13-æм ноябры информацион агентад «Спутник – Хуссар-Ирыстон»-ы пресс-центры сывæллæтты хæрзаудæн фонд «Подари Крылья»-йы президент Цхуырбаты Татьянæ æмæ Цхинвалы ногсырæзгæ коррекцион къласы специалист Къусраты Ингæйæн уыд пресс-конференци, цыран уыдон æрдзырдтой сæ хæрзаудæн куысты тыххæй.  Мадзалы ма семæ хайад райста коррекцион къласы ахуыргæнинæгтæй сæ иуы ныййарæг Багаты Витæ. Пресс-конференци сæйраджыдæр уагъд æрцыдис Зæрдæхæлардзинады æппæтдунеон боны цытæн.

Сывæллæтты хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы президент Цхуырбаты Татьянæйы ныхæстæм гæсгæ, кæд искуы Хуссар Ирыстоны массон æгъдауæй райдайой нысан кæнын Зæрдæхæлардзинады бон, уæд нæ адæмы хорз ахаст кæрæдзимæ ноджы хуыздæрæй хуыздæр кæндзæнис. «Ахæм бæрæгбон у тынг хорз бæрæгбон, кæцы уæлдай хатт адæймаджы зæрдæмæ бауадзы хæрзиуæгон, гуманон хъуыдытæ. Мах-иу уæд уæлдай хатт ахъуыды кæниккам хорздзинад саразыныл, не ‘ххуысы сæр-иу кæй бахъæуа, уыдонæн-иу уаиккам ныфс. Искæмæн хорз саразын у стыр хъуыддаг æмæ мах дæр архайæм ууыл, цæмæй йын уа фæстиуджытæ», – зæгъы Цхуырбаты чызг.

Цхуырбаты Татьянæ цы хæрзаудæн фондæн сæрдариуæг кæны, уый ныр кусы цалдæр азы бæрц. Фондмæ чи бахаты, уыцы тыхст æмæ æххуысагур бинонтæн сæ рын-чынтæн бакæнынц, сæ бон куыд æмæ цас вæййы, ахæм æххуыс. Ивгъуыд аз та хæрзаудæн организацийы хъæппæрисæй Цхинвалы баконд æрцыдис коррекцион кълас.

«Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, архайæм, нæ бон куыд у, афтæ. Фæлæ нæ хъæуы паддзахады æрдыгæй æххуыс. Æрмæст спонсорты æххуысæй хъуыддаг дард нæ ацæудзæнис. Куыд ма йæ дзырдтон, афтæмæй махæн стыр æххуыс кæны нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли. Нæ фарсмæ æрбалæууынц æмæ нæм се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнынц бирæ амалиуæггæнджытæ, хицæн адæймæгтæ. Цы финансон фæрæзтæ нæм æрбацæуынц, уыдон нысанмæздæхтæй хардз æрцæуынц æххуысагур рынчынтæн. Бузныг Хуыцауæн, фæстаг рæстæджы нæм уæззау рынчынтæ нал æрбахатыдысты æмæ уый хорз хъуыддаг у», – банысан кодта Цхуырбаты Татьянæ.

Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй коррекцион кълас конд æрцыдис ныййар-джыты домæнмæ гæсгæ. Хъуыддаг хорз æмбаргæйæ, фонды кусджытæ бацархайд-той, цæмæй нæ горæты баконд æрцыдаид коррекцион кълас. Стыр бæрндзинад кæй хастой, уымæ гæсгæ йæ бакæныныл бахъуыдысты бирæ рæстæг, æмæ йæ бакон-дæй та кълас байдзаг уайтагъд. Ам сывæллæттимæ кусы æрыгон специалист, психо-лог æмæ тынг хорз адæймаг Къусраты Ингæ, кæцы каст фæцис Тыбылты Алык-сандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты психологийы факуль-тет. Райгонд дзы сты ныййарджытæ.

Цхуырбаты Татьянæ куыд банысан кодта, афтæмæй ацы коррекцион къласæн иу-миагæй сисгæйæ ис хорз фæстиуджытæ. Фæлæ, хъыгагæн, ныртæккæ сæ бон нæу къласмæ фылдæр сывæллæттæ райсын, уымæн æмæ фондмæ нæй уыцы фæрæзтæ, цæмæй цалдæр ахуыргæнæгæн фидой куысты мызд. «Специалистты цухдзинад кæй æййафæм, уый тыххæй махæн нæ бон нæу бирæ сывæллæтты райсын. Фæлæ цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Мæн уырны уый, æмæ сомбон нæ проблемæ æвæрццагæй скъуыддзаг кæй æрцæудзæнис», – загъта Цхуырбаты чызг. 

