ПЫРХ  ЦÆУЫНЦ  ÆНÆЗАКЪОН  АРÆЗТÆДТÆ

Республикæйы цæрджытæ фæстаг 15-20 азы дæргъы æвнæлдтой æнæзакъон арæзтæдтæм. Кæй цы фæндыд, уый арæзта. Горæт байдзаг алыхуызон ларектæй, чысыл дуканитæй,  бæстыхæйттæй, бирæуæладзыгон хæдзæрттыл ныхæст балкæттæй, доны былтыл улæфæн агъуыстытæй. Ахæм арæзтæдтæ сæхгæдтой цæрджыты ахизæнтæ, сфыдуынд кодтой горæты фæлгонц.

Æнæзакъон арæзтæдты ныхмæ йæ рæстæджы тох кæнын райдыдта республикæйы уæды Сæргълæууæг, дзæнæтыбадинаг Æгъуызарты Тамерлан, фæлæ йæ фæндтæ йæ къухы кæронмæ нал бафтыдысты. Ныр уыцы хæс йæ къухмæ райста ныры Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Æнæзакъон арæзтæдты ныхмæ æрæджы ныхас цыд хицауады æмбырды. Уым æрныхас кодтой, куыстытæ цæмæй райдайын хъæуы, уыдонæн сæ хæрдзтыл æмæ æндæр фарстытыл. Фыццаградон куыстытæн уал Цæгат Ирыстоны бюджетæй рахицæн чындæуыд фæрæзты иу хай. Ацы дыууæ бон арæзтадон бригадæтæ æрцæудзысты горæт Урю-пинскæй, кæцыты фæхуыдтой сæрмагондæй уыцы куыстытæ бакæнынмæ.

Æмбырды куыд бауынаффæ кодтой, афтæмæй фыццаджыдæр пырх кæнынмæ бавналдзысты Терчы былыл 12 уæладзыгон æрдæгарæзт хæдзармæ. Уый йæ рæстæджы æнæзакъонæй сарæзта арæзтадон фирмæтæй иу, фæлæ йæ ног хицауад кæронмæ нал бауагъта. Хæдзармæ дзы рады чи слæууыд, уыдонæн се ‘хца бюджетæй фидинаг фæцис. Æмæ лæууы   бæстыхай афтæмæй, хъыгдары æмæ фыдуынд кæны Терчы былгæрæттæ, стæй ма сси æвзæргæнджытæ æмæ наркоманты бынат дæр. Цалдæр хатты та дзы химарыны цаутæ æрцыд.

Наркомантæ æмæ æнæхицау адæмы бынат сси, кæддæр горæты фидауц чи уыд, уыцы Афицерты хæдзар дæр. Ам æрцыд зынгирвæзт дæр. Советон дуджы ахсджиаг объект абон нал хъæуы. Бæстыхай хауы Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрадмæ, фæлæ уыдонæй дæр рохуаты баззад, афтæмæй лæууы цалдæр азы. Ныр нæ разамынды зæрды ис йæ бынаты йын исты ахсджиаг объект саразын.

Ныртæккæ æмбæлон органты къухы цы номхыгъд ис, уым сыхалинаг ис 362 объекты. Куыстытæ куыд цæуой, афтæмæй ма дзы гæнæн ис æмæ ноджыдæр разына. Хисæрмагонд хæдзæртты æмæ коммерцион куыстуæтты æнæзакъон арæзтæдты хицæуттæн дæр цалдæр азы тæрхондæттæ æвзарынц сæ рæстдзинад. Ныр сын æмгъуыд радтой ацы азы кæронмæ. Уæдмæ сæ арæзтæдтæ куынæ фехалой, уæд сæ æмбæлон органтæ нæ сисдзысты, фæлæ ма сæхæдæг та бафиддзысты стыр ивартæ дæр.

Дзæуджыхъæуы администрацийы специалист Касаты  Руслан куыд загъта, афтæмæй исты бæстыхай аразын кæй бафæнда, уый æмбæлгæ документтæ æрбавдисæд администрацимæ. Кæд æмæ закъоныл уа, уæд мæйы æмгъуыдмæ райсдзæн бар. Афтæ чи нæ бакæна, уый та æнæхъуаджы фесафдзæн йæ рæстæг æмæ йæ фæрæзтæ.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.