Республикæ Хуссар Ирыстоны Сывæллæтты фондыл æххæст кæны 10 азы. Юбилейы хæдразмæ РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик фембæлд фонды сæрдар, Цхинвалы хæдзар-интернаты директор Тедеты Роландимæ.  Уынаффæ цыд фонды архайд æмæ æххуысы фарстатыл.

Ныхасы райдианы Пухаты Эрик раарфæ кодта Тедеты Роландæн ацы нысаниуæгджын боны цытæн æмæ йын йæ цæст бауарзта дарддæр æнтыстытæ.

«Сывæллæттæ нæ иумæйаг аудинаг сты, æмæ сывæллæтты фонд дæр уымæн арæзт æрцыд. Æххуыс кæмæн бакодтат, уыдон ныр сыстыр сты, æмæ абон сымах æххуыс кæнут зын цардуагон уавæры чи бахауд, уыцы сывæллæттæн. Бузныг дæуæн æмæ дæ коллективæн уæ хорз куысты тыххæй», -загъта Пухаты Эрик.

Уый ма банысан кодта, Хицауад йæ хъус кæй дары фонды архайдмæ æмæ сын гæнæн уæвгæйæ, кæй æххуыс кæны.

«Дæ радон фыстæг райсгæйæ, æз мæ хæлæрттæм бахатыдтæн. Æмæ фондæн баххуыс кæныны сидтмæ иу æвзонг адæймаг уайтагъд йе ‘ргом раздæхта. Уый сæдæ мин сомы радта сывæллæтты фондæн, фæлæ йæхи раргом кæнын нæ бафæндыд. Æмæ хæрзгæнæджы фæндоны ныхмæ цæуын мæ бон нæу. Зæгъæн ис æрмæстдæр, уый кæй у æцæг патриоты, йæ райгуырæн бæстæйыл æмæ рæзгæ фæлтæрыл йæ зæрдæ кæмæн риссы, ахæм адæймаджы хъуыддаг», – загъта Хицауады Сæрдар.

Тедеты Роланд йæ рады бузныджы ныхæстæ загъта Пухаты Эрикæн йе ‘ххуысы тыххæй æмæ банысан кодта, ахæм хъуыддæгтæ кæй æвзæрын кæнынц иууыл хуыздæр æнкъарæнтæ.

«Алы сывæллоныл сагъæс кæнын у нæ уаз хæс æмæ æнæмæнгхъæуæг, уæлдайдæр ныхас куы цæуа сидзæрыл, кæннод та бынтон æвæгæсæг бинонтыл. Мах æвдисæн стæм хæрзгæнæджы æцæг хъуыддагæн, уый цæуы зæрдæйæ æмæ æнæ хин митæй. Хæрзгæнæгмæ æртывæрæй раздæхынц  йæ хорз хъуыддæгтæ, раст фæзæгъынц – раттæджы къух никуы сафтид вæййы», -загъта Тедеты Роланд.

Уый банысан кодта, фонд æнгом ахастыты кæй ис сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны бæрнджын Козаты Гульнараимæ. Фонд, сæйраджыдæр, бæрæг кæны бынтон æвæгæс бинонты, æмæ уыдонæн фæткмæ гæсгæ æххуыс кæны хос кæныны,  сывæллоны хæрд, дзаума, скъолайон дзаумæттæ балхæныны хъуыддаджы æмæ афтæ дарддæр.

Уæ зæрдыл уын æфтын кæнæм, Республикæйы сывæллæтты фонд кæй сырæзт 2008 азы, Сывæллæтты фондты Æхсæнадæмон ассоциацийы президент, Уæрæсейы сывæллæтты фонды минæвар Лиханов Альберты æххуысæй, уыцы зын уавæры, пырхгонд республикæйы куы хъуыд алыгъуызон хæларадон æххуыс, уæд. Стыр гуырахстæй цыд гуманитарон æххуыс, Уæрæсейы æфсæнвæндаджы æххуысæй уыцы азты дæргъы. Абон нæ уæрæсейаг хæлæрттæ сæ хъус дарынц Хуссар Ирыстоны сывæллæты проблемæтæм. Сæрмагондæй нæм, Уæрæсейаг æфсæнвæндаджы номæй алы аз дæр æрцæуы Воронежы областы æхсæнадон палатæйы уæнг, æхсæнадæмон æхсæнадон проекты координатор æмæ проект «Взывает взорванный Цхинвал»-ы къухдариуæггæнæг Валентина Шумлянская. Уый æххуыс кæны, нæ республикæйы сывæллæтты уагдæттæн, æххуысхъуаг бинонтæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.