Зынгæ ивындзинæдтæ цæуы ацы аз Путины уынджы. Ацы уынг нымад цæуы нæ горæты централон уынгтæй сæ иуыл. Уымæ гæсгæ горæты администраци сфæнд кодта уынджы хæрзарæзтыл дарддæр бакусын. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ æрæвнæлдтой, Вокзалгæрон фæзуаты цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уыдон фасадтæ сæрдынмæ. Уынджы цы пырх аварион хæдзæрттæ æмæ мæнгагъуыстытæ уыд, уыдон коммуналон хæдзарады кусджытæ ныссыгъдæг кодтой, афтид бынæтты та сæвæрдтой æфсæн æмбæндтæ. Путины уынгыл арæзт æрцыд дыууæ улæфæн зонæйы. Зæронд универмаджы бынаты сырæзт фонтан, йæ алфæмблай уыдзæн бандæттæ. Ныр уым улæфдзысты нæ горæты цæрджытæ. Турбазæ «Осетия»-йы цур дæр сарæзтой сывæллæттæн хъазæн фæзуат, цыран æвæрд æрцыд хъазæнтæ. Æрæджы та куыстытæ фесты, Леуахийы сæрты цы хид ис, уый алфæмблай. Кады Аллейæйы дæр æрцыд цалцæггæнæн куыстытæ. Æнусон Арты раз хæрзарæзткæнинаг рагæй уыд. Коммуналон хæдзарады кусджытæ сæ тыхтыл нæ ауæрстой, цæмæй Уæлахизы 75 азы сæххæсты бæрæгбон барухс кæной ветеранты зæрдæтæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Хъæбатырты цыртытæ дæр реставраци æрцыдысты ногæй. Уынджы æвæрд æрцыд бордюртæ  кæм ма нæ уыд, уыцы бынæтты.

 Уынджы, кæм æмбæлы, уымыты уалдзæджы ныссадзысты цъæхдарæнтæ, æмæ уый уыдзæн фæстаг этап.

Уынджы рæсугъддзинадмæ ма бафтдзæнис ам цы ног скъола арæзт æрцæудзæн, уый дæр. 3-æм астæуккаг скъолайы арæзтад хаст æрцыд Инвестпрограммæмæ. Уый нымад æрцыд авари-оныл æмæ йæ ацы бонты ныппырх кодтой,  йæ бынаты та арæзт æрцæудзæн ног скъола. Арæзтадон куыстытæ ам кæндзæнис фирмæ «Бадо». Йæ сæргълæууæг Уалыты Владислав куыд зæгъы, афтæмæй  скъола арæзт æрцæудзæн 200 сывæллонæн. Кæд проектгæнджытæн нæ бантыст скъолайы æддаг хуыз бахъахъхъæнын, уæддæр арæзтадон фирмæйы хицау куыд зæгъы, афтæмæй цы дыууæ административон уагдæтты ‘хсæн ис (Паддзахадон Университет æмæ Профцæдисты  хæдзар), уыдон фоныл уыдзæн рæсугъд. Проектмæ гæсгæ скъола арæзт æрцæудзæн дыууæ азмæ, фæлæ Уалыты Владиславы ныхæстæм гæcгæ, кæд æмæ финанскæнынадæй къуылымпытæ нæ уа, уæд объект эксплуатацимæ тагъддæр лæвæрд æрцæудзæнис.

Уазæгты Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.