Адæймаг цас цæры, уыйбæрц цæуылдæрты ахуыр кæны. Æцæг раст у, зæрыбонмæ дæр бонæн диссаг уыны, æмæ йæ мæлæты агъоммæ дæр цæуылдæрты фæдис кæны. Уæдæ йæм æрмæст лæмбынæг дæ хъус дар, æмæ цырддзаст у. Уæд бафиппайдзынæ, адæймаг цалынмæ мæгуыр æмæ æвæгæсæг у, уæдмæ йæ адæм æнцонтæй фæразынц, уымæн æмæ сæ ницы æфсæрм вæййы. Мæгуыр æмæ мæгуыр! Тæригъæд ын кæнынц, æмæ уымæй сæ хæс фыст фæвæййы. Фæлæ дын уыцы адæймаг æваст йæ къахыл куы алæууы, йæ сæрыл куы схæцы æмæ йæхи куы базоны, йæ гæвзыччы пæлæз куы феппары, йæ цагъары хъадамантæ куы атоны, уæд йæ алфæмблай адæмы дисы баппары. Дисы нæ, фæлæ сæ сагъæсы хай фæкæны. Уымæ дæр ничи кæсы, зæгъгæ, йæхиуыл куыд схæцыди! Дзырдтам ма йæ, хицæн адæймаджы хъысмæт куыд ивы, афтæ ивы æнæхъæн адæмты, бæстæйы хъысмæт дæр.

Афтæ рауад, Дунейы бæстæты цæсты раз Уæрæсейы хъысмæт ивын куы райдыдта, уæд. Диссаг та куыднæ у, ныры онг, цалынмæ ма Уæрæсе йæ рæзты фæндагыл фыццаг къахдзæфтæ кодта, уæдмæ ныгуылæйнаг бодзтæ мæнг аудындзинадæй дунейы дзыллæты зæрдæтæ кæй æлхæдтой, уый. Уæд Уæрæсе йæ тыхы мидæг нæма уыд, фæлæ агуырдта йæ размæцыды фæндæгтæ. Æмæ уæд æнцон бауромæн уыди, уыди йæм æнцонлæууæн. Фæлæ рацæй-рабон, æмæ Уæрæсейæн фæзынд тыхджын æмæ дзырд-дзæугæ раздзог. Фыццаг уал ын йæ ныхæстыл худтысты Дунейы алы бæстæты минæвæрттæ. Йæ пресс-конференциты рæстæджы Уæрæсейы Президент пайда кодта уырыссаг классикты уацмыстæй ист цитатæтæй, фæлхатт кодта Остап Бендеры ныхæстæ, æрхаста-иу дунеон классикты уацмыстæй скъуыддзæгтæ, зæгъæм Омар Хайамы поэтикон рæнхъытæ :

Будь мягче к людям, хочешь быть мудрей –

Не делай больно мудростью своей.