Ныййарæг Багаты Витæ пресс-конференцийы куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ коррекцион къласы архайд дæтты хорз фæстиуджытæ æмæ сæ у райгонд. Багианы ныфс фыццаг хатт бауагъта Цæгат Ирыстоны Уæлладжыры комы уæвæг сылгой-мæгты моладзандон. Ам уый райста духовон æххуыс, æхцондзинад. «Моладзандоны сывæллæттимæ дзырдтой хъæзтыты хуызы, бамбæрстой-иу алцыдæр. Мæнæн мæ сывæллон дæс бонмæ райдыдта хъуыдыйæдтæ дзурын иугай дзырдты бæсты. Уый уыдис æцæг диссаг. Махæн нæ сывæллæтты æнтыстытæ кæддæриддæр сты тынг æхсызгон æмæ стыр ныфс», – зæгъы ныййарæг. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, хъуамæ ныййарджытæй, хиуæттæй дарддæр ахæм рынчын сывæллæтты фарсмæ кæддæриддæр уа æхсæнад. «Сывæллæттæн хъæуы баххуыс кæнын уымæй, цæмæй ма тæрсой æхсæнадмæ хизын. Уыдонæн сæйраг у, цæмæй сæм зулмæ ма кæсой се ‘мгæрттæ æмæ сæм уа æмбæлон ахаст. Уый тыххæй ныййарджытæн хъуамæ уа иудзинад æмæ скъолаты та ахуыргæнинæгтæн амониккой, рынчын сывæллæттæм зæрдæхæлар ахаст кæй хъæуы дарын, кæй сын хъæуы æххуыс кæнын. Цас фылдæр уарзондзинад тауай ахæм сывæллæттыл, уас æнцондæрæй райхæлынц. Уыдон сты æнæхин æмæ сыгъдæгзæрдæтæ. Мæ сывæллоны тыххæй мæхæдæг дæр сдæн æндæр адæймаг. Цард вазыгджын у æмæ хъæуы ахæм рæстæджыты кæрæдзийы фарсмæ балæууын», – зæгъы Багаты Витæ.

Къусраты Ингæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы проблемæты сæйраг аххосаг хæст уыдис. Уый ма куыд радзырдта, афтæмæй сæ ахуыртæ цæуынц индивидуалонæй. Райдайынц хъæзтытæй æмæ сæ райхæ-лынц сывæллæттæ. Уый фæстæ рахизынц сæ ахуырмæ. Специалист куыд зæгъы, афтæмæй ахæм сывæллæттимæ кусын у тынг зын, фыццаджыдæр, эмоционалонæй. Ингæйы хъуыдымæ гæсгæ, фаг нæу йæ куыст, сывæллæтты ма хъæуы æндæр специалисттæ дæр – логопед, дефектолог.

Коррекцион кълас ифтонг у сæрмагонд ифтонггæрзтæй, кусæн æрмæг сын ивд цæуы æппынæдзух. Уый тыххæй сын финансон æххуыс бакæнынц спонсортæ.

Цхуырбаты Татьянæ ма куыд загъта, афтæмæй сæ фæнды, цæмæй рауæрæхгонд æрцæуа коррекцион кълас, бакæной дзы сфæлдыстадон æрмадзтæ, цæмæй æнæхъæн бон сæхи ирхæфсой сфæлдыстадон куысты. «Фæнды нæ, цæмæй нын уа чысыл дукани, цыран уæй цæуиккой сывæллæтты куыстытæ», – зæгъы Татьянæ.

Хæрзаудæн фонд «Подари крылья» ма Мæскуыйæ фæхуыдта коррекцион психолог æмæ логопед, кæцытæн сæ куысты фæлтæрддзинад ахъаз уыдзæнис коррекцион къласы специалисттæн, сахуыр сæ кæндзысты, сывæллæттимæ куыд растдæр хъæуы кусын, цæмæй сæ иумиаг хъуыддагæн уа хорз фæстиуджытæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.