхæцджытæ æмæ ныхмæлæуджыты ‘хсæн бæстæйы президент Киевы центры Михайловскы фæзуаты митингы куы ныхас кодта, уæд. Иу къорд адæймагмæ уыд алыгъуызон фыстытимæ плакаттæ, афтæ ма хъæр кодтой лозунгтæ «Позор!», «Порошенко – вон!» æмæ æндæртæ.

ДЗЫЛЛОН АКЦИТÆ

Сербийы столицæБелграды уагъд æрцыдысты бынæттон оппозицийы протесты дзыллон акцитæ. Манифестанттæ сæ къухты бафтыд национ телецентры бæтыхаймæ батонын. Президентон галуан бацахсын сæбон не ссис. Оппозици домы бæстæйы президент Александр Вучичы отставкæ æмæ æнæрадон парламентон æвзæрстытæ ауадзын. Йæ рады Вучич банысан кодта, зæгъæ, кæрон скæдзæн змæстытæн. Урæд æрцыдысты авд адæймаджы.

ОФИЦИАЛОН ФЕМБÆЛД

Индийаг горæт Аттарийы уагъд æрцыд Инди æмæ Пакистаны минæвæртты фыццаг фембæлд конфликт куы фæкарздæр, уый фæстæ. Уынаффæ кодтой афтæхуыйнæг Картапурскаг къæлидорыл, кæцы хъуамæ сиу кæна  ацы бæстæты уæвæг сикхскаг кувæн бынæтты. Йæ дæргъ 4,7 километры кæмæн у, уыцы къæлидор байгом уыдзæн 2019 азы ноябры мæйы. Фæрстæ бадзырдтой  2 апрелы баныхæстæ адарддæр кæныны тыххæй.

ФÆМАРД СТЫ 63 АДÆЙМАДЖЫ

Индонезийы Папуайы провинцийы донивылдтыты фæстиуæгæн фæмард сты 63 адæймаджы, дæсгай адæймæгтæ нымад цæуынц æбæрæгæй сæфтыл. Тæркккъæвдатæ райдыдтой 16 марты. Æрдзон æнамонддзинады аххосæй хъыгдард баййæфтой цæрæн хæдзæрттæ æмæ хидтæ. 3,9 мин бынæттон цæрæджы бахъуыд сæ хæдзæрттæй ацæуын.

ТАЛИБТЫ АТАКÆ

Афганистаны цæгат-ныгуылæн хайы Фарьябы провиницийы радикалон змæлд «Талибан»-ы боевиктæ бабырстой æдасдзинады тыхты кусджытæм, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 22 адæймаджы, афтæ ма боевиктæ амынæты ракодтой цалдæр адæймаджы.

 Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.