Хуссар Ирыстоны Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын Цхуырбаты Татьянæйæ йæ пресс-конференцийы рæстæджы куыд банысан кодта, афтæмæй нырма цалдæр боны йедтæмæ нæ кусы йæ ног бынаты æмæ уал нырма хъуамæ базонгæ уа, цы  документаци баййæфта, уыимæ.

«Сахуыр кæнын æмæ бæстон базонын хъæуы куысты спецификæ, лæмбынæг сахуыр кæнын хъæуы æнæаскъуыддзаггонд фарстатæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй бирæ проблемæтæ ис аскъуыддзагкæнинаг, бирæ куырдиæттæ ис ныййарджыты æрдыгæй, цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй. Абоны онг уал цы куырдиæттæ æмæ проблемæтæ ис, архайдзынæн уыдон аскъуыддзаг кæныныл. Перспективæйы мæм ис  ахæм фæндон, цæмæй  уал бынаты бабæрæг кæнон, цы уагдæттæ мæм хауы, уыдон: Ленингоры сывæллæтты хæдзар, Дзауы скъола-интернат, Цхинвалы скъола-интернат, Знауыры районы сывæллæтты уагдæтты. Цы проблемæтæ сæм ис, уыдоны сахуыр кæныны фæстæ архайдзынæн сæ аскъуыддзаг кæныныл», – радзырдта омбудсмен.

«Республикæйы сывæллæтты барты фæдыл куыстыты гуырахст тынг стыр у, ног проекттæ æмæ плантæ, сæрмагонд хъусдард дардзынæн æнахъомты бартæ хъахъхъæнынмæ. Республикæйы бирæ ис сывæллæтты категоритæ, кæцытимæ хъæуы кусын. Уыдон сты сидзæртæ æмæ инвалидтæ, ахæмтæ, кæцыты хъæуы хистæрты æххуыс», – банысан кодта Цхуырбаты Татьянæ.

Омбудсмен куыд банысан кодта, афтæмæй Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджынæн ис уагæвæрд, цыран нысан сты йæ бартæ, цы хæстæ йæм хауынц æмæ цы хъуамæ араза сæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй, æппæт уыдæттæ.

«Проблемæтæ скъуыддзаг кæныныл разы куынæ уой чиновниктæ, уæд спайда кæндзыстæм уыцы уагæвæрдæй. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ нын ницы проблемæ уыдзæн чиновникты æрдыгæй», – загъта Цхуырбиан.

 «Мæн фæнды базонын сывæллæтты хъуыдытæ,  цы сæ фæнды, сæ фидæн куыд уынынц, æппæт уыдæттæ. Æвæццæгæн, ног къуыри æрæмбырд кæндзыстæм сывæллæтты совет, семæ базонгæ уыдзынæн, ратдзæн сын хæслæвæрдтæ. Афтæ мæм кæсы, æмæ уыдон дæр исты цымыдисон фæндæттæ бахæсдзысты, афтæмæй кусдзыстæм сывæллæттимæ. Мæн тынг фæнды, цæмæй сывæллæттæ дæр хайад исой  омбудсмены куысты», – загъта Цхуырбаты чызг.

Бæрæг куыд у, афтæмæй алы бæстæйы дæр, уыцы нымæцы хъæздыг бæстæты дæр бирæсывæл-лонджын бинонтæн вæййы проблемæтæ, кæд сæ паддзахад æнæхъусдард нæ уадзы, уæддæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, проблемæтæ ис Хуссар Ирыстоны бирæсывæллонджын бинонтæй кæмæндæрты. Цæмæй уыцы проблемæ скъуыддзаг æрцæуа, уый тыххæй, æвæццæгæн, хуыздæр уаид, цæмæй Президенты барамынд ма хъæуа, фæлæ закъоны нысан æрцæуа, бирæсывæллонджын бинонтæм цы æмбæлы, уый. Уымæй фæрогдæр уыдзæн бæстæ-йы сæргълæууæджы куыст дæр.

 Ацы фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй Сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын банысан кодта, зæгъгæ, хорз уаид закъондæттынады æмвæзадыл скъуыддзаг куы цæуиккой бирæсывæллонджын бинонты проблемæтæ, уыдон сæ бартæ куы зониккой, уый. Уыцы хъуыддаг ахъаз уаид республикæйы социалон рæзтæн дæр.