Арæх пайда кодта Пушкины хъайтарты ныхæстæй, стæй философты хъуыдытæй. Уымæй дарддæр ма-иу арæх йæ цыргъ ныхæсты фæрцы æрæвæрдта тæпп иу кæнæ иннæ хъаугъайаг фарстыты. Афтæ, иу рæстæджы Германы уæвгæйæ дзырд цыди атомон энергетикæйы фæдыл. Уæд Путин загъта, зæгъгæ, немыц зын бамбарæн сты, газ сæ нæ хъæуы, атомон энергетикæйыл нæ кусынц. «Цæмæй арт кæндзыстут уæдæ, сугтæй? Æмæ сугтæ дæр Сыбыры куы сты?». Тынг худæг фæкастысты уыцы адæммæ йæ ныхæстæ. Уæд уал худгæ кодтой Дунейы бæстæты минæвæрттæ. Рацыд рæстæг, æмæ сæ худынмæ нал æвдæлд. Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ куы æрывæрдæуыд æмæ Уæрæсе йæхи хъомыс куы райтынг кодта, уæд бамбæрстой, «ацы къахдзæфæн ахадындзинад нæй», зæгъгæ. Фæлæ иугæр ацы бæлæгъы сбадтысты, уæд сæ рахизын нал фæнды. Быцæу чи æрæфтыдта, уыдон æй хъуамæ кæронмæ ахæццæ кæной. Афтæ куынæ уа, уæд фегад уыдзысты. Æмæ æнæуый дæр абоны бонмæ цы фæндагыл цыдысты, цы прогрессивон хæрв дардтой, уый ныллæзæрд, ныскъуыдтæ ис ныгуылæйнаг иудзинады иумæйаг пæлæз дæр, æмæ йæ истæмæйты хъæуы бампъузын. Уый тыххæй абон бирæ дзырд цæуы «гæдыйы марды» фæдыл. Ома, исчитæ куы бадой æмæ сæ цардыл куы сагъæс кæной, уæд сын сæ размæ баппар гæдыйы мард. Уыдонæй æппæтдæр айрох уыдзæн æмæ хъæр райдайдзысты: «Мæнæма, гæдыйы мард!». Раст ахæм хуызы дунейы «хъомысджынтæ» пайда кæнынц Уæрæсеимæ сæ ахастытæй. Цæмæй æнусты дæргъы цы зондамынд æмæ иделогийæ пайда кодтой, уый згъуыдтæ сын мачи фена, уый тыххæй амонынц Уæрæсейы æрдæм, дунейы адæмтæн сæ тыхæйисæджы хуызы æвдисгæйæ. Фæлæ абоны бон тынг цуды сæ иудзинад.

Ныртæккæ ИНО-йы бæстæтæй бирæтæй æрвитынц уæрæсейаг дипломатты. Уыдон сты Герман, Франц, Итали, Испани, Польшæ, Румыни, Хорвати, Чехи, Дани,Нидерланд, Финлянди, Латви, Литва, Эстони, Гуырдзыстон, Украинæ, Молдовæ, Венгри, Ирланди, Белгийы бæстæтæ. Австри, Турк æмæ Кипр ууыл разы не сты. Словаки дæр ацы къахдзæф саразыныл разы нæу. Уæдæ бæлвырд нæу, дарддæр уавæр куыд ивдзæн, уый дæр, уымæн æмæ уæрæсейаг дипломатты рарвитыныл нырма бирæ бæстæтæ не сты разы. Уæлдæр ранымад бæстæтæн та сæ хъуыды иумæйаг кæй у, уый диссаг нæу, уымæн æмæ сæ иугонд организацийы уагæвæрд уыдон хæсджын кæны, цæмæй алы къахдзæф дæр аразой иумæйагæй. Куыд уынæм, афтæмæй Уæрæсейы ныхмæ хъаугъайæ рахауд, цы иудзинады дыргъ сын нæ фаг кодта, уый, фæлæ цымæ ацы «иудзинад» цæмæ æркæндзæн, ууыл ахъуыды кæныны рæстæг та кæд æр-цæудзæн? Ныртæккæ уал зындгонд политологтæ фæдисхъæр кæнынц æмæ дзурынц, рагзаманты-иу ахæм ныхмæлæуд хорзæй кæй ницæмæ æркодта. Уый-иу фыдбылызтæ æрхаста сæйраджыдæр Уæрæсейы ныхмæ дунейы æмæхсæнады чи ардыдта, уыдонæн…

Афтæ, уæдæ, ныр бæрæг у, цас хуыздæр у дæлдзиныгæй цæрын! Уæрæсейы размæцыд кæй хъыгдары, уыдон абон сæхæдæг сæхиуыл комдзог рацыдысты. Ацы мæнг дунейы цы мæнг хъуыддæгтæ цæуы, уыдонæй иууыл стырдæр мæнгдзинад абон нæхи цæстытæй уынæм. Уый у, дунейы хибакæныныл тохы сæраппонд адæмты цард æмæ амонд æрхæссынмæ чи хъавы, уыдон мæнгдзинад. Фæлæ дунейы  раст  хъуыдыгæнæг  адæм нæма сдардтой сæ сæртæ, нæма загътой сæ ныхас. Фæстаг ныхасы бар та уыдон вæййы кæддæриддæр…

Годжыцаты Нели

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.