Цæгат Ирыстоны бацæттæ кодтой уæлæмхасæн «Глаголица», амынд уæлæмхасæнмæ хаст æрцыд Уæрæсейы адæмты 30 æвзагмæ тæлмацгонд, уыимæ ирон æвзагмæ дæр, 100 æмбисонды æмæ загъдауы бæрц.

Æмбисæндты текст лæвæрд цæуы дыууæ æвзагыл: уырыссаг æмæ мадæлон æвзагыл, уæлæмхасæны иллюстрацитæ æххæстгонд æрцыдысты иу кæнæ иннæ адæмы национ колорит хынцгæйæ. Профессионалон диктортæ сдзурын кодтой 100 æмбисонды æмæ загъдауы бæрц. Уæлæмхасæны сæйраг нысан у фæсивæды сæ историмæ бацымыдис кæнын.

«Ныртæккæ фæсивæд сæ адæмы культурон уидæгтæй адард сты. Уымæй уæлдай мæм уыд идейæ, цæмæй æппæт адæмтæ кæрæдзиимæ æмархайд кæной», – зæгъы проекты автор Куыдаты Азæмæт. Уæлæмхасæны ис ирон, уырыссаг, абазинаг, солиаг, адыгейаг, балхъайраг, башкираг, бурятаг, даргинаг, мæхъæлон, кæсгон, хъазахъхъаг, хъалмыхъхъаг, хъæрæсейаг, карелаг, хъырымы тæтæйрæгты, хъуымыхъхъаг, лекъаг, марийаг, мокшайаг, ногъайаг, тæтæйраг, тавинаг, удмуртаг, хакасиаг, черкесаг, цæцæйнаг, чувашаг æмæ якутаг æмбисæндтæ æмæ загъдаутæ. «Мах равзæрстам æппæты цымыдисагдæр æмæ арфмидисджындæр æмбисæндтæ», – бамбарын кодта проекты автор.​ Нæ ныхасмæ ма бафтауæм, уæлæмхасæн «Глаголица» лæвары хуызы сæвæрæн ис цавæрфæнды IOS æмæ Android мобилон фæрæзыл.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.