«Ис уагæвæрд бирæсывæллонджын бинонты хатырты тыххæй, цыран нысан æрцыдысты, цыппар кæнæ фылдæр сывæллонджын бинонтæн цы хатыртæ ис, уыдон. Ацы проблемæйы тыххæй кус-дзыстæм, ацы фарст республикæйы къухдариуæгады размæ рахæсдзынæн æмæ абон уа, æви – сом, уæддæр исты хатдзæгмæ æрцæудзыстæм», – банысан кодта Цхуырбаты Татьянæ æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, æххуыс кæнын хъæуы æрмæст цыппар æмæ фылдæр сывæллонджын бинонтæн нæ, фæлæ æртæ сывæллонджын бинонтæн дæр.

Омбудсмен радзырдта, кæй бæллы, цæмæй Хуссар Ирыстоны арæзт æрцæуа сывæллæтты реабилитацион центр.

«Бирæ ныййарджытæ сæ рынчын сывæллæтты акæнынц республикæйæн æддæмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый сын зын вæййы. Ирыстон хæхбæстæ у æмæ нæм  бæхтæ кæй ис,  уый бахынцгæйæ, мæ фæнды, цæмæй Хуссар Ирыстоны рынчын сывæллæттæ пайда кæной ипотерапияйæ. Уый тынг ахъаз уаид сывæллæтты размæцыд æмæ æнæниздзинад фæхуыздæр кæнынæн», –  банысан кодта Цхуырбиан.

Сывæллæтты фыдракæндты тыххæй та Цхуырбиан радзырдта, зæгъгæ, «абоны онг профилактикон дисциплинæйы фæдыл хыгъды лæууынц 11 сывæллоны, кæцытæ сарæзтой чысыл бархалынæдтæ. Уыимæ ма нæм ис 26 зыгъуыммæ фæндагыл лæуд бинонтæ,  кæцытимæ, æнæмæнгæй,  хъæуы кусын. Хуыцауы фæрцы нæм нæй сывæллæтты наркомани, фæлæ мæ зæрдæмæ нæ цæуы сывæллæттæн электронон сигареттæ æмæ алыгъуызон æнæзакъонон  хостæ кæй уæй кæнынц, уый».

Омбудсмен радзырдта виртуалон тыгъдад æмæ цифрæйон технологитæ сывæллæты психикæйыл куыд æндавынц æмæ сæ аиуварс кæнынæн цы хъæуы, уыдæтты тыххæй дæр.

«Куыд æппæт дунейы, афтæ Уæрæсейы Федерацийы дæр бæрæг фæкъаддæр сты, кæнæ та бынтондæр æхгæд æрцыдысты, сывæллæттæн зиан чи хæссы, ахæм информаци æмæ виртуалон хъæзтытæ. Фæлæ  махмæ нырма нæй ахæм технологитæ. Зонын æй, сывæллæттæ тынг сты цифрæйон технологиты æндæвдады бын. Хорз уаид, уыцы фæрæзтæ Хуссар Ирыстоны дæр æхгæд куы æрцæуиккой, уæд сывæллæтты хъуыдыкæнынад бирæ фæхуыздæр уаит. Сывæллæттæй бирæтæн зын вæййы, цы виртуалон хъазтæй хъазыд, уымæй рахизын. Нал æй фембарынц, виртуалон тыгъдады ис, æви – реалон. Уыцы хъæзтыты дæр æмæ цы ин-формаци фæрсынц, уым дæр бирæ агресси ис. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æвзæрæрдæм æндавы сывæллæтты психикæйыл», – бамбарын кодта Цхуырбаты Татьянæ. 

Цхуырбиан банысан кодта, йæ дарддæры куыстæн ахъаз цы программæ уыдзæн, уый саразын. Радзырдта ма, Уæрæсейы Федерацийы регионты, иууыл фыццаг та Цæгат Ирыстоны омбудсментимæ йæ кæй фæнды базонгæ уæвын æмæ  семæ æмархайд кæнын.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æндæр бæстæтимæ абаргæйæ, Республикæ  Хуссар Ирыстоны хуыздæр у сывæллæтты барты уавæр, фæлæ нæм ис, цæуыл кусын хъæуы, уый.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